Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æфсæддон æмгуыстады хъуыддаджы сгуыхтдзинæдты тыххæй Гаглойты Алан Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодта Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады минæвар Олег Шлычковы, афтæ ма «Хуссар Ирыстоны сабырад хъахъхъæныны службæйы тыххæй» майданæй хорзæхджын æрцыд 106-æм эксперименталон оптико-механикон заводы генералон директор Алексей Сидоров.

«Нæ бæстæйы хъахъхъæнæн ведомствоты ‘хсæн æххæст цæуы æнгом æмархайд æппæт здæхтыты фæдыл. Æнтыстджынæй реализаци цæуынц æхсæнпаддзахадон бадзырдтæ æмæ сразыдзинæдтæ, кæцытæ здæхт сты Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны æппæт фарстатæм», – загъта Гаглойты Алан, æмæ ныфс бавæрдта дарддæры æнтыстджын куысты тыххæй.

«Уæрæсейы Федераци махæн алыварсонæй æххуыс кæны, кæцыйы фæрцы Хуссар Ирыстон рæзы фæд-фæдылонæй», – банысан ма кодта президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.