Донбассы цæрджыты нацисттæй ссæрибар кæныны охыл Уæрæсейы Федераци цы сæрмагонд операци уадзы, уым Хуссар Ирыстон исы активон хайад. Нацизм скуынæг кæнын æнæмæнг хъуыддаг у, уымæн æмæ гæнæн ис, сом æрхæццæ уа нæ бæстæмæ дæр. Уымæ гæсгæ нæ иумиаг тыхтæ ныртæккæ здæхт сты ацы операцимæ. Хъыгагæн, ныхмæлæууынад æнæ уды зиан нæ вæййы. Нæ чысыл Ирыстон дæр æвзары уæззау рæстæг уыцы хъуыддаджы – нæ хуыздæр, цардмондаг лæппуты зиæнттæ махæн уæззау трагеди сты алкæмæндæр, уымæн æмæ æппæт уыцы уæззау, тæригъæд чи нæ зоны, уыцы мæлæтхæссæг цалх атылд махыл дæр – зонæм цы у хæст æмæ цахæм сты йæ фæстиуджытæ…

Хуссар Ирыстонæй Донбассы цæрджыты бахъахъхъæнынмæ цы лæппутæ ацыд æмæ цæуы, уыдонæй чи йæ комкоммæ хæстæ, чи та йæ уд æмæ зæрдæйы хъæрмæ гæсгæ зонынц, цы у хæст æмæ кæдæм цæуынц – фæлæ хъæуы, мах цы хæстон æмæ æбæрæгдзинады уавæрты цардыстæм дæргъвæтин азты, уый хынцгæйæ.

Хуссарирыстойнаг бархионтæй Донбассы цæрджыты бахъахъхъæныны сæрмагонд операцийы хайад чи иста, уыдон хорзæхджын æрцыдысты Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты паддзахадон хорзæхтæй, хъыгагæн, бирæтæ сæ амæлæты фæстæ. Мадзал сорганизаци кодта Хуссар Ирыстоны Æхсæнадон палатæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Æхсæнадон палатæ йæ ахастытæ рæзын кæны Донецк æмæ Луганскæй дарддæр æндæр республикæтимæ дæр. Хуссар Ирыстоны бархионтæ суанг 2014 азæй фæстæмæ хайад исынц ацы бæстæты сæрибардзинады сæрыл тохты. Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстон у фыццаг паддзахад, кæцы банымадта ацы дыууæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад. Æмæ уæдæй фæстæмæ ацы бæстæтимæ кæны активон æмархайд алы здæх-ты дæр.

Мадзалы хайад райстой бархионтæ æмæ сæ æввахс хиуæттæ.

 

Ирæттæ сты фыццаг рæнхъыты

Хуссар Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы сæрдар Куыдзеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ Донецк æмæ Луганскы æнгæс палатæты минæвæрттæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрцыдысты, уæд банысан кодтой Донбассы хуссарирыстойнаг бархионты хъæбатырдзинад.

Æхсæнадон палатæйы сæрдары ныхæстæм гæсгæ, бæрæг куыд у, афтæмæй ирæттæ цыфæнды операцийы рæстæджы дæр сты фыццаг рæнхъыты, хайад исынц иууыл вазыгджындæр æфсæддон операциты. Фæлæ нæ национ хæдæфсармдзинадмæ гæсгæ сæхи не ‘вдисынц æмæ не стауынц.

Сергей куыд загъта, афтæмæй бацæттæ кодтой уыцы операцийы хайадисджыты номхыгъдтæ æмæ сæ адæттой Донецк æмæ Луганскмæ сæ коллегæтæм.

Сергейы ныхæстæм гæсгæ номхыгъдты бирæ лæппутæ ис, фæлæ сæм сæ хорзæхтæ фæхæццæ кæныны хъуыддаг уагъд цæудзæн этапгай. Донбасс нацисттæй ссæрибар кæныны рæстæджы цы хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад æвдисынц, уый тыххæй дарддæр цæудзысты хорзæхджын.

«Нæ хъуыдыйы ма ис æмæ куыст цæуы ахæм фарстыл дæр, цæмæй иу лæппуйæн бахæс æрцæуа æмæ йæ хъус дара бархионтæм æмæ сæ хиуæттæ уый руаджы информаци исой, куыд æмæ кæм сты, уый тыххæй», – банысан кодта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сын хуссарирыстойнаг бархионты схорзæхджын кæныны хъуыддаджы стыр æххуыс бакодтой: Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы депутат Сергей Ковальчук, Донецкы Хæст, куыст æмæ барадхъахъхъæнæг органты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Александр Дьяков, Сауденджызон хъазахъхъæгты атаман, Абхазы респу-бликæйы Æхсæнадон палатæйы уæнг Вадим Мироненко, Донецкы Адæмон Советы депутаты æххуысгæнæг, Хæст, куыст æмæ барадхъахъхъæнæг органты хъуыддæгты фæдыл комитеты æххæстбарджын минæвар, Донецкы ирон диаспорæйы сæргълæууæг Бæззаты Еленæ æмæ Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты Æхсæнадон палатæты сæргълæуджытæ Алексей Карякин æмæ Александр Кофман.

Куыдзеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ ранымайгæ гоймæгтæ æппæтдæр сарæзтой, цæмæй хорзæхтæ фæхæццæ уой хъайтартæм. Алексей Карякин уыд фыццаг, кæцы фæндон бахаста, цæмæй хорзæхджын æрцæуой хуссарирыстойнаг лæппутæ, уымæн æмæ уыдон, æцæгæйдæр, æвдисынц хъайтардзинады дæнцæгтæ æмæ сты уый аккаг.

Чернухино – Дебальцевойы операцийы цы хъæбатырдзинад равдыстой нæ бархионтæ, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдысты «Защитнику Донбасса»-йæ, «За отвагу» æмæ  Георгиаг дзуарæй. Уыдоны ‘хсæн уыд Дыгъуызты Роланд. Роланд Донбассы ис 2014 азæй фæстæмæ, фылдæр æй не ‘мбæстæгтæ зонынц «Укроп» номæй.

Хуыбылты Таймураз, Мамиты Михаил, Бестауты Таймураз, Æлборты Азæмæт æмæ Бицойты Сергей, хъыгагæн, хорзæхджын æрцыдысты сæ амæлæты фæстæ. Хорзæхтæ лæвæрд æрцыдысты сæ хиуæттæм.

Донбассы хъахъхъæнгæйæ йæ цард чи рауæлдай кодта æмæ сæрæгасæй чи нал рыздæхт йæ уæзæгмæ, уыдон нæмттæ мадзалы хайадисджытæ ссардтой æмырæй алæугæйæ.

 

Зын у тохы быдырæй хъæбулмæ æнхъæлмæ кæсын

1989 азæй 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон архæйдтыты руаджы чи фæсахъатджын, уыдон фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ Донбассы зæххыл сабырады охыл чи тох кæнынц, уыцы хуссарирыстойнаг бархионты нæмттæ махæй рох никуы уыдзысты. Мах, зæгъгæ, хорз æмбарæм ацы бæстæты цæрджыты, уымæн æмæ нæхæдæг дæр рацыдыстæм уыцы фæндæгтыл, бавзæрстам хæст нæ сыхæгты фарсæрдыгæй.

«Хуссар Ирыстоны адæм дæр рахызтысты уæззау фæлварæнты сæрты – пырхæнтæ, æххормагдзинад, блокадæ… уымæ гæсгæ Донецк æмæ Луганскы рыст нæ рыст у. Нæ лæппутæ ныууагътой сæ бинонты, сæ хæдзæртты æмæ ацыдысты сабыр цæрджыты неонацисттæй фервæзын кæнынмæ.

Уый тыххæй уын дзурын стыр бузныг. Бузныг дзурын уæ ныййарджытæн, кæцытæ схъомыл кодтой ахæм ныфсхаст лæппуты æрмæст нæ Ирыстонæн нæ, фæлæ ма уымæй дарддæр бæстæтæн дæр. Уыдонæн зын æмæ уæззау у сæ хъæбултæм æнхъæлмæ кæсын, зæрдæхсайгæ сты æхсæвæй бонæй – тохы быдыры куыд сты сæ хъæбултæ… Сæйраг у, цæмæй æрæздæхой æнæниз æмæ сæрæгасæй.

Мæн дисы æппары уæ уæздандзинад, æмæ уыцы хæсты тæссагдзинæдтæ чи федта, уымæ нæкæсгæйæ уæддæр стут хиуылхæцгæ», – дзырдта фонды сæргълæууæг.

Æмæ раст у, хъайтардзинад ирон адæмæн никуы уыдис сæрыстырдзинады нысан. Хæствæллад лæппутæ мадзалы рæстæджы бадтысты сæркъулæй, цыма сæхи нымадтой аххосджыныл, сæ æмтохгæнæг хæстон æмбæлтты цард кæй нæ бахъахъхъæдтой æмæ сæрæгасæй кæй нал æрхæццæ сты сæ райгуырæн уæзæгмæ, уый тыххæй.

Зæххыл уæд сабырад æмæ кæрæдзи æмбарындзинад, уадз æмæ сабыр цардарæзтады цæуæд хорзæхджын æрмæст не ‘мбæстæгтæ нæ, фæлæ æппæт зæххы къорийы адæм. Хæст хæст у, æмæ йæ амæттæгтæ зын æмæ уæззау сты нæ чысыл æмæ æфхæрд Ирыстонæн. Фæлæ нацизм куынæ скуынæг кæнæм, уæд цард йæ гаччы не ‘рбаддзæн, куыд æмбæлы, афтæ.

                        КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.