Хуссар Ирыстонмæ Фидауынгæнæг тыхты æрбакондыл 31 азы сæххæсты боны  цытæн знон Президент Гаглойты Алан дидинджытæ сæвæрдта Фидауынгæнæг тыхты номыл стелæйы раз. Мысæн мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ йæ Сæрдар Æлборты Аланы сæргълæудæй, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Республикæ Хуссар Ирыстоны раздæры Президент Тыбылты Леонид, министрадтæ æмæ уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æмæ фидауынгæ-нæг тыхты раздæры службæгæнджытæ.

Службæйы рæстæг мысгæйæ

– Ацы нысаниуæгджын бон мæн фæнды зæгъын, Хуссар Ирыстоны уыцы миссийы æххæстгæнджытæ егъау фæд кæй ныууагътой Ирыстоны ногдæр историйы, уый.  Махæй алчидæр стыр хайбавæрд бахаста райгуырæн зæххмæ сабыр цард æрхæссыны хъуыддагмæ. Алчидæр махæй йæ разы хæс æрæвæрдта, цæмæй нæ республикæйы уа сабырад, æмæ уыцы нысан æххæст дæр æрцыд. Фидауынгæнджыты рæнхъыты службæгæнгæйæ, махæй алчидæр йæхицæн снысан кодта, зæгъгæ, кæм фæнды ма уæм –  фидауынгæнæджы миссийы намыс бæрзонд хæсдзыстæм. Иууыл ахсджиагдæр хæс фидауынгæнджытæн уыд, хуссарирыстойнаг æмбæстæгты колоннæтæ гуырдзиаг хъæутыл  хизын кодтаиккам, афтæ ма æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæнын. Уæлдай егъау хъару равдыстой гуырдзиаг хъæутæм æввахс чи лæууыд, уыдон. Уымæн æмæ уыцы хъæуты цæрджытæ фидауынгæнæг тыхты, уæлдайдæр та ирон батальоны службæгæнджыты фæрцы, æдасæй æрæздæхтысты сæ райгуырæн уæзæгмæ. Уыдоны фæрцы уыцы хъæутæ сæндидзыдтой æмæ сæ абон царды цалх размæ тулы.

Рох кæнын нæ хъæуы уый дæр, æмæ 2008 азы хæстон архайдтыты рæстæджы знаджы фыццаг цæф сæхиуыл кæй бавзæрстой фидауынгæнджытæ. Хъыгагæн, се ‘хсæн уыд уды зиæнттæ дæр.  1992 азæй абоны онг чи фæхъуыд  нæ рæнхъытæй, уыдоны рухс нæмттæ ни-куы ферох кæндзыстæм. Иннæтæн та æгæрон æнæниздзинад сæ уæнгты уæд, – радзырдта  йæ мысинæгтæ фидауынгæнæг тыхты раздæры службæгæнæг Æрсойты Нодар.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.