Ног ахуыры азыл цин кæны Ирыстон

Хуссар Ирыстоны скъоладзаутæн 5 сентябры райдыдта ног ахуыры аз æмæ сын уый тыххæй зæрдиаг арфæтæ кодтой ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ нæ республикæйы къухдариуæгад.

5-æм сентябры иумæйагахуырадон скъолаты, æмткæй ахуыргæнæндæтты цытджын æгъдауæй айзæлыдысты традицион фыццаг дзæнгæрæджы зæлтæ. Ног, 2023-2024 ахуыры азы райдианы Хуссар Ирыстоны скъолатæм бацыдис 600-йæ чысыл фылдæр фыццагкъласоны æмæ сыл сæ ахуыргæнджытæ скъолаты къæсæртыл æмбæлдысты арфæтæ æмæ цины æнкъарæнтимæ. Хъыгагæн, ивгъуыд азимæ абаргæйæ къаддæр сты, фæлæ Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан йæ брифингы рæстæджы куыд банысан кодта, афтæмæй ацы мæйы дæргъы, гæнæн ис, æмæ сæ нымæц фæфылдæр уа. Уый практикон æгъдауæй, кæддæриддæр, вæййы афтæ.

Куыд æндæр азты, афтæ та ныр дæр нæ бæстæйы скъолаты бæрæгбонон мадзæлттæ байгом сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гимны зæлтæй, республикæйы паддзахадон тырыса бæрзонд сисыны цытджын церемонийæ æмæ линейкæйы ралæудтытæй. Ацы хъуыддаг фыццаг-къласонтæ сæ зæрдыл цæрæнбонтæм кæй бадардзысты, уый дызæрдыггаг нæу, уымæн æмæ ахуыргæнджытæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй сæ хъомылгæнинæгтæн радзурой æмæ сын бацамоной сæ нысаниуæг.

Нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан ацы хатт Зонындзинæдты бон фæуазæг нæ горæты Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Константины номыл 2-æм астæуккаг скъоламæ æмæ ног ахуыры азы æрбалæуды цытæн раарфæ кодта æппæт ахуыргæнинæгтæн, уæлдай хъулон фæкодта фыццагкъласонты.

Цытджын линейкæйы райдианы, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ æмæ уæларвмæ суагътой урс шартæ. Уый фæстæ скъолайы директор Ольга Михайлиди арфæ ракодта, фыццаг хатт ардæм йæ къах чи æрбавæрдта, уыцы фыццагкъласонтæн:

«Абон зæрдиаг æмæ хъарм ныхæстæ зæгъын уе ‘гасæн дæр, мæ зынаргъ ахуыргæнинæгтæ. Уæлдай тынгдæр та цин кæнын, фыццаг хатт не скъоламæ чи æрбавæрдта йæ къах, уыцы рæсугъд фæсивæдæн. Уыдон абон сты нæ бæрæгбоны фидауцтæ æмæ сæ хъуамæ сбуц кæнæм, зонындзинæдты уæрæх фæндагыл сæ æрвитæм. Ног ахуыры аз æрбалæууыд æмæ уæм сидын, цæмæй иууылдæр иттæг хорз нысæнттыл ахуыр кæнат, царды та басгуыхат Ирыстоны рæсугъд фидæнаразджытæй», – йæ арфæйы ныхасы банысан кодта директор.

Ольга Михайлиди ма адæмы зæрдыл æрлæууын кодта, фидæнмæ скъола кæй нысан кæндзæн йæ 90 азы юбилей æмæ уый суыдзæн нысаниуæгджын бæрæгбон скъолайæн, уымæн æмæ кæдæй уæдмæ райдайдзысты реконструкци кæнын скъолайы зæронд бæстыхай. Реконструкци цæудзæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Зæронд бæстыхайы бынаты арæзт æрцæудзæн ног скъола æмæ дзуапп дæтдзæнис нырыккон домæнтæн. Уый тыххæй скъолайы директор арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй.

Гаглойты Алан сæрмагондæй раарфæ кодта ахуыргæ-нинæгтæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæн ног ахуыры азы сæраппонд: «2-æм астæуккаг скъола кæддæриддæр нымад уыд æмæ у нæ республикæйы тыхджындæр скъолатæй сæ иуыл. Скъола схъомыл кодта æмæ рауагъта тынг бирæ зындгонд адæймæгты æмæ сæ сæрыстыр у Хуссар Ирыстон. Мæн фæнды, цæмæй абон ацы скъолайы чи ахуыр кæны, уыдон бафæзмой сæ хистæрты æмæ суой республикæйы аккаг æмбæстæгтæ. Абон не ‘гасæн дæр стыр бæрæгбон у æмæ уын арфæ кæнын уе ‘ппæтæн дæр». Президент ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, фидæнмæ скъолайы бæстыхай æрцæудзæн реконструкци æмæ ахуыргæнинæгтæн сæ ахуыры уавæртæ бæрæг фæхуыздæр уыдзысты.

Фыццаг дзæнгæрæг зонындзинæдты боны

Ног ахуыры азы сæраппонд скъолайы æппæт ахуыргæни-нæгтæн арфæйы ныхæстæ загъта Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан дæр. Уый æрсидт скъоладзау фæсивæдмæ, цæмæй тырной ахуырмæ æмæ басгуыхой аккаг хъæбултæй сæ радтæг адæмæн.

Фыццагкъласонтæ бакастысты сæ бæрæгбонон æмдзæвгæтæ скъолайы тыххæй, чи æнæуæндонæй, чи та хъæлдзæгæй æмæ сын уый фæстæ айзæлыдысты ахуырмæ сидæг фыццаг дзæнгæрæджы зæлтæ. Уыдон сæ кълæстæм æрбахуыдтой арфæтимæ сæ фыццаг ахуыргæнджытæ æмæ сæ зонгæ кодтой скъолайы уагæвæрд æмæ сæ ног хуызджын ахуыргæнæн чингуытимæ. Ныр æрвылбон дæр сæ ахуыргæнджыты æххуысæй цæудзысты ахуыры уæрæх фæндæгтыл æмæ исдзысты зонындзинæдтæ.

Рæствæндаг ут, Ирыстоны кæстæртæ!

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.