Знон, 5-æм сентябры – Зонындзинæдты боннæ республикæйы æппæт иумиаг ахуырадон скъолаты, æмткæй ахуыргæнæндæтты цытджын æгъдауæй айзæлыдысты фыццаг дзæнгæрæджы зæлтæ. Ног, 2022-2023  ахуыры азы райдианы Хуссар Ирыстоны скъолатæм бацыдис 689 фыццагкъласоны æмæ сыл сæ ахуыргæнджытæ æмбæлдысты арфæтæ æмæ цины æнкъарæнтимæ. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ацы аз фыццагкъласонты нымæц у чысыл фылдæр.

Фæззæджы æрбалæудимæ ацы нысаниуæгджын боныл нæ республикæйы æмбæстæгтæ кæддæриддæр сæмбæлынц стыр цины æнкъарæнтимæ, куыд бæрæгбоныл, афтæ. Не скъоладзау фæсивæд сæ сæрдыгон улæфт бонтæ æнæмæтæй арвитгæйæ, фæндзæм сентябры цингæнгæйæ, хорз зæрдæйыуагимæ цыдысты се скъолатæм. Сæ хъæлдзæг худтæй æмæ цины хъæлæбайæ алы хатт дæр уынгтæ байдзаг вæййынц, ахуырдзау фæсивæд фæцин кæнынц сæ ахуыргæнджытыл, сбуц сæ кæнынц рæсугъд дидинджытæй, арфæйаг ныхæстæй.

ЗОНЫНДЗИНÆДТÆМ ХОНÆГ – ФЫЦЦАГ ДЗÆНГÆРÆГ

Куыд æндæр азты, афтæ та ныр дæр нæ бæстæйы скъолаты бæрæгбонон мадзæлттæ байгом сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гимны зæлтæй æмæ цытджын линейкæйы ралæудтытæй. Фыццагкъласонтæ фыццаг хатт кастысты сæ бæрæгбонон æмдзæвгæтæ скъолайы тыххæй æмæ  уый фæстæ айзæлыдысты ахуырмæ сидæг фыццаг дзæнгæрæджы зæлтæ. Уыдоны сæ кълæстæм æрбахуыдтой сæ фыццаг ахуыргæнджытæ æмæ сæ зонгæ кодтой скъолайы уагæвæрд æмæ сæ ног хуызджын ахуыргæнæн чингуытимæ. Сывæллæттæ райстой сæ фыццаг хæслæвæрдтæ дæр æмæ ныр æрвылбон дæр сæ ахуыргæнджыты æххуысæй цæудзысты ахуыры уæрæх фæндæгтыл, исдзысты зонындзинæдтæ. Уый та у, сывæллонæй скъолайы  цы домдæуы, уый.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.