Знон бæрæгбонвæлыст уыд Хуссар Ирыстон. Сабитæ, сæ ахуыргæнджытæ æмæ сæ ныййарджытимæ цин кодтой ног ахуыры азыл. Уæлдай хъæлдзæгдæр æмæ амондджындæр уыдысты нæ горæты æртыккæгæм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ æмæ педколлектив. Уыдоны нал хъæудзæн æрвылбон горæты кæронмæ, дыуадæсæм скъоламæ цæуыны сæр. Сæ уарзон скъола сын рæдауæй байгом кодта йæ дуæрттæ, йæ райдзаст кълæсты сæм æнхъæлмæ кæсы зæрдæрухс æмæ циндзинад.

Уымæн дæр, нæ горæты æртыккæгæм астæуккаг скъолайæн, йæ хъысмæт рауад уазæгдон «Ирыстон»-ы хъысмæты хуызæн. Уымæн дæр афтæ дзырддаг ссис йæ ныппырх кæнын æмæ йæ ногæй саразын. Ирыстон æмæ ирон адæмы æрмæстдæр хи уды интерестæн чи «уарзы», уыцы тыхтæ та бæстæ сæ сæрыл систой, республикæйы къухдариуæгад æртыккæгæм скъолайы кæлæддзаг  агъуыст  ныппырх кæнын æмæ йæ ногæй саразыны уынаффæ куы рахаста, уæд. Уæддæр афтæ – уазæгдон «Ирыстон»-ы тыххæй куыд бакодтой, афтæ фæдис ныхъæр кодтой, нæ истори нын исынц, зæгъгæ. Стæй, «Ирыстоны» бынаты йæхи хуызæн, фæлæ мин хатты хуыздæр, фидардæр æмæ рæсугъддæр уазæгдон кæй сырæзт, уый цыма уынгæ дæр нæ фæкодтой…

Бæрæгбонон лæвар – ног æмæ райдзаст скъола

Афтæ, нæ горæт та йæ хуыз кæй фæрцы скалдта, уыцы скъолайы агъуыст дæр. Уый дæр кæй ныкæлæддзаг, ахуыргæнæн дзы кæй нал уыд, уый тынг хорз уыдтой æмæ æмбæрстой Ирыстоныл æнувыд «патриоттæ» сæхæдæг дæр, фæлæ дæ дон змæнтын куы фæнда, уæд дæ нал бафæнддзæн, сæгъ дæуæй уæлдæр лæууы æви – дæлдæр, ууыл ахъуыды кæнын. Фæлæ та цыбыр, хæрз цыбыр рæстæгмæ ам дæр баззадысты састы, ныхкъуырды бынаты…

Бузныг, ацы уынаффæ чи райста, скъолайы агъуыстмæ дарддæр афтæ кæсæн кæй нал ис, уый чи бамбæрста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Бузныг стыр Уæрæсейæн, йæ иугъæдон æххуысы тыххæй, уымæн æмæ скъолайы бæстыхай арæзт æрцыд инвестпрограммæйы фæлгæтты. Сæйраг уый у, арæзт кæй æрцыд æмгъуыдмæ нæ, фæлæ æмгъуыдæй раздæр, нæ ныддаргъ, раздæр-иу куыд ныддаргъ сты ахæм арæзтадон объекттæ, афтæ.

Скъолайы ног бæстыхай байгом кæнын æмæ ног ахуыры аз райдайыны цытæн уагъдæрцæуæг мадзалмæ æрбацыдысты Республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады минстр Гасситы Натали, Горæт Цхинвалы мэр Коцты Алан æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Бæрæгбонвæлыст церемонийы раныхас кодта скъолайы директор Бестауты Мæдинæ. Уый зæрдиаг арфæтæ ракодта ахуырдзау фæсивæдæн, сæ ног ахуыры азыл ног скъолайы кæй æмбæлынц, уый тыххæй. Зæрдæбын арфæтæ ракодта, скъола ногæй саразыныл чидæриддæр бацархайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Арфæйы ныхæстæ загъта стыр Уæрæсейы адресыл, ахæм радон хæрзиуæг та нæ къухы уый æххуысы фæрцы кæй баф-тыд, уый тыххæй.

Ахæм ссадвæдыл уыд йæ раныхас республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн дæр. Президент йæ раныхасы райдианы зæрдиаг арфæтæ ракодта æрмæст æртыккæгæм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæн нæ, фæлæ æппæт республикæйы ахуырдзау фæсивæдæн æмæ æппæт педагогон æхсæнадæн, банысан кодта, ахуыры нысаниуæг куыд ахсджиаг у бæстæйы размæцыд æмæ рæзтæн, уый. Паддзахады сæргълæууæг дæр загъта стыр бузныджы ныхæстæ Уæрæсейы Федерацийæн Хуссар Ирыстонæн æппæтварсон æххуыс кæй кæны, уый тыххæй:

«Мæнæ ацы стыр хæрзиуæг, кæцыйы уынæм мах, у Уæрæсейы Федерацийы лæвар Хуссар Ирыстонæн, нæ сывæллæттæн. Мæхи номæй, ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты номæй стыр бузныг зæгъын Уæрæсейæн, æрвылсахат, æрвылбон кæй æнкъарæм, йæ уыцы аудгæ ахасты тыххæй.  Ныридæгæн цал агъуысты æрцыд арæзт – паддзахадон университет, Къуайсайы скъола, сывæллæты цæхæрадæттæ – кæцытæн ис ахсджиаг нысаниуæг нæ фидæны хæрзæбонæн. Бузныг зæгъын аразджытæн, уыдонæн куыстытæ рæстæгыл æмæ кæронмæ бакæнын кæй бантыст, уый тыххæй. Уыдон куыстой æхсæвæй бонæй, цæмæй, абон ардæм чи æрæмбырд, уыцы сабитæ ахуыр кæнын райдайой сæ уарзон скъолайы», – загъта Бибылты Анатоли.

Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов йæ раныхасы банысан кодта, Уæрæсейы Федераци кæй араздзæн æппæт дæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны цард хуыздæрæй хуыздæр кæна.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.