6-æм сентябры информацион агентад «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимæн уыд пресс-конференци бынæттон журналисттимæ. Уым сæрмагондæй æрдзырдта университеты исæн къамисы куысты фæстиуджытыл, Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ се ‘мгуыстады тыххæй, афтæ ма сæ куыст æмæ архайды фæдыл, цавæр фарстатæ скъуыддзаг кæндзысты, æппæт уыдæттыл.

Куысты бантыстытыл дзургæйæ, Тедеты Вадим, фыццаджыдæр, банысан кодта, зæгъгæ, проблемон уыдис университеты студентты æмдзæрæны фарст. Йæ рæстæджы ам хатæнтæ бацахстой æмæ дзы æрцардысты лигъдæттæ. «Проблемон фарст нывыл аскъуыддзаг кæнынæн нæ юристтимæ бахъуыд егъау куыст бакæнын æмæ абон нæ университеты æмдзæрæн сæрибар у уæлдæрбанысангонд категорийы адæмæй. Ныридæгæн æмдзæрæны дыууæ уæладзыджы хатæнтæ сты студентты æмæ сæ пайда кæнынц. Фыццаг уæладзыджы та сæ куыст кæнынц автоскъолайы хайад, исæн къамис æмæ университеты æндæр структурæтæ. Рагон проблемæ раджы аскъуыддзаг кодтам æмæ ныр сæрибар стæм уымæй. Фæнды мæ банысан кæнын уый æмæ Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг хатт кæй скуыста университеты типографи. Абон нæ уый ифтонг кæны мыхуырон продукцийæ. Ацы типографи нын балæвар кодтой 2008-æм азы августы хæсты фæстæ Уæрæсейаг ректорты цæдис æмæ сын бузныг зæгъæм. Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ бирæ азты дæргъы нæ куыста, фæлæ йын ныр сæрмагонд бынат, штаттæ рахицæн кодтам æмæ йæ куыст кæны. Зæгъын ма мæ фæнды уый, æмæ абон нæ университеты телеуынынад æмæ газеты куыст кæй у æнтыстджын æмæ стыр куысты фæстиуæг. Зæгъæм, университеты цур автоскъола у иунæг ахæм, кæцыйы нæ кусджытæ ахуыр кæнынц æнæаргъæй. Уый никуы ис. Иудзырдæй, бирæ бантыст саразын», – радзырдта ректор.

Тедеты Вадим ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны университет фæстаг дæс азы мидæг Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ бафыста сразыдзинæдтæ. «Мах ма ахæм сразыдзинæдтæ сарæзтам Абхазы Республикæ, Приднестровье æмæ æндæр Дард фæсарæйнаг бæстæты университеттимæ. Уый у ахсджиаг хъуыддаг. Зæгъæм, нæ университетмæ фæуазæг сты бирæ дипломатон кусджытæ, уыдон нымæцы Никарагуайы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр æмæ ацы бæстæйы æххæстбарджын минæвæрттæ Уæрæсейы. Мах ныхас кодтам, цæмæй нæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты æхсæн райтынг уой хъуыддагон ахастытæ. Фембæлдыстæм Венесуэлæйы минæвæрттимæ дæр æмæ не ‘хсæн фæзынд æмгуыстады æмбарынад. Уый кæмдæр политикæ дæр у æмæ хъæуы архайын, цæмæй ахæм бæстæтимæ æрбангомдæр уæм. Уымæй дарддæр ма нæ фæнды, архайгæ дæр ыл кæнæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи нæ банымадта, уыцы бæстæтимæ дæр æмгуыстад кæнæм. Абон принципиалон æгъдауæй бафæндыд нæ университетимæ æмгуыстад кæнын Сири, афтæ ма Египет, Оманы Султанаты университеттæй сæ иу. Мах рæхджы нæ къухтæ бафысдзыстæм æмгуыстады сразыдзинæдтыл. Мах афтæмæй нæ цымыдис æвдисдзыстæм ацы бæстæты культурæтæм дæр. Æрæджы нæ университеты ахуыргæндты совет æмхъæлæсæй аскъуыддзаг кодтой, цæмæй саразæм ирайнаг культурæйы центр. Уымæн йæ сырæзт ахъаз уыдзæн бирæ къахдзæфтæ саразынæн, куыд зæгъæм, махæн нæ бон у бакæнын факультатив персайнаг æвзаг сахуыр кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр архайæм, цæмæй ирайнаг университеты дæр (рæхджы бафысдзыстæм семæ сразыдзинад) ахуыр кæной ирон æвзаг факультативы форматы. Уæлдæрбанысангонд бæстæты минæвæрттæ мæм куы æрбахатынц, цæмæй сын се ‘взæгтæ ахуыр кæнæм, уæд æз та, мæ рады, уыдонæй æрдомын, цæмæй нын уыдон та не ‘взаг ахуыр кæной. Мах цæттæ стæм, цæмæй нæ ахуыргæндтæ онлайны режимы лекцитæ кæсой æмæ амоной ирон æвзаг æмæ литературæ, афтæ ма нæ бæстæйы истори дæр», – банысан кодта ректор.

 

Исæн къамисы куысты хатдзæгтæ

Тедеты Вадим куыд загъта, афтæмæй, фаронимæ абаргæйæ, университетмæ ацы аз бацыдис фылдæр ахуырдзауы. Ахæм тенденци цæуы ныр цалдæр азы дæргъы. «Азæй азмæ фылдæр кæнынц ахæм абитуриентты нымæц, кæцыты фæнды уæлдæр ахуырад райсын Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты. Уый та ууыл дзурæг у æмæ къаддæр абитуриенттæ ахуырмæ кæй цæуынц республикæйæн æддæмæ. Уымæй дарддæр ма нæм ахуырмæ æрцæуынц Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ дæр. Уымæн æмæ нын нæ университетыл æууæндынц æмæ йæ æвзарынц», – зæгъы университеты сæргълæууæг.

Тедеты Вадим цы хатдзæгтæ сарæзта, уымæ гæсгæ ацы аз университеты боны ахуыры студенттæ, фаронимæ абаргæйæ, сты 12 адæймаджы фылдæр. «Кæд раздæр юриспруденцимæ фылдæр адæм цыдис, уæд ныртæккæ ацы дæсныйад равзæрстой къаддæр абитуриенттæ. Раппæлинаг сты «прикладон математикæ æмæ информатикæ», афтæ ма «сæудæджерадон æмæ граждайнаг арæзтад»-ы дæсныйæдты бæрæггæнæнтæ. Къаддæр студенттæ нæм ис ирон æвзаг æмæ литературæ, афтæ ма уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультетты», – загъта Тедейы фырт.

Абон бирæ раззагон университеттæ кæнынц æндæр регионты профориентацион куыст. Уымæ гæсгæ ХИПУ-йы ректор фæнд кæны, цæмæй ахæм куыст бакæной куыд бынаты, афтæ сыхаг регионты дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, профориентацион куыст бакæндзысты Цæгат Ирыстоны ирæттæ фылдæр кæм цæрынц, уыцы районты, афтæ ма Хъæрæсе-Черкессийы дæр. Тедеты Вадим ма архайы, цæмæйдæриддæр нæ университеты рæхджы бакæной æфсæддон кафедрæ Хъахъхъæнынады министрады æххуысæй. «Азы райдианы махæн уыдис консультацитæ уæрæсейаг эксперттимæ, кæцытæ сæ хъус дарынц Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон ахуыргæнæн центртæм. Æрæджы ныхас кодтам РХИ-йы Хъахъхъæнынады министримæ дæр æмæ цæттæ стæм кафедрæ бакæнынмæ», – загъта уый.

Тедеты Вадим радзырдта, ХИПУ-йы студенттæ республикæйæн æдтейæ æндæр æмæ æндæр зонадон æмæ культурон мадзæлтты алыхатт дæр кадимæ кæй равдисынц сæ университеты ном æмæ уыимæ иумæ, сæ ахуыры гъæды бæрæггæнæнтæ дæр хуыздæрæй хуыздæр кæй кæнынц. Уый ма журналисттæн фехъусын кодта, зæгъгæ, университетмæ дæс азы мидæг куыстмæ айста 30 ахуыргонды. Уыдон сты Хуссар Ирыстонæй ацæугæтæ. Се ‘хсæн ис зонæдты доктортæ æмæ кандидаттæ. Уымæй дарддæр æрыгон ахуыргæнджытæн ис дарддæр сахуыр кæныны æмæ диссертациитæ бахъахъхъæныны фадæттæ.

Пресс-конференцийы ректор дзырдта æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр: кадрты тыххæй, университеты кафедрæтæ куыд ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæй æмæ лабораторитæй, афтæ ма электронон библиотекæйæн йæ куыст куыд цæуы æмæ сын цавæр библиотекæтимæ ис бастдзинад æмæ æндæр ахæмты тыххæй.

Цхуырбаты Лариса

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.