Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» райдыдта йæхи ног сезонмæ цæттæ кæнын. Футболисттæн цæттæгæнæн сбортæ уагъд цæуынц Турчы. Командæимæ ма Турчы сты дублты скондæй Гуыбеты Эрик æмæ Гаглойты Тарса, афтæ ма футболон академи «Алани»-йы къулдуаргæс Данил Шашлов.

Развæлгъау бадзырдты фæлгæтты «Алани» уым контролон хъæзтытæ акæндзæн Мæскуыйы «Торпедо», ÆСКА æмæ «Динамо»-имæ, афтæ ма Песчанокопскы «Чайка» æмæ казахстайнаг «Кызыл-Жаром»-имæ.

Командæмæ фæстæмæ æрбаздæхт Бахъаты Михаил. Спортсмен клубимæ бафыста иуазон контракт. Ирыстоны сæйраг футболон командæйы сконды Бахъаты Михаил акодта 167 хъазты (2006-2008, 2011-2013).

«Иууыл сæйрагдæр у фæстæмæ мæ райгуырæн зæххмæ æрцæуын, цыран райдыдта мæ карьерæ. Алы хатт дæр æхсызгон вæййы фæстæмæ уарзон командæмæ æрбацæуын, сæвзæрд мæм æрмæстдæр æвæрццаг æнкъарæнтæ», – загъта Бахъаты Михаил.

Михаилы æрбацыды тыххæй йæ хъуыдытæ загъта командæйы сæйраг тренер Тедеты Зауыр: «Мах ын зонæм йæ курдиаты тыххæй. Михаилæн йæ бон суыдзæн нæ командæйы микроклимат ноджы фæхуыздæр кæнын. Михаил у æцæг профессионал, кæцыйæн йæ кар у æрмæстдæр нымæц. Мах дзы ныфс æвæрæм куыд хъæзтыты, афтæ матчты æддейæ дæр. Уырны мæ цыбыр рæстæгмæ уыдзæн хорз цæттæ æмæ стыр пайда æрхæсдзæн нæ коллективæн».

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Бахъаты Михаил кæй у Хуссар Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг. Йæ фыццаг тренер у РХИ-йы сгуыхт тренер Мæргъиты Вячеслав.

Хуриты Батрадз