Ног спортивон сезон æнтыстджынæй райдыдтой ирон спортсменкæтæ Соттиты Янæ æмæ Гуссалты Зæринæ. Уыдон сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой уæззау ателтикæйæ горæт Орелы уагъдцæуæг Уæрæсейы чемпионаты. Соттиты Янæйæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 81 кг уæзы категорийы. Уый равдыста 235 кг бæрæггæнæн (105+130). Гуссалты Заринæ та фыццаг бынат бацахста 71 кг уæзы категорийы. Уый та дыууæ истæн скодта 220 кг (102+118).

Ацы ерысты фæстиуджытæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн Уæрæсейы æмбырдгонд командæ, кæцы 25 майæ  5-æм июнмæ хайад райсдзæн Албанийы уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты.

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Суздалы уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Ерысты 60 кг уæзы категорийы бронзæ майдан рамбылдта Тыбылты Георги. Æртыккаг бынат бацахсыны тохы Георги йе уæхсджытыл авæрдта Мордовийы минæвар Андрей Ивановы.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» дарддæр дæр йæхи цæттæ кæны Национ футболон къорды чемпионаты дыккаг хаймæ. Командæ Турчы Антальяйы рацыд дыккаг цæттæгæнæн сбортæ. Ныр футболисттæн лæвæрд æрцыд æртæ улæфты боны æмæ уый фæстæ атæхдзысты Турчы Белекмæ, цыран рацæудзысты фæстаг цæттæгæнæн сбортæ.

Командæйы лидертæй сæ иу Бутта Магомедов «Химки»-мæ кæй ацыд, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта «Алани»-йы вице-президент Гуыриаты Данил.

«Фыццаджы дæр мæ бузныг зæгъын фæнды Бутта Магомедовæн «Алани»-йы кæй хъазыд, уый тыххæй. Уый йæхи равдыста куыд æцæг профессионал, афтæ. Æрбацыд нæм æнæзонгæ футболистæй æмæ ацыд нæ чемпионаты хуыздæр хъазджытæй сæ иуæй. Сомбоны, Хуыцауы фæрцы, скæндзæн Уæрæсейы æмбырдгонды формæ дæр.

Йæ ауæй кæныны тыххæй та мæ фæнды зæгъын уый, æмæ сæйраг нысаниуæг кæй уыд хъазæгæн йæхи фæндонæн. Уый фæхуыдтой премьер-къорды хъазæг командæмæ, кæцы у Мæскуыйы областæй. Уыцы регионы та цæрынц Буттайæн йæ бинонты фылдæр хай.  Кæй ацыд, уый нын зын у. Уый нын баххуыс кодтаит сезоны уалдзыгон хайы. Фæлæ ахæм у футбол. Нæ домæнтæ нын куы сæххæст кæной, уæд мах цæлхдуртæ никуы æвæрдзыстæм хъазджыты ацæуын куы фæнда, уæд.

Командæмæ фæхондзыстæм ног хъазджыты, фæлæ уыдон ‘хсæн зындгонд футболист ничи уыдзæн. Уыдон уыдзысты æвзонг перспективон хъазджытæ. «Алани»-йæн йæ бон у зынаргъ футболистты балхæнын, фæлæ нæ клубы размæцыды стратегийы ахæм хъуыды нæй. Мах этаптæм гæсгæ дæргъвæтин азтæм аразæм æнтыстджын клуб.  Ныр Магомедов кæй ацыд, уый нæ бандавдзæн нæ разы лæууæг хæстыл. Дарддæр дæр клубы сæйраг хæс у премьер-къордмæ ахизын. Нæ хъазджытæй уæй кæнынмæ никæйы уал хъавæм», – загъта уый.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.