Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны комитеты сæргълæууæг Елдзарты Константин куыд фехъусын кодта, афтæмæй майрæмбоны æрæвнæлдтой Зæронд хиды бынаты ног хид аразыны куыстытæм. Цæгат Ирыстонæй æрхонгæ специалисттæ цæугæдоны бын ныббур кæндзысты 12 метры бæрц æмæ дзы бетон ауадздзысты. Ахæм сæрмагонд цилиндртæ хиды бын æдæппæт æвæрд æрцæудзæн 48 иуæджы, уыдоныл та ныккалдзысты хиды бындур. Кæд  зæронд хидæн йæ бындур 2 метры арфæн уыд, уæд ныр та уыдзæн 12 метры бæрц. Афтæмæй хид бирæ хатты  æдасдæр уыдзæн.

Елдзарты Константин ма куыд загъта, афтæмæй хид дзуапп нæ лæвæрдта æдасдзинады домæнтæн. Йæ къухы цы экспертон хатдзæгтæ ис, уымæ гæсгæ хиды конструкцийы цæугæдон баихсыйын кодта. Техникон нормæтæм гæсгæ бынтондæр дзуапп нал лæвæрдта пайдакæнынады нормæтæн. Зæронд хиды хуыз, ацы районы цæрджыты фæндмæ гæсгæ хъахъхъæд æрцæудзæнис. Зæгъы ма, зæгъгæ, ног хид уыдзæн аив, йæ алфæмблай та арæзт æрцæудзæн комплексон зонæ. 130-аздзыд зæронд хид бахъахъхъæныныл чи дзырдта, уыдоны хъуыды дæр аппаринаг нæ уыд, фæлæ уыдон проблемæйæн йæ мидæггаг фарста нæ зыдтой, йæ пайдакæнынады æмгъуыд кæй ацыд æмæ нæ стыр бæллæхмæ кæй кодта фидæны, ууыл сæ къухтæ специалисттæ æнæгуырысхойæ æрфыстой.

Комитеты сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй ног хид эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис ацы аз. Æмæ уæд хидыл æдæрсгæйæ цæудзысты уæзласæн машинæтæ дæр.

Уазæгты Марфа