ФУТБОЛ

Хуссарирыстойнаг сывæллæтты футболон командæтæ æрдæгфиналмæ ахызтысты г.Сочийы уагъдцæуæг турнир «Hopes Cup – 2021». 2011 азы гуырд спортсменты ‘хсæн ерысты «Барсалан»-ы футболисттæ финалы 1/4  хайы  хъазыдысты Александр Мостовойы академийы командæимæ. Фембæлды сæйраг рæстæг фæцис æмдыхæй – 0:0. Уæлахиздзау сбæрæг кæныны тыххæй бахъуыд 11-метрон цæфтæ сæххæст кæнын. Ам хуыздæр сæхи равдыстой хуссарирыстойнаг футболисттæ æмæ рамбылдтой 4:2 хыгъдæй.

«Æхсызгон мын у турниры æрдæгфиналмæ кæй ахызтыстæм, фæлæ уыцы рæстæджы æххæстæй разы нæ дæн командæйы хъазтæй. Рахицæн кæнын мæ фæнды нæ командæйы кулдуаргæс Хаситы Хасаны, кæцы систа дыууæ пенальти», – банысан кодта командæйы тренер Хъазиты Алан.

Нæ республикæйы дыккаг командæ, уымæн дæр йæ ном  у «Барсалан» (уым та хъазынц 2010 азы гуырд спортсментæ), æрдæгфиналмæ ахизыны хъазты фембæлд командæ «Оренбург»-имæ. Хуссарирыстойанг футболисттæ хъазыдысты хуыздæр æмæ рамбылдтой 4:0 хыгъдæй.

Æрдæгфиналон хъæзтытæ хуссарирыстойнаг командæтæ акæндзысты абон, 6-æм апрелы.

 

***

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» фæд-фæдыл фæхæрд дыккаг хъазты. Национ футболон къорды 34-æм туры алайнæгтæ уазæгуаты хъазыдысты Астраханы «Волгарь»-имæ. Хъазты рæстæджы пурти фылдæр уыд «Алани»-йы хъазджытæм. Фæлæ фембæлды фæстиуæгыл уый нæ бандæвта. 89-æм минутыл фысымты хъазæг 70 метрæй ныццавта пурти. Уый атахт алайнæгты кулдуаргæс Ростислав Солдатенкойы сæрты, кæцы  рахызт фæзуаты центрмæ æввахс, æмæ смидæг «Алани»-йы кулдуары. Афтæмæй хъазт фæцис 1:0 хыгъдæй.

Турнирон таблицæйы «Алани»-йы баййæфта Мæскуыйы «Торпедо», кæцы рахызт 4-æм бынатмæ. Алайнæгтæ  ныр ахсынц 5-æм бынат.

Радон туры, 7-æм апрелы «Алани» йæхи фæзуаты хъаздзæн Воронежы «Факел»-имæ.

 

БОКС

БОКС

Хуссарирыстойнаг æвзонг боксертæ Гуыцмæзты Тамерлан, Санахъоты Андрей æмæ Гуыцмæзты Руслан РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы сконды ацыдысты г.Грознæмæ, цыран ауагътой спаррингтæ. РХИ-йы боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег куыд зæгъы, афтæмæй æртæ боксер дæр сæхи равдыстой хорз æмæ бæрзонд æмвæзадыл ауагътой сæ тохтæ.

 

***

WBF, WIBF и GBU верситæм гæсгæ дунейы чемпионкæ Дудиаты Фатимæ фæуæлахиз Венесуэлайæ спортсменкæ Луизана Боливар Граффейыл æмæ ссис М13 версимæ гæсгæ дунейы чемпионкæйы титулы хицау дæр. Сæ тох уагъд æрцыд Казаны. Тæрхонгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ Фатимæ уыд бæрæг тыхджындæр. Уыдон сæвæрдтой ахæм хыгъд: 77-75, 80-72, 80-73.

                                                                                                                                                                  ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.