Коронавирусы пандемийы аххосæй æмгъуыдæй раздæр фæцис футболæй Уæрæсейы Национ футболон къорды (фыццаг дивизион) æмæ Профессионалон футболон къорды (дыккаг дивизион) чемпионаттæ. Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» профессионалон футболон къорды чемпионаты архайгæйæ, турнирон таблицæйы ахста дыккаг бынат. Уæлдæр дивизионмæ ахизыны тыххæй та йæ хъуыд фыццаг бынат бацахсын. Фæлæ уæддæр, уымæ æнæкæсæгæйæ, дзæуджыхъæуккæгтæн шанс ис уæлдæр къордмæ ахизынæн. Уый тыххæй бавдыстой сæ документтæ, кæцытæм гæсгæ рацæудзысты лицензи кæныны процедурæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» уæлдæр дивизионмæ ахиз-дзæн уæд, кæд æмæ финансон проблемæты аххосæй уым архайæг клубтæй искæцы йæхи  сиса туринирæй.

Ацы фарсты тыххæй хъусынгæнинаг сарæзта РЦИ-Аланийы физкультурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй кæд бахъæуа, уæд архайдзысты, цæмæй командæйы профессионалон футболон къордмæ айсой. «Алани»-йы цæмæй уæлдæр дивизионмæ бауадзой, уый тыххæй хъусынгæнинаг сарæзтой спорт-уарзджытæ дæр.  

 Уыцы рæстæджы дзыллон информацион фæрæзты иу къорды апарахат ин-формаци, ома, «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак ист æрцæудзæн йæ бынатæй æмæ командæмæ æрбахондзысты иннæ ирон специалист Гæз-заты Юрийы. Ацы информациимæ не сразы командæйы аразæг Гуыриаты Да-нил.

«Гогниты Спартак у бæстæйы иунæг-иу ахæм тренер, кæцыйы къухдариуæгады бын командæ фæд-фæдыл рамбылдта 14 хъазты. Уымæ гæсгæ йæ раивыныл ныхас дæр нæй», – загъта Гуыриаты Данил.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хъæбысхæстæй 2020-21 азты уагъдцæуæг ерысты къæлиндар арæзт æрцæудзæн июны мæйы æмбисмæ. Уый тыххæй хъусын кæны УФ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент, Дунейы иугонд хъæбысхæсты (UWW) вице-преиздент Михаил Мамиашвили. Уый куыд загъта, афтæмæй Олимпидæйы размæ, кæцы уыдзæн 2021 азы 23 июлæй 8-æм августмæ, уагъд æрцæудзысты бирæ ерыстæ.

Уыимæ Олимпион чемпион Гуæцæлты Хадзымурат куыд хъусын кæны, афтæмæй йæхи цæттæ кæны Олимпиадæмæ бахауыны тыххæй æвзарæн турниртæм. Раздæр уый фæивта йе’мбæстагдзинад (гражданство) æмæ ныр архайы Сомихстоны тырысайы бын.

«Мæ къахыл операци кæй сарæзтон, уый тыххæй мын рæстæг нæ фаг кодта æвзарæн турниртæм  бацæттæ кæнынæн. Ныр мæхи дарддæр дæр цæттæ кæнын. Цалынмæ гауызмæ фæстæмæ не ‘рбаздæхтæн, уæдмæ уал бирæ хъуыды кодтон мæ уавæры тыххæй, зæгъгæ, йæ бамбарон, конкуренци кæнын ма мæ бон суыдзæн æви нæ, уый. Ис мæм фæндон æмæ мотиваци æмæ йæ зонын уый саразын мæ бон кæй бауыдзæн», – банысан кодта Гуæцæлты Хадзымурат.  

Гуæцæлты Хадзымурат у 2004 азы Олимпион хъæзтыты уæлахиздзау, фондз хатты рамбылдта дунейы чемпионаттæ, æртæ хатты та – Европæйы чемпионаттæ.

   ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.