Хуссар Ирыстоны Æфснайæн банг коронавирусы пандемийы рæстæджы клиенттæн бакуыста сæрмагонд программæтæ, цыран хынцыд æрцыд кредитты фæдыл æмгъуыд фæстæдæрмæ аргъæвын. Хуссар Ирыстоны Æфснайæн бангы сæргълæууæг Джиоты Жаннæ журналисттæн куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ республикæйы Национ бангимæ аскъуыддзаг кодтой, карантины рæстæджы кредитты æмгъуыд аргъæвыны фæдыл ивд кæй æрцыдысты æппæт пенитæ дæр, афтæ ма райстæуыд мадзæлттæ, цæмæй иу бынаты адæм ма æмбырд кæной.

«Æфснайæн бангы кредиттæ бафидыны æмгъуыд у æрвылмæйы æмбисмæ. Афоныл кредиттæ чи нæ фыста, уыцы æфстауисджытæн нымад цыдысты пенитæ. Республикæйы карантины рæстæджы пенитæ ист нæ цæудзысты. Ома, пенитæ ивд цæуынц бангы æфстауисджыты æппæт категоритæн æмæ фиддонты бафыстытæ кæй афæстиат уыдзысты, уый нæ бандавдзæн фидæны кредитон историйыл. Æфстауисджытæн фадат ис се ‘рвылмæйон бафыстытæ мæйы æмбисы нæ, фæлæ фæстæдæр æмгъуыдты бафидын», – загъта Джиоты Жаннæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы карантин аивыны фæстæ, Æфснайæн банг фæнд кæны кредитты фæдыл бафыстытæ ноджы иу мæй адарддæр кæнын.

Уыимæ, Æфснайæн бангы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, æфстауисджытæн сæ фылдæр ацы фадатмæ æнæкæсгæйæ, сæ кредиттæ ацы мæй бафыстой афоныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.