3-æм майæ 9-æм маймæ нæ республикæмæ радон хатт æрцæудзысты не ‘мирон Уæрæсейы Федерацийы хуыздæр хирургтæ – травматолог-ортопед, медицинон иртастыты кандидат Цыбырты Георги æмæ кардиохирург Хуыгаты Заза. Уыдон лæвар консультацитæ æмæ операцитæ кæндзысты канд нæхи сабитæн нæ, фæлæ ма Цæгат Ирыстон, Кæсаг-Балхъар æмæ Цæцæнæй æрцæугæ сывæллæттæн дæр. Ацы куыст æххæст æрцыд нæ республикæйы президент Гаглойты Алан æмæ Æнæниздзинады райрæзты министр Джыгкайты Томасы фæрцы. Цыбырты Георги æмæ Хуыгаты Заза радон хатт чысыл пациенттæм æркæсдзысты æмæ ортопедикон операцитæ сараздзысты кæмæн хъæуа, уыдонæн. Сывæллæттæй зæрдæйы операцитæ саразын кæмæн хъæуы, уыдонæн та дæтдзысты консультацитæ, уæззаудæртæ фæхондзысты Мæскуымæ.

Ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ амæй размæ куы æрцыдысты хирургтæ, уæд амындтытæ скодтой, æмæ сæ фæстиуæгæн бæрæг фæхуыздæр сты сæ сабитæ. Уымæ гæсгæ, дам, æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм дохтыртæм.

Æрдзæй рахæсгæ зæрдæниз сывæллонæн райдианы бæрæг нæ вæййы. Цадæггай, рæстæг куыд цæуы, афтæ рынчын сывæллон тагъд фæллайы, йæ улæфт вæййы уæззау, йе ‘ддаг хуыз фæлурс. Сывæллон арæх бавзæр вæййы æмæ йын фыццаг æххуыс кæнын куы нæ зонай, уæд гæнæн ис æмæ æрцæуа трагеди. Саби фæлтæрдджын дохтыры цæстдарды бын куы уа, æмбæлон хостæ куы нуаза æмæ дохтыр раст рекомендацитæ куы дæдта, уæд сывæллон куыд рæзы, афтæ зæрдæйы скъуыд дæр байгас вæййы. Фæлæ патологи аиуварс кæнынæн бахъæуы зынаргъ операци.  Алы бинонтæн сæ къух нæ фæамоны уавæртæ сын нæ вæййы. Ныртæккæ æххуысхъуаг рынчынтæ бынатмæ кæй æрхонынц специалистты, уы-мæй райгонд сты ныййарджытæ.

«Махæн сæйрагдæр у сабитæн æххуыс, сæ цард сын фенцондæр кæныны тыххæй æрцæуæм Ирыстонмæ, амæй размæ ма куы уыдыстæм Цхинвалы, уæд нæм бирæты  фæндыд æрбацæуын, уыцы нымæцы Цæгат Кавказы регионтæй дæр. Æмæ уæд сарæзтам чысыл пациентты номхыгъд. Ныфс бавæрдтам, кæй та æрцæудзыстæм. Номхыгъды нæм ис 30 адæймаджы бæрц. Фæлæ та нæм зынгæ фылдæр сывæллæттæ æрбацæудзæн. Гæнæнуæвгæйæ уыдоны иууылдæр басгардзыстæм. Сыхаг республикæтæй нæм цы пациенттæ æрцыд, уыдонæн дæр консультацитæ скæндзыстæм», – зæгъы кардиохирург Хуыгаты Заза.

Зындгонд квалификациджын хирургтæ 3-аг хатт та нæ республикæмæ æрцæудзысты августы мæйы.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.