Ныртæккæ аразджытæ хæдзæртты кæртытæ цæттæ кæнынц асфальт сæвæрынмæ. «План цæуы кæртытæ асфальт скæнын æмæ бордюртæ сæвæрын. Уымæй дарддæр ма ист æ-цæудзысты хæдзæртты алыварс æппæт æнæзакъонон агъуыстытæ. 2,5, 6, 8 æмæ 10-æм бирæуæладзыгон хæдзæртты раз арæзт æрцæудзысты цъæхвæлыст зонæтæ дæр», – фехъусын кодта Цхинвалы администрацийы пресс-секретарь Коцты Зæринæ.

Ацы территорийы цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ фæуой æртæ-цыппар мæйы æмгъуыдмæ. Уый фæстæ та æрæвналдзысты Джиоты Аланы проспект æмæ Гафезы уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ хæрзарæзт скæнынмæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, адæм æмæ Парламентмæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ Ныстуаны фæлгæтты  кæй банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз хæдзæртты цур территоритæ схæрзарæзт кæныны тыххæй рахицæн кæндзысты уæлæмхас фæрæзтæ 30 милуан сомы бæрц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.