Скъолаты кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ахуыры аз ӕмӕ та рауагъдонтимӕ баст мадзӕлттӕм сӕхи цӕттӕ кӕнынц куыд ныййарджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, афтӕ ма барадхъахъхъӕнӕг органтӕ дӕр. Алыхатт дӕр сӕйраг вӕййы ӕдасдзинад, фыдбылыз æрцæуынæй бахизын. Уый фӕстиуӕгӕн милицийы кусджытӕ фӕуадзынц алыгъуызон профилактикон мадзӕлттӕ.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектортӕ фӕуазӕг сты гимнази «Альбион»-мӕ ӕмӕ фембӕлдысты 11-ӕм ӕмӕ райдиан кълӕсты ахуырдзаутимӕ. Рауагъдон кълӕсты бафӕдзӕхстой, цӕмӕй ма бадой автомашинӕтыл шофыртӕй, ма халой фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон фӕтк. Паддзахадон автоинспекцийы батальоны командир Лолаты Анатоли сын куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй сӕ фӕстӕ кълӕсты ахуырдзаутӕн рауагъдонтӕ вӕййынц цӕвиттон ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ уагахастмӕ сӕ хъус уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ дарой.

«Дӕ уагахаст куы нӕ бӕзза скъолайы ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕтты, карз нозт куы нуазай, ӕнӕ бары гӕххӕттытӕй хӕдтулгӕ куы скъӕрай ӕмӕ афтӕ дарддӕр, – ӕппӕт ацы фӕткхалӕн цауты фӕдыл барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕфхӕрдзысты аххосджынты. Сымах ӕй хъуамӕ ӕмбарат, уӕ уагахаст уӕ хъомылдзинадыл дзурӕг кӕй у, уый, ӕмӕ исты ӕдылы митӕ саразгӕйӕ кӕй ныххудинаг кӕндзыстут уӕ ныййарджыты, уӕ ахуыргӕнджыты. Стӕй ма закъоны фӕлгӕтты ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты ӕрмӕст уӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ ма уӕ ныййарджытӕ дӕр», – зӕгъы Лолаты Анатоли.

Инспектортӕ  бацыдысты райдиан кълӕсты ахуырдзаутӕм дӕр. Уыдонӕн та радзырдтой фӕндагон фӕткойты тыххӕй, бамбарын сын кодтой фӕндагон нысӕнттӕ, стӕй ма велосипедыл кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хӕдтулгæйыл скъӕргӕйӕ дӕр кӕй хъӕуы фӕндагон фӕткойтӕ ӕххӕст кӕнын, уый.

«Цӕмӕй сывӕллӕттӕм ацы информаци хуыздӕр бахъара, уый тыххӕй сын ӕрбахастам фӕндагон нысæнтты, алыгъуызон транспортты, светофорты нывтӕ. Ахӕм хуызы сывӕллонмӕ цымыдисдзинад тынгдӕр ӕвзӕры, ахуыр кӕны бӕрндзинадыл ӕмӕ уынджы уӕвгӕйӕ дӕр йӕхи тынгдӕр хъахъхъӕндзӕн автотранспортӕй», – зӕгъы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хайады инспектор Уалыты Альмӕ.

Ахӕм фембӕлдтытӕ ауадздзысты алкӕцы скъолайы дӕр.

Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.