Хуссар Ирыстоны Æфснайæн банг уæлæмхас филиал  бакодта, Джиоты Аланы проспекты кæрон цы базарадон центр ис, уым фыццаг уæладзыджы. Ам арæзт æрцыд æппæт дæр, цæмæй дзы чи кусы, уыдонæн уа комфортон уавæртæ. Æфснайæн бангы филиалы хорз уавæртæ ис клиенттæн дæр. Бангы филиал ифтонг æрцыд нырыккон домæнтæм гæсгæ видеоцæстдард æмæ компьютерон системæйæ. Ныр ацы офисы кусджытæ бангон лæггæдтæ кæндзысты цæрæн массивы,  Гафезы уынджы, Гудзабары хъæуы цæрджытæ æмæ №12 астæуккаг скъолайы районы цы цæрджытæ ис, уыдонæн дæр.

«Хурзæрин»-ы базарадон центры бангы филиал бакæныны нысаны тыххæй Æфснайæн бангы сæргълæууæг Джиоты Жаннæ куыд зæгъы, афтæмæй ныры дуджы бирæ социалон фарстатæ аскъуыддзаг кæнын у зын æнæ бангы лæггæдтæй. Уымæ гæсгæ  æндæр фадгуыты райрæзтимæ хъуамæ рæзой бангы лæггæдтæ дæр. Бангы структурæтæ та цæрджытæн хъуамæ уой æнцонвадат. Цæрджытæн лæггад кæнынæн кæд цалдæр рудзынджы ис, уæддæр дзы алы хатт дæр вæййы стыр радтæ, уæлдайдæр та пенситæ дæттыны афон.

Джиоты Жаннæ  куыд зæгъы, афтæмæй цы филиал бакодтой, уым райсæн уыдзæн пенситæн. Кредиттæ райсын цы æмбæстæгты фæнды, уыдонæн дæр гæххæттытæ райсæн уыдзæн ам, æххæст ма цæудзысты æндæр операцитæ дæр.

Банджы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, раздæр кредит дæттыны хъуыддаджы уыд хæццæдзинад. «Йæ райсын-иу кæй фæндыд, уый-иу цыд Хицауадмæ æмæ Парламентмæ. Кæм зонгæты фæрцы, цыдæр гæххæттытæ аразгæйæ-иу домдтой, цæмæй бадзурой бангы администрацимæ æмæ сæ рады сæвæрой кредит райсыны тыххæй. Уырдыгæй-иу дзырдтой махмæ, цæмæй сæххæст кæнæм искæцы адæймаджы куырдиат. Афтæмæй та бангы ис кредитон хайад, кæцымæ бадæттын хъæуы куырдиат, цæмæй рады слæууа. Кредиттæ райсæн ис куыд æфснайæн бангы, афтæ национ бангы дæр. Махмæ куырдиæттæ æрбацæуы, куыд хицæн адæймæгтæй, афтæ фермертæ, амалиуæггæнджытæй, уымæн æмæ сын уый æххуыс у сæ хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæнынæн. Стæй раздæрау кредит райсыны тыххæй нал ис радтæ, кæд æмæ бавдисой æмбæлон гæххæттытæ, уæд цалдæр боны æмгъуыдмæ райсдзынæ бангæй, цы финанстæ домыс, уыдон. Æфснайæн бангы кредитон хайад цы схемæ саразы, уымæ гæсгæ æнæмæнг хъæуы хæссын æхцайы хайгай. Æндæр хатт та куы хъæуа кредиторы æхца, уæд та йын банг сæрибарæй ратдзæн кредит. Уымæн æмæ махмæ алы адæймагæн дæр ис йæхи кредитон истори. Бæстæйы цы пандеми ис, уый аххосæй мах банг дæр кредит дæттын æрурæдта фæстаг цалдæр мæйы. Фæлæ июны райдианы кредит дæттыны фæтк фæстæмæ йæ гаччы сбадт. Ивгъуыд аз та нæ бæстæйы сæргълæууæджы амындмæ гæсгæ фæкъаддæр кредитты афæдзон процент æмæ уыйадыл бæрæг фæфылдæр сты кредитортæ дæр», – зæгъы Жаннæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма банг фæнд кæны æндæр дæрддзæф районты дæр ахæм филиалтæ бакæнын.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.