2020 азы райдианæй нæ горæты Ленины уынджы кæрон базарадон центр «Хурзæрин»-ы байгом уыдзæн РХИ-йы Æфснайæн бангы уæлæмхас филиал.

Æфснайæн бангы сæргълæууæг Джиоты Жаннæ куыд зæгъы, афтæмæй ныры дуджы бирæ социалон фарстатæ аскъуыддзаг кæнын у зын æнæ бангы лæггæдтæй. «Уымæ гæсгæ æндæр фадгуыты райрæзтимæ хъуамæ рæзой бангы лæггæдтæ дæр. Бангы структурæтæ та цæрджытæн хъуамæ уой æнцонвадат. Цæрджытæн æфснайæн банкы лæггад кæнынæн кæд цалдæр рудзынг ис, уæддæр дзы алы хатт дæр вæййы стыр радтæ. Уæлдайдæр та пенситæ дæттын  афон.

Уый ма загъта,  зæгъгæ «Хурзæрин»-ы Æфснайæн лагъзæн цы филиал байгом уыдзæн, уый ахъаз кæндзæн пенситæ райсынæн кредиттæ, æхцайы фæрæзтæ ахынцынæн æмæ æндæр операцитæ æххæст кæнынæн.

Банджы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, раздæр кредит дæттыны хъуыддажы уыд хæццæдзинад. Кредит райсын-иу кæй фæндыд, уый-иу цыд Хицауадмæ æмæ Парламентмæ. Уырдыгæй иу махмæ дзырдтой, цæмæй сæххæст кæнæм искæцы адæймаджы куырдиат. Афтæмæй та бангæн ис æмбæлон хайад, кæцымæ бадæттын хъæуы куырдиат. Ныртæккæ ацы хъуыддаджы уавæр рараст. Кредиттæ райсæн ис куыд æфснайæн бангы, афтæ национ бангы дæр. Махмæ куырдиæттæ æрбацæуы, куыд хицæн адæймæгтæй, афтæ фермертæ, амалиуæггæнджытæй, фæлхасгæнджытæ. Уыдон  райгондæй баззайынц æфснайæн лагъзы лæггæдтæй, уымæн æмæ сын уый æххуыс у царды уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Стæй, раздæрау, кредит райсыны тыххæй нал ис радтæ, кæд æмæ бавдисай æмбæлон гæххæттытæ, уæд цалдæр боны æмгъуыдмæ райсдзынæ финанстæ.

«Æрæджы ноджы фæкъаддæр кредитты афæдзон процент æмæ уый адыл кредитортæ дæр фæфылдæр сты. Цалынмæ кредит нæ радтæм, уæдмæ сахуыр кæнæм алы адæймаджы кредитон истори. Кæд æмæ кредит чи домы, уымæн йæ истори сыгъдæг у, ницы азым æм æрхæссæн вæййы, уæд æхцайы фæрæзтæ райсы æнæ къуылымпыйæ.

«Хурзæрин»-ы базарадон центры æппæт дæр арæзт æрцыд, цæмæй дзы чи куса, уыдонæн уа комфортон уавæртæ. «Нæ зæрды ис, ахæм филиалтæ  æндæр дæрддзæф районты дæр бакæнын», –  загъта Джиоты Жаннæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.