Бангон системæ нымад цæуы экономикæйы «тугдадзинты системæйыл». РХИ-йы Национ банджы архайд здæхт у бангон системæйы рæзын æмæ фидар кæнынмæ, ахыгъдтæ экономикæйы организаци кæнынмæ, фидыны системæйы эффективон архайд ифтонг кæнынмæ, республикæйы рæзтæн ахъаз кæнынмæ æмæ, æхцайон-кредитон политикæ æххæстгæнæн кредитон ахастытæ рæзын кæнынмæ.

Национ бангы сырæзт æмæ архайд æнгом баст уыдис нæ республикæйы цардимæ. Республикæйы цытæ цыдис, уыдон æнæбандавгæ нæ уыдысты бангыл дæр. Цахæм уыдис йæ архайд æмæ абон йæ хæстæ куыд æххæст кæны, уый тыххæй нæ уацхæссæг ныхас кæны РХИ-йы Национ банджы сæрдар Зассеты Феликсимæ.

— Банджы сæрдары бынатмæ ды баздæхтæ дыккаг хатт. Ацы куыст дын æнæзонгæ нæ уыд, цахæм уавæры йæ баййæфтай?

— Паддзахадон бангмæ æз баздæхтæн 2012 азы 18 июны. Уæд официалонæй æрæвнæлдтон банджы куыстмæ. Алы бон дæр банджы документациимæ зонгæ кæнгæйæ уыдтон цас хæрдзтæ æрцыдис, цас фыдаудæн митæ фæкодтой æмæ нæ адæмæн цас зиан æрхастæуыд. Бангы æхцайы фæрæзтæн сæ кой дæр нал уыдис. Корсчет Национ бангæн конд уыдис дыууæ раны. «Банк Москвы»-йы Цæгат Ирыстоны филиалы æмæ иннæ та уыдис «Арт-Банк». Дыууæ бангы дæр уыдысты коммерцион. Рефинанскæныны хыгъдон ставкæйæн йæ æртæ проценты цыдис бангмæ. Афтæмæй банг æртæ аз æмæ æрдæгы дæргъы æфтиаг иста 2 милуан сомы. Бæрæг куыд у, афтæмæй æхцайы баззаййæццæгтæ уыдысты егъау, 100 милуан сомæй 400 милуаны онг æрвылбон дæр. «Банк Москвы»-йы уыдис махæн сæйрагдæр паддзахадон хыгъд. Уымæ гæсгæ æхцайы фæрæзты змæлд цыдис ацы бангыл. «Арт-Банк»-ы дæр нын уыдис паддзахадон хыгъд, фæлæ уым æртæ аз æмæ æрдæгмæ арæзт æрцыдис дыууæ операцийы æмæ йæ хыгъдыл ацыдис 17 мин сомы. Уыдонæй æлхæд æрцыдис чекон книжкæтæ, æндæр практикон æгъдауæй нæ куыста. Йемæ нын ницы бадзырд уыдис, фæлæ дзы æхца уыдис кæддæриддæр 80 милуан сомæй 270 милуан сомы онг. Уыцы баззаййæццæгтæ астæуккаг нымадæй алы бон дæр уыдысты 150 милуан сомы. Фæлæ йемæ бадзырд арæзт кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ дзы банг иу сом дæр никуы райста. Уый уымæн дзурын æмæ æз ардæм куы æрбацыдтæн кусынмæ, уæд æхца нæ фаг кодта æмæ-иу бангы клиенттæ куы æрбавдыстой сæ фидыны хæслæвæрдтæ, зæгъгæ, нæ иу кæнæ иннæ районмæ фæнды не ’хца арвитын, уæд мæнæн та паддзахадон хыгъдыл æхца нæ уыдис. Фæлæ «Арт-Банк»-ы æз æрбаййæфтон 105 милуан сомы æмæ сæ уайтагъд æрдомдтон, цæмæй сæ ахынцыдаиккой «Банк Москвы»-мæ. Æз уыцы æхцаты карзæй цы бон æрдомдтон, уымæн мæм йæ дыккаг бон уайтагъд æрцыдысты «Арт-Банк»-ы минæвæрттæ æмæ мæм ныххатыдысты, зæгъгæ, ныртæккæ махæн нæ бон нæу уыцы æхцайы фæрæзтæ раздахын, фæлæ æз не сразы дæн сæ фæндыл — уыдон уыдысты нæ банджы æхцатæ. Æнæ уыдонæй та махæн кусæн нæй æмæ æрдомдтон, цæмæй сæ тагъдыл раздахой. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ æз сразы дæн, цæмæй уыцы æхцайы фæрæзтæй афæдз 8 проценты фыстаиккой. Уый тыххæй сарæзтам бадзырд. Афтæмæй уыцы æхцатæй иу афæдзмæ мах райстам 8 милуан сомы пайда. Раздæр дæр афтæ куы уыдаид, уæд нæ банг истаид æфтиаг, фæлæ йæ нæ сарæзтой, æвæццæгæн, уый кæмæндæр уыдис пайда. Æз куыд бакодтон, афтæ куы сарæзтаиккой раздæр дæр, уæд нæ банг æфтиаг райстаид 42 милуан сомы, уыдон та доллартæй уыдысты милуан æмæ æрдæг æмæ кæд афтæ стыр æхцатæ не сты, уæддæр махæн уыдаиккой стыр пайда. Фæлæ мæнмæ гæсгæ уыцы пайда чидæр дзæгъæлы нæ фесæфтаид. Ацы фарст æз æрæвæрдтон Мæскуыйы «Центробанк»-ы къухдариуæгадимæ мæ фембæлды рæстæджы æмæ кæд загътой, зæгъгæ, ныр уыцы хъуыддаг зын сбæлвырдгæнæн у, уæддæр мæ хъуыды мæнæн у ахæм: кæд мæнæн мæ бон бацис ахæм бадзырд саразын 8 процентыл, уæд раздæр нæ уыд ахæм бадзырд саразæн? Мæнмæ гæсгæ йæ тынг хорз зыдтой æмæ æмбæрстой, фæлæ уыцы пайда сæхæдæг истой, æндæр хуызы йын бамбарæн нæй.

Дыккаг хабар та ахæм у æмæ 2006 азы бангæн балæвар кодтой зынаргъ, япойнаг машинæ. Лæвар та сын æй бакодта Мæскуыйы Централон банг. Уæд ын нырма ардæм æркæнæн нæма уыд, хæдбар паддзахад кæй нæ уыдыстæм, уымæ гæсгæ, фæлæ йæ уæды Национ банджы хистæр Дзантуты Олег сфидар кодта Цæгат Ирыстоны йæ фыдыæфсымæры лæппуйы номыл, цыма йæ уый балхæдта 50 мин сомæй. Уый фæстæ йын æууæнчы гæххæтт сарæзтой Дзантуаты Олегы номыл æмæ йыл уый рацу-бацу кодта 4 азы дæргъы. Уал азы дæргъы машинæ кæд банджы балансыл æвæрд нæ уыд, уæддæр йемæ цы хæрдзтæ баст уыдысты, уыдон фыста банг. Дыууæ хатты та аварийы бахауд æмæ йæ цалцæг дæр скодтой банджы хардзæй. Куыд ма загътам, 50 мин сомæй кæцы лæвар машинæ балхæдтой æмæ банджы хардзæй кæй дардтой, уый 2010 азы сентябры мæйы бангæн йæхицæн рауæй кодтой 650 мин сомыл æмæ йæ афтæмæй сæвæрдтой банджы балансыл.

Уыцы рæстæджы ма-иу æрбакодтой хæдбар бангтæ дæр. Бакодтой-иу сæ телефоны æрбадзургæйæ. Æмæ-иу сæ куыд бакодтой, афтæ-иу æхгæд æрцыдысты телефоны ныхасы руаджы. Афтæ баконд æрцыд цавæрдæр «Независимый банк», зæгъгæ. Ацы бангимæ цыдæр сæ хъуыддæгтæ нæ рауадысты æмæ баконд æрцыд «Бон-Банк» кæй хуыдтой, уый. Уыцы банг фæкуыста æртæ аз æмæ æрдæг æмæ йæм лæвæрд æрцыдис уыцы рæстæджы кредиттæ Национ бангæй, æдæппæт 494 милуан сомы. Уыдон та сты æрдæг миллиард сомы бæрц. Лæвæрд цыдысты хайгай, дзырдæн зæгъæм, радтой 20 милуаны, 30 милуаны, æмæ-иу сæ афтæмæй скодтой 100 120 милуан сомы онг. Æмæ сæ нæ фыстой. Дарддæр та-иу сын радтой 120 милуан сомы æмæ-иу раздæр цы кредиттæ райстой, уыдонæй-иу сæ бафыстой. Афтæмæй фæкуыстой æртæ аз æмæ æрдæгмæ. Фæлæ фæстаг кредит 150 милуан сомы фæстæмæ нал æрбаздæхтысты. Ацы бангмæ цы æрдæг миллиард сомы ахынцыд æрцыд, уыдонæй цæрджытæн кредиты хуызы лæвæрд æрцыд æрмæстдæр милуан сæдæ мин сомы, кæмæн сæ радтой, уыдон та бæрцæй уыдысты 35 адæймаджы, иннæтæ кæмæн лæвæрд цыдысты, уый бæрæг нæу. Контроль сыл ничи кодта æмæ сæ цы фæндыд, уый арæзтой. Цы 150 милуан сомы кой кодтон, уыдон лæвæрд æрцыдысты закъон фехалгæйæ. Нæ бангæн йæ уставон капитал у 100 милуан сомы æмæ йын бар ис, иу адæймаджы, иу организацийы къухмæ радтын кредит иууыл фылдæр уставон капиталæн йæ 20%. 25 % онг та гæнæн ис æмæ лæвæрд æрцæуа бангы директорты советы уынаффæмæ гæсгæ. Æгæрыстæмæй, 25 % куы лæвæрдтаид, уæддæр ын бар нæ уыд, 32 милуанæй фылдæр радтын. Æмæ ам та лæвæрд æрцыд бар цас уыд, уымæй фондз хатты фылдæр. Бангæн йæхицæн æхца кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ лæвæрд æрцыдысты банджы клиентты æхцатæ. Æмæ йæ клиенттæ та уыдысты фылдæр бюджетон организацитæ.

Мæнæн 2012 азы августы мæйы Мæскуыйы «Центробанк»-ы цы фембæлд уыд, уым сын æз загътон, зæгъгæ, æппæт адæттæ куы зыдтаин, уæд ацы куыстмæ ницыгъуызы бацыдаин. Æмæ мын уæд иу бæрнон кусæг афтæ, зæгъгæ, дæ бон у еныр дæр ацæуай. Уый та йæ къух æвæрдта ацы бангы хистæрыл. Æмæ йын уæд æз загътон, ныр афтæ цæугæйæ нал у, хъуамæ хъуыддаг кæронмæ акæнон.

150 милуан сомы тыххæй ма зæгъдзынæн уый æмæ, сæ фидыны рæстæг куы фæуд кодта, уæд мæм уыцы банджы директор Кокойы фыртæн æрæрвыста куырдиат, цæмæй йын сæ фидыны æмгъуыд адарддæр кодтаин, фæлæ уый мæнæн иунæгæй саразын мæ бон нæ уыд. Æз ын æмгъуыд адарддæр кæныныл куы сразы уыдаин, уæд афтæ рауадаид, цыма æз дæр йемæ цавæрдæр хъуыддæгты хайадисæг дæн. Хабар уымæ æрцыдис æмæ йæ хъуыддаг лæвæрд æрцыд тæрхондонмæ.

Тæрхон ыл æрцыд 7 азы æмæ æрдæг ахæстоны фæбадын, фæлæ уымæй къаддæр аххосджын нæ уыдис, чи йын сæ радта, уый. Ома, мæ размæ чи куыста, уый Дзантуаты Олег. Уый цытæ арæзта, уыдонæй дарддæр ма ардæм æркодта ноджыдæр æхсæз кусæджы æмæ арæзтой хуыз, цыма цыдæр аразынц, фæлæ, æцæгæй та ницы арæзтой. Майрæмбоны-иу ацыдысты æмæ-иу къуырисæры та фæссихор æрцыдысты. Гъе, афтæ куыстой. Фактон æгъдауæй къуыри куыстой æртæ боны.

Æз кусынмæ куы æрбацыдтæн, уæдмæ дзы цалдæр ацыдис. Куыстмæ куы æрæвнæлдтон, уæд иннæтæ дæр ацыдысты. Уæдæй фæстæмæ бангы кусынц бынæттон адæм.

— Æмæ, уæдæ, бæрндзинадмæ конд не ’рцыдис Дзантуйы фырт?

— Ууыл дæр РХИ-йы Генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг æмæ ис агуырды. Уыдис ын Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад дæр, фæлæ йыл уый йæ къух систа æмæ уæрæсейаг æмбæстаг кæй у, уымæ гæсгæ Уæрæсе та йе ’мбæстæгты нæ дæтты, æндæр паддзахад кæй стæм, уый тыххæй. Уголовон хъуыддаг ыл Мæскуыйы округмæ æрвыст æрцыд, уырдыгæй та Цæгат Ирыстонмæ æмæ куыд фехъуыстон, афтæмæй æрæджы йæ фыд фæзиан æмæ йæ фыды зианы дæр нæ уыд.

Æз мæ куысты фæдыл бирæ хорз цæгатирыстойнаг адæймæгтыл сæмбæлдтæн æмæ сын абон дæр стыр аргъ кæнын. Фæлæ дзы, хъыгагæн, разынд Дзантуйы фырт æмæ уый хуызæн адæймæгтæ дæр, кæцытæ нæ зын уавæрæй пайда кæнгæйæ кодтой æрмæстдæр сæ дзыппы кой.

Бангæн йæ лагъз у æнæфевналгæ. Фæлæ-иу уæддæр уырдыгæй дæр хаст æрцыдысты æхцатæ, æдæппæт — 30 милуан сомы бæрц. Ацы хъуыддаг иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдис, фæлæ тынг арæх.

Æз арæх фæхъуыды кæнын, цæмæн нæ хъуыдысты ахæм æрхонгæ специалисттæ абырджытæ. Ахæмтæ нæхимæ нæ разындаид? Нæхи абырæг ма дзы къæбæр искæимæ уæддæр бахордтаид. Йæхицæн ма ам хæдзар уæддæр сарæзтаид æмæ ам цæргæйæ уæддæр баззадаид.

Ам мæ банысан кæнын фæнды уый æмæ æрмæст Дзантуйы фырт нæу аххосджын, фæлæ йыл контроль чи нæ кодта æмæ дзы дзуапп чи нæ домдта, уыдон дæр. Банг алы аз дæр закъонмæ гæсгæ хæсджын у æмæ ауадза аудит, зæгъгæ. Аудиторты хатдзæг хъуамæ лæвæрд æрцæуа Президентмæ æмæ Парламентмæ. Хыгъдмæ байхъусынц Парламенты комитеты, стæй Президиумы æмæ уый фæстæ та сессийы. Афтæ алы аз дæр. Дзантуйы фырт та æхсæз азы фæкуыста æмæ иу хатт дæр хыгъд нæ сарæзта. Нæ сарæзта уымæн æмæ дзы домгæ дæр ничи кодта. Ирон æмбисонд куыд зæгъы, æнæхицау хъæуæн, дам, рувас йæ хицау.

— Зын аиуварсгæнæн уыдысты, Дзантуйы фырт цы «бынтæ» ныууагъта, уыдон?

— Мах, зæгъæн ис, афæдз æмæ æрдæджы бæрц, нæ комкоммæ хæстæ не ’ххæст кодтам. Махæн нæ бон нæ уыд клиентты домæнтæ сæххæст кæнын. Фæлæ, уæддæр, цыдæр амæлттæ кодтам. Уæдмæ финанскæнынад дæр фæхуыздæр æмæ нæ хъуыддæгтæ дæр рæвдзæй-рæвдздæр кæнын райдыдтой æмæ уæд сулæфыдыстæм. Махæн бантыст, бангæн цы зианрачындæуыд, канд уый баххæст кæнын нæ, фæлæ ма ивгъуыд азы фæстиуджытæм гæсгæ ныр нæ æфтиæгтæ бирæ фæфылдæр сты.

— Бæрæг куыд у, афтæмæй «Бон-Банк»-æн лæвæрд цы 150 милуан сомы æрцыд, уымæй дарддæр ма 180 милуан сомы лæвæрд æрцыд ноджыдæр кредиты хуызы, цы бацис уыцы æхцаты хъысмæт та?

— Уыцы 150 милуаны фæстæ ма кредиттæ лæвæрд æрцыдысты 180 милуан сомы бæрц. Кредиттæ чи райстой, уыдонæй сæ иу уыдис Кортиаты Алан. 7 мæйы дæргъы уымæн лæвæрд æрцыдис 3 кредиты æмæ абоны бонмæ йæ хæстæ баисты 1759, кæд дзы цыдæртæ бафыста, уæддæр. Йæ хъуыддаг лæвæрд æрцыд генералон прокуратурæмæ. Ахæм кредит 1250 сомы лæвæрд æрцыдис Дзауы поселочы цæрæг Плиты Гивийæн дæр. Кредит исыны рæстæджы уый цъынды (залогы) радта йæ хæдзар. Банджы кусджытæ нæ бабæрæг кодтой хæдзары уавæр, нæ йын саргъ кодтой куыд æмбæлы, афтæ æмæ йын æхца афтæмæй радтой. Уæдæй фæстæмæ уый иу сом дæр нæ бафыста, никуы дæр ын йæ проценттæ бафыста. Ацы хъуыддæгтæ, æз куыстмæ куы æрбацыдтæн, уæд сæ скалдтон, сбæрæг кодтон æмæ йæ тæрхондонмæ радтон, хæдзар рамбылдтам, фæлæ уый 300-400 мин сомæй фылдæр нæ исы. Уыдис нæм Джиголаты Виталик дæр, уый ахаста 120 мин сомы æмæ сæ кæй нæ фыста, уымæ гæсгæ йын систы 286 мин сомы. Уый йæ хæдзар уый фæстæ ауæй кодта Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн 700 мин соммæ. Уæд дзы министрæй куыста Гæбæраты Нугзар. Æз сæ тæрхондонмæ радтон æмæ тæрхондон уынаффæ рахаста, цыма сæ иу у цæсгомджын æлхæнæг, иннæ та цæсгомджын уæйгæнæг. Уый фæстæ йæм лæмбынæг куы æркастысты тæрхондоны, уæд ацы хæдзар банг рамбылдта.

Иу ахæм хæсджын ма уыдис Уанеты Мадинæ. Уымæн та йæ разæй скодтой 800 мин сомы. Уым хæдзар дæр нæ уыд, уыдис гуырдзиаджы хæдзар æмæ йæ ныппырх кодтой, иу дзырдæй зæхх дæр дзы нæ уыд. 34 хæсджыны кредиторы та сты ахæмтæ, кæцытæн бынтондæр сæ бон сæ бафидын нæу, фæлæ сын дуармæ рарвитæн дæр нæй. Се ’хсæн ис бынтон зæронд адæймæгтæ, кæцытæ цæрынц сæ пенсийы муртæй. Ахæмтæн тæригъæд дæр кæнын æмæ мæ бон куыд у, афтæ сын фенцондæр кæнын сæ уавæр. Къапекгай сын сæ хæссын кæнын, цæмæй уынджы ма баззайой, уымæн æмæ сын сæ хæдзæртты банг рамбылдта. Ахæмтæ бирæ сты. Иудзырдæй, мæ размæ ам чи куыста, уый бангæн зиан æрхаста 400 милуан сомы бæрц.

— Банджы раздæры сæрдаримæ ацыдысты кæй æрхуыдта, уыдон дæр. Ныр та куыд у уавæр, ис ма Национ банджы æддейæ æрхонгæ кусджытæ?

— Æз куыстмæ куы æрбацыдтæн, уæд æрбакодтон æрмæстдæр иу адæймаджы, уый дæр ардыгон у, скъола ам каст фæцис тынг хорз нысæнттыл. Стæй сахуыр кодта Мæскуыйы, кусгæ дæр уым кодта æмæ йын йæ зонындзинæдтæ зонгæйæ йæ ардæм фæхуыдтон. Иннæтæ се ’ппæт дæр сты бынæттон цæрджытæ. Уыцы æрцæуæггæгтæ нæ цæмæн хъуыдысты, кæд æмæ сæ зæрдæ ам никуы уыд. Æрцыдысты рæстæгмæ, æз сæ рахонин шабашниктæ.

— Цы куыст цæуы уæ кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй?

— Æртæ азы дæргъы, ома, мæ рæстæджы сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй нæхи кусджытæй Мæскуымæ, Санкт-Петербургмæ æмæ Казанмæ æрвыст æрцыдысты 31 адæймаджы бæрц. Мах сын æрмæстдæр бафыстам фæндаггаг, иннæ хæрдзтæ йæхимæ айста Центробанк. Арæзт сын цыдис æппæт фадæттæ дæр, цæмæй сæхиуыл кусой æмæ сæ зонындзинæдтæ фылдæрæй-фылдæр кæной. Мæ размæ та 6 азмæ арвыстой æрмæстдæр 2 адæймаджы.

— Цахæм куыст цæуы, кредиттæ чи исынц, уыдонæн хæрзвадат уавæртæ саразынæн?

— Банг адæмы тыххæй хъуамæ куса. Бангæн æнæ адæм кусæн нæй, æнæ адæм ын уæвæн нæй. Банг аразы адæмы къух, фæлæ зæгъæн ис йæ фырхъалæй кредит ничи исы. Уымæ гæсгæ нæ банджы кусджытæ архайынц, цæмæй уыцы кредит фидын сæ бон уа адæмæн æмæ дзы сæ хъуыддæгтæ аразой. Зындгонд куыд у, афтæмæй раздæр цыппар азы размæ афæдзæн процентон ставкæ уыдис 24 % бæрц. Уый фæстæ æрхауд 18 % æмæ æрæджы та, ацы аз 1 апрелæй æрхауд 16,5 %. Уый къухы бафтыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид адæммæ æмæ Парламентмæ цы ныстуан сарæзта, уым æрæвæргæ хæс æххæст кæныны фæстиуæгæн. Фæлæ ма æхца чи фæхаста, уыдон сæ куы æрбаздахиккой, уæд бангæн бантысид йæ куыст адæмы пайдайæн ноджыдæр фæхуыздæр кæнын.

— Æрæджы РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидимæ дæ фембæлды рæстæджы фехъусын кодтай нæ горæты сывæллæтты цæхæрадæттæй сæ иуæн æхцайы фæрæзтæй кæй баххуыс кодтай. Ахæм хæрзаудæн æххуыс ма бакодтай искæмæн?

— Ахæм æххуыс ма мах бакодтам нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайæн, цæмæй сæ кафджыты къордæн самал кæной кафæн формæ. Уымæ гæсгæ сын Национ банг æххуысы хуызы радта 100 мин сомы. Æрæджы Къостайы-хъæуы зынгсирвæзты рæстæджы цы хæдзар басыгъд, уый хицæуттæн та æххуысы хуызы лæвæрд æрцыд 80 мин сомы. Мах ма Мады Майрæмы аргъуанæн дæр æххуысы хуызы радтам 450 мин сомы. Æппæт уыдæттæ дзурæг сты Национ банг фидарæй-фидардæр кæй кæны æмæ уыимæ та нæ республикæйы разамынады æххуысæй æмткæй стабилондæр æмæ рæсугъддæр кæй кæны йæ цæрджыты цард.

Зæгъын хъæуы уый дæр Национ банг ма кæй баххуыс кæны рады æнхъæлмæкæсын кæй бахъæуы, ахæм тыхст адæймæгтæн. Уыдонæн сæ уавæр бахынцæм æмæ сын сæ къух саразæм. Радтæм сын æнæрадæй кредит. Уыдон та сты ахæмтæ, йæ бизнес райтынг кæнын кæй фæнды, ахæм амалиуæггæнджытæ. Уырны мæ, уыцы æхцайы фæрæзтæй раст пайдагонд кæй æрцæуы æмæ сын рæхджы се ’нтыстытæ кæй бакæсдзыстæм газеты фæрстыл дæр.

— Куыд зонæм, афтæмæй банг кусы зынаргъ згъæртæй конд зæрдылдарæн монетæтæ æрзылды уадзыныл дæр. Цахæм монетæтæ уын бантыст саразын?

— Æрмæст ивгъуыд аз мах ахæм монетæтæ рауагътам Абайты Васойы райгуырдыл 115 азы сæххæсты æмæ РХИ-йы сырæзты 25 азы цытæн. Афтæ ма рауагътам æртæ æвзист монетæйы республикæйы аргъуанты хуызистытимæ. Ныртæккæ уыцы монетæтæ реализаци цæуынц Национ банджы лагъзы.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.