Бæрæг куыд у, афтæмæй бангон системæ нымад цæуы экономикæйы сæйрагдæр рахæцæныл. Нæ национ бангы сырæзт æмæ архайд æнгом баст уыдис æмæ у нæ республикæйы цардимæ. Республикæйы цытæ цыдис, уыдон æнæбандавгæ нæ уыдысты бангыл дæр. Уый дæр, зæгъæн ис, æмæ æрцыдис æдзæллаг уавæрмæ. Фæлæ 2012 азы 18 июны Паддзахадон бангмæ РХИ-йы Национ банджы сæрдар Зассеты Феликс куы баздæхт, уæд бæстонæй æрæвнæлдта банджы куыстмæ. Алы бон дæр банджы документациимæ зонгæ кæнгæйæ, уыдта, цас хæрдзтæ æрцыдис, цас фыдаудæн митæ фæкодтой æмæ нæ адæмæн цас зиан æрхастæуыд, уыдæттимæ. Бангы æхцайы фæрæзтæн сæ кой дæр нал уыдис Корсчет Национ бангæн конд уыдис дыууæ раны «Банк Москвы»-йы Цæгат Ирыстоны филиалы æмæ иннæ та уыдис «Арт-Банк». Дыууæ бангы дæр уыдысты коммерцион. Рефинанскæныны хыгъдон ставкæйæн йæ æртæ проценты цыдис бангмæ. Афтæмæй банг æртæ аз æмæ æрдæгы дæргъы æфтиаг иста 2 милуан сомы. Бæрæг куыд у, афтæмæй æхцайы баззайæццæгтæ уыдысты егъау, 100 милуан сомæй 400 милуан сомы онг æрвылбон дæр. «Банк-Москвы»-йы уыдис махæн сæйрагдæр паддзахадон хыгъд. Уымæ гæсгæ æхцайы фæрæзты змæлд цыдис ацы бангыл. «Арт-Банк»-ы дæр сын уыдис паддзахадон хыгъд, фæлæ уым æртæ аз æмæ æрдæгмæ арæзт æрцыдис дыууæ операцийы æмæ йæ хыгъдыл ацыдис 17 мин сомы. Уыдонæй балхæдтой чекон книжкæтæ, æндæр практикон æгъдауæй нæ куыста. Йемæ сын ницы бадзырд уыдис, фæлæ дзы æхца уыдис кæддæриддæр 80 милуан сомæй 270 милуан сомы онг. Уыцы баззайæццæгтæ астæуккаг нымадæй алы бон дæр уыдысты 150 милуан сомы. Фæлæ Зассеты Феликс куыд зæгъы, афтæмæй йемæ бадзырд арæзт кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ дзы банг иу сом дæр никуы райста. Феликс уырдæм кусынмæ куы бацыд, уæд æхца нæ фаг кодта æмæ-иу бангы клиенттæ куы æрбавдыстой сæ фидыны хæслæвæрдтæ, зæгъгæ, нæ иу кæнæ иннæ районмæ фæнды не ‘хца æрвитын, уæд уымæн та паддзахадон фондыл æхца нæ уыдис. Фæлæ «Арт-Банк»-ы Зассейы фырт æрбаййæфта 105 милуан сомы æмæ уайтагъд æрдомдта, цæмæй сæ ахынцыдтаиккой «Банк-Москвы»-мæ. Уый уайтагъд карзæй æрдомдта æхцайы фæрæзтæ æмæ йæм дыккаг бон уайтагъд æрцыдысты – «Арт-Банк»-ы минæвæрттæ æмæ йæм ныххатыдысты, зæгъгæ, махæн ныртæккæ нæ бон нæу, уыцы æхцайы фæрæзтæ фæстæмæ раздахын, фæлæ Зассейы фырт семæ не сразы, уымæн æмæ уыдон уыдысты нæ банджы æхцатæ. Æнæ уыдонæй та нæ бангæн кусæн нæ уыд æмæ фидарæй æрдомдта, цæмæй, сæ тагъдыл фæстæмæ раздахой. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Зассеты Феликс сразы ис, цæмæй уыцы æхцайы фæрæзтæй афæдз 8 % фыстаиккой. Уый тыххæй сарæзтой бадзырд. Афтæмæй уыцы æхцатæй иу афæдзмæ райстой 8 милуан сомы пайда. «Раздæр дæр афтæ куы уыдаид, уæд нæ банг истаид æфтиаг, фæлæ йæ нæ сарæзтой, æвæццæгæн, уый кæмæндæр уыдис пайда. Æз куыд бакодтон, афтæ куы сарæзтаиккой, уæд нæ банг æфтиаг райстаид 42 милуан сомы. Фæлæ йæ нæ сарæзтой, уымæн æмæ ноджыдæр ма йæ зæгъон, уый кæмæндæр уыдис пайда», – банысан кодта РХИ-йы Национ банджы сæрдар.

Куыд зонæм, афтæмæй ма иу æрбакодтой уыцы рæстæджы хæдбар бангтæ дæр. Бакодтой-иу сæ телефоны æрбадзургæйæ. Æмæ-иу сæ куыд бакодтой, афтæ-иу æхгæд æрцыдысты телефоны ныхасы руаджы. Афтæмæй баконд æрцыд цавæрдæр «Независимый банк», зæгъгæ. Ацы бангимæ цыдæр сæ хъуыддæгтæ нæ рауадысты æмæ баконд æрцыд, «Бон-Банк» кæй хуыдтой, уый. Уыцы банг бакуыста æртæ аз æмæ æрдæг æмæ йæм лæвæрд æрцыдис уыцы рæстæджы Национ бангæй, æдæппæт 494 милуан сомы. Уыдон та сты æрдæг миллиард сомы бæрц. Лæвæрд цыдысты хайгай, дзырдæн, зæгъæм, радтой 20 милуаны, 30 милуаны æмæ иу сæ афтæмæй скодтой 100-120 милуан сомы онг. Уыдон-иу сæ нæ бафыстой, æмæ та-иу сын дарддæр радтой 120 милуан сомы æмæ-иу раздæр цы кредиттæ райстой, уыдонæй-иу сæ бафыстой. Афтæмæй фæкуыстой æртæ аз æмæ æрдæгмæ. Фæлæ фæстаг кредит 150 милуан сомы фæстæмæ нал æрбаздæхтысты. Ацы бангмæ цы æрдæг миллиард сомы ахынцыд æрцыд, уыдонæй цæр-джытæн кредиты хуызы Зассейы фырт куыд зæгъы, афтæмæй лæвæрд æрцыд æрмæстдæр милуан сæдæ мин сомы, кæмæн сæ радтой, уыдон та бæрцæй уыдысты 35 адæймаджы, иннæтæ кæмæн лæвæрд æрцыдысты, уый бæрæг нæу. Контроль сыл ничи кодта æмæ сæ куыд фæндыд, афтæ арæзтой æппæт дæр. «Уыцы 150 милуан сомы лæвæрд æрцыдысты закъон фехалгæйæ. Нæ бангæн йæ уставон капитал у 100 милуан сомы æмæ йын бар ис, иу адæймаджы, иу организацийы къухмæ радтын кредит иууыл фылдæр уставон капиталæн йæ 20 %. 25 % онг та гæнæн ис æмæ лæвæрд æрцæуа бангы директорты советы уынаффæмæ гæсгæ. Æгæрыстæмæй, 25 % куы лæвæрдтаид, уæддæр ын бар нæ уыд, 32 милуанæй фылдæр радтын. Æмæ ам та лæвæрд æрцыд, бар цас уыд, уымæй фондз хатты фылдæр. Бангæн йæхицæн æхца кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ лæвæрд æрцыдысты банджы клиентты æхцатæ. Æмæ йæ клиенттæ та уыдысты фылдæр бюджетон организацитæ», – загъта Зассеты Феликс. Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй уыцы рæстæджы фæивтой Уæрæсейы дæр бангон системæйы хъуыддæгтæ æмæ Хуссар Ирыстонæн дæр нал лæвæрдтой æхцайы фæрæзтæ, уымæн æмæ æууæнкдзинад нал уыдис Уæрæсейы æрдыгæй Хуссар Ирыстонмæ. Уæд нæ республикæйы разамынад бацархайдта хъуыддаг æрбæстон кæныныл æмæ уымæн та фадат фæцис 2013 азы октябры мæйы кæрон, уымæн æмæ уæд фæзындысты объекттæ æмæ уыдон саразыны тыххæй лæвæрд цыдысты æхцайы фæрæзтæ. Бангæн уæд йæ бон бацис йæ финансон уавæр 275 милуан сомы онг схизын кæнын. Уый та уыдис куыд нæ республикæйы разамынады, афтæ бангы коллективы иузæрдион архайды руаджы. Афтæмæй Зассейы фырты хъæппæрисон архайды руаджы бангæн йæ фæрæзтæ фæфылдæр сты æртæ хатты æмæ та ацы аз ноджыдæр фæфылдæр уыдзысты.

Зассейы фырт куыд радзырдта, афтæмæй раздæр кредиттæ дæттыны уыд хæццæдзинад. Кредит райсын кæй фæндыд, уыдон цыдысты Хицауадмæ, Парламентмæ æмæ, æгæрыстæмæй, Президентмæ дæр. Афтæмæй та бангæн ис æмбæлон хайад æмæ уырдæм хъæуы куырдиат бадæттын. Уым ын раттынц, цы документтæ бацæттæ хъæуы, уыдоны номхыгъд æмæ сæ кредитисæг бавдисы, кæдæм æмбæлы, уырдæм æмæ сын афтæ-мæй лæвæрд æрцæуы кредит. Æгæ-рыстæмæй, нæ хъæуы, банджы хис-тæрмæ бахатын дæр.

Ныртæккæ уавæр бынтондæр рараст. «Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 2013 азæй фæстæмæ куыд Национ банг, афтæ Æфснайæн банг дæр кредиттæ кæй радтой 5439 адæй-магæн. Уыдон сты фермертæ, амалиуæггæнджытæ, хицæн адæймæгтæ, фæлхасадон кредиттæ. Кредиттæн сæ иумиаг суммæ уыдис 1 миллиард 78 милуан сомы. Уый у иттæг стыр æххуыс адæмæн. Хорз хъуыддаг ма у уый дæр, æмæ раздæр куыд уыдис, афтæ нæм нал ис кредит райсыны тыххæй радтæ. Бангыл æууæндын райдыдтой æмæ йын ис финанскæнынад æмæ мах, стæй Хицауад дæр нæхи рады аразæм æппæт дæр, цæмæй æхцайы фæрæзтæ раздæрау ма сæфой, фæлæ сæ нысаныл æмбæ-лой», – банысан кодта банджы Сæрдар. Йæ ныхæстæм гæсгæ банджы кусджыты хатт бахъæуы, йæ кредиттæ чи нæ бахæссы рæстæгыл, уыдонимæ тох кæнын дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ раздæр афæдзæн процентон ставкæ уыдис 24 % бæрц. Уый фæстæ æрхауд 18 % æмæ ныр та у 16 %. Уый у стыр хæрзиуæгон архайд.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.