Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуырадон уагдæтты, Хуссар Ирыстонæй цы студенттæ ахуыр кæны, уыдоны фыццаг къорд сæ райгуырæн бæстæмæ æрцыдысты майы райдианы.

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй уыдонæн сæ ахуыры аз фæцис æмгъуыдæй раздæр коронавирусы инфекцийы аххосæй.

Студенттæ сты 250. Куыддæр арæнæй рахызтысты, афтæ сæ бакодтой дыууæкъуырион карантины. Фыццаг къорды курсанттæ, кæцытæ æрцыдысты Рязаны уæлдæр десантон æфсæддон ахуыргæнæндон æмæ Новосибирскы æфсæддон ахуыргæнæндоны курсанттæ конд æрцыдысты Дзауы районы рынчындонмæ. Ам курсанттæн арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр, æмæ 19 майы сæ карантины æм-гъуыд кæй фæцис, уый тыххæй сæ хæдзæрттæм ауагътой.

Фыццаг къорды курсанттимæ ис Рязаны десантон æфсæддон ахуыргæнæндоны фыццаг курсы студент Пухаты Михаил. Уый нын радзырдта:

«COVID-19»-ы тасдзинады тыххæй нæ институты рæстæгмæ ахуыр æрурæдтой. Мах, Хуссар Ирыстонæй ацæугæ лæппутæ, иу курсы десантон хайады ахуыр кæнæм цыппарæй. Ис ма дзы, æфсæддон бастдзинады дæсныйадыл чи ахуыр кæны, ахæмтæ дæр, фæлæ уыдон æндæр бынаты ахуыр кæнынц. Цалынмæ нын нæ гæххæттытæ цæттæ кодтой, цæмæй нæ Хуссар Ирыстонмæ рарвыстаиккой, уый тыххæй, уæдмæ изоляцийы уыдыстæм æмдзæрæндоны, уым хъахъхъæдтам гигиенæйы æппæт нормæтæ дæр. 4-æм майы Хуссар Ирыстонмæ куы æрцыдыстæм, уæд нæ бакодтой Дзауы рынчындонмæ. Ам, махмæ æрбаиу сты æндæр горæттæй æрцæугæ студенттæ дæр, иууыл иумæ баистæм 20 курсанты. Рынчындоны мах хæрзиуæгæн арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр. Медперсоналы ахаст уыд фæлмæн. Æртæ хатт нын сарæзтой тесттæ æмæ иууылдæр уыдысты æппæрццаг фæстиуджытæ. Знон изæр нæ 6 сахатыл рауагътой æмæ ныр нæ хæдзæртты уыдзыстæм. Æз не ‘мбарын, цæмæй тæрсынц, изоляцимæ кæй бакæнынц, уыдоны. Алчи дæр хъуамæ æмбара, хицауад цы мадзæлттæ исы инфекци ма апарахат кæныны нысанæн, уый æрмæстдæр нæхи пайдайæн кæй у. Æмбаргæ адæймаг хъуамæ йæ-хæдæг тырна, цæмæй низ уый аххосæй макæуыл бахæца».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй сæ ахуыргæнæндонæй куы рауагътой, уæд сын загътой, зæгъгæ, фæстæмæ æрыздæхдзыстут 1 июны, сæ ахуыр адарддæр кæныны нысанæн. Фæлæ, дам, мах бастдзинад дардзыстæм нæхи хицауадимæ æмæ уыдон куыд аскъуыддзаг кæной, афтæ бакæндзыстæм.

Пухаты Михаил ма нæ газеты фæрцы стыр бузныджы ныхæстæ зæгъы Президент æмæ Хицауады уæнгтæн, се ‘мбæстæгтæм ахæм хъусдарды тыххæй æмæ Дзауы рынчындоны медперсоналæн дæр сæ аудгæ ахасты тыххæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.