Æрвылуалдзæджы дæр æрдзы райхъалимæ сæ активондзинад сытынг вæййы джыбытæн – алыгъуызон бактериалон, вирусон æмæ риккетсиозон инфекциты цырынгæнджытæн, кæцытæм хауынц джыбыты вирусон энцефалит, джыбыты тиф, туляреми, джыбыты боррелиоз (лаймы низ), геморрагион тæфсæг, адæймаджы моноцитарон эрлихиоз, адæймаджы гранулоцитарон анаплазмоз æмæ æндæртæ.

Эпидемиологион хъусдарды управленийы инфекцион низты фæдыл хайады хистæр Елдзарты Кристинæ нын куыд радзырдта, афтæмæй джыбыты руаджы цы инфекцитæ апарахат вæййынц, уыдонæй нæ республикæйы территорийы регистраци æрцыдысты джыбыты иксодон боррелиоз æмæ хъырымаг геморрагион тæфсæг. Джыбыты инфекцитæй иууыл тынгдæр æмæ арæхдæр парахат кæны джыбыйы иксодон боррелиоз.

Хуссар Ирыстоны фæстаг азты уæлдай арæхдæр фæфылдæр сты адæймагыл джыбыты фæхæсты цаутæ. Цæвиттон, 2021 азы уый фæдыл хосгæнæн уагдæттæм бахатыдысты 107 адæймаджы. Уыдонæн сæ 36 проценты уыдысты 15 азы кары онг сывæл-лæттæ. 2022 азы та ахæм хосгæнæн уагдæттæм бахатыдысты 182 адæймаджы, кæцытæн сæ 44 проценты уыдысты 15 азы онг кары сывæллæттæ.

Фарон нæ республикæйы территорийыл регистраци æрцыдысты боррелиозæй фæрынчыны цаутæ. Уый размæ азы та Ленингор æмæ Цхинвалы районты территоритыл регистраци æрцыдысты хъырымаг геморагион тæфсæгæй фæрынчыны цаутæ, низы цыды уæззау синдромимæ. Уыцы рынчынтæй сæ иу æрвыст æрцыд Тбилисы хосгæнæн уагдонмæ. Дыккаг рынчынæн та хос кодтой Санкт-Петербурджы С.М.Кировы номыл æфсæддон медицинон академийы. Дыууæ рынчынæн дæр рæстæгыл хос кæй æрцыд, уымæ гæсгæ сæнæниз сты.

Джыбыты активондзинад райдайы уалдзæджы æмæ аххæссы октябры мæймæ. Уæлдай активондæр вæййынц май, июны мæйты. Ацы аз уал 5 мæйы дæргъы джыбыты хæстимæ республикæйы хосгæнæн уагдæттæм æрбацыдысты 25 адæймаджы, боррелиозæй фæрынчыны цаутæ та уыдысты 4.

Джыбы уæлдай арæхдæр вæййы кæрдæджыты æмæ ныллæг къутæрты. Уæлдай тынгдæр та вæййынц хуым-зæххыты, хъæды уаццæгты, хус холладжы, афтæ ма донбылгæрæтты. Джыбытæ тынгдæр æмхиц сты  ставдкъах фосмæ, бæхтæ, сæгътæ, фыстæ, куыйтæм æмæ хъæддаг æхсынджытæм.

Адæймаг, гæнæн ис, æмæ ма бафиппайа джыбыйы хæст. Уый рисгæ нæ фæкæны хæцгæ хæцын. Уымæн æмæ йæ сæты ис анестезион буарад. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ буарыл чи ныххæцы, уыцы джыбыйæн йæ бон у  цалдæр суткæйы дæргъы цъира  амæттаджы туг. Уый ма буарыл, гæнæн ис, æмæ цæуа иу бынатæй, иннæмæ æмæ афтæмæй ссары æнцондæрæй фæхæцæн бынат.

ЦАХÆМ ФÆСТИУДЖЫТÆ ИС  ДЖЫБЫЙЫ ФÆХÆСТÆН

Елдзарты Кристинæйы ныхæстæм гæсгæ, джыбыйы фæхæст уымæн тæссаг у, æмæ,  гæнæн ис, организммæ бахауын кæна инфекци.

Уыдон буарыл, цæст сыл кæм не схæца, ахæм бынæтты кæй фæхæцынц, уымæ гæсгæ зонын хъæуы йæ фæхæсты иумæйаг симптомтæ. Уыдон та сты ахæмтæ:

– кæм фæхæцы, уыцы бынат басырх вæййы;

-хуыссæг ахсын æмæ лæмæгъдзинады æнкъарынад;

– буары температурæ уайтагъд сбæрзонд вæййы;

– тынг рухсмæ фæриссынц цæстытæ;

– буар рафады;

– лимфон æлхынцъытæ фестырдæр вæййынц, улæфын вæййы зын, зæрдæ фæхæццæ кæны æмæ фæомы;

– ныуæртты системæ бахъыгдард вæййы;

– олигури;

– гепатомегали;

– хæцъæфтæ æмæ стджытæ фæриссынц.

 

КУЫД БАХЪАХЪХЪÆНÆМ НÆХИ ДЖЫБЫТÆЙ

Елдзарты чызг куыд зæгъы, афтæмæй, цæмæй дæхи джыбыйы хæсты рæстæджы инфекци æмæ уæззау фæстиуджытæй сæдас кæнай, уый тыххæй æххæст кæнын хъæуы ахæм домæнтæ:

  1. Хъæуы пайда кæнын сæрмагонд дарæсæй (дарæсы дыстæ хъуамæ уой даргъ, хæлафы къæхтæ та тъыст уой цырыхъхъыты кæнæ цъындаты.
  2. Дарæсы æмæ буары гом бынæтты бапырх хъæуы, джыбытæ кæмæй тæрсынц, ахæм буарад – репеллентæй;
  3. Хъæды, паркы кæнæ æндæр ахæм бынæтты цæугæйæ, цæуын хъæуы фæндаджы астæуты, бæрзонд кæрдæг æмæ къутæртæм æввахс балæууын нæ хъæуы, уым уæм, гæнæн ис, æмæ «æнхъæлмæ» кæсой джыбытæ;
  4. Хæдзармæ здæхгæйæ, хъæуы химæ кæнæ кæрæдзимæ æркæсын;
  5. Хæдзары уæвгæйæ, хъæдæй, паркæй кæнæ æндæр улæфæн бынатæй æрбаздæхгæйæ, басгарын хъæуы хæдзарон цæрæгойты дæр, ис сыл джыбытæ æви нæ;
  6. Адæмы джыбыты хæстæй бафæдзæхсыны нысанæн æмбæстæгтæ, индивидуалон амалиуæггæнджытæ æмæ юридикон цæсгæмттæ хъуамæ æмбæлон уагыл зилой æмæ æмбæлон санитарон уавæры дарой организациты, ахуыргæнæн уагдæтты территоритæ. Афо-ныл хъуамæ кæрдой газонты кæрдæг. Адæм фылдæр кæм змæлынц, уыцы территориты сыгъдæг кæной сыфтæртæ æмæ хус кæрдæджытæй.

 

ЦЫ БАКÆНЫН ХЪÆУЫ, ДЖЫБЫ КУЫ ФÆХÆЦА, УÆД?

Елдзарты Кристинæ куыд амоны, афтæмæй, цæмæй джыбыйы дæ буарæй сисай, уый тыххæй бацæуын хъæуы республикон медицинон центры æмæ районон рынчындæтты исæн хайадмæ. Кæд дохтырмæ тагъд бахауыны фадат нæй, уæд джыбыйы хъуамæ сисай дæхæдæг. Джыбыйы дæхæдæг куы исай, уæд дыл хъуамæ уа æрмкъухтæ æмæ пайда кæнай пинцетæй. Ахсджиаг у зонын, джыбыйы æнгуылдзтæй сисын гæнæн кæй нæй, нæй йæ бацъист гæнæн, спичкæйæ басудзын кæнæ сой, бензин, вазелинæй пайда кæнын. Джы-быйыл ныххæцын хъæуы буармæ æввахсдæр бынаты æмæ йæ уæлæмæ сабыргай æлвасын, фæрсæрдæмыты йæ æнкъусгæйæ. Кæм фæхæцыд, уыцы бынаты байсæрдын хъæуы антисептикон фæрæзтæй, зæгъæм, йод кæнæ хлоргексидины тадтагæй. Джыбыйы нывæ-рын хъæуы герметикон мигæнæны æмæ йæ радтын хъæуы «Гемотест»-ы диагностикон лабораторимæ. Æввахс рæстæджы скъуыддзаг æрцæудзæнис “Гигиенæ æмæ эпидемиологийы центр”-ы базæйыл анализтæ аразыны фарст. Уый тыххæй цæрджытæн фехъусын чындæуыдзæн.

Ахсджиаг у зæрдыл дарын, джыбытæй рæстæгыл хи бахъахъхъæнын æмæ дохтырмæ рæстæгыл бацæуын у дæ цард æмæ уе`ввахс адæмы цард фервæзын кæнын.

Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.