Республикæйы уыд спортивон къуыри. Ерыстæ уагъд æрцыдысты спорты 14 хуызæй. Уыдонæй 12 уыдысты РХИ-йы хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн. Зæгъæн ис афтæ дæр æмæ ерыстæй æххæст кæй æрцыд республикæйы рекорд. Хуссар Ирыстоны историйы никуы ма уыд ахæм егъау спортивон бæрæгбон, цæмæй спортуарзджытæн фадат уыдаит цы спорты хуыз уарзынц, уыцы ерыстæм бакæсынæн. Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной нæ республикæйы истори. Уымæ гæсгæ ерыстæ суыдзысты æрвылазон.  

                   РОГ АТЛЕТИКÆ

Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой рог атлетикæйæ архайæг спортсментæ. Хайад сæ райстой куыд Цхинвал, афтæ ма районты минæвæрттæ дæр. Уыдон ерыс кодтой 1000, 500, 300 æмæ 100 метры дæрццæгмæ згъорынæй.

 

ÆМБУАРХÆСТ

Бæрæгбоны цытæн ма турнир уагъд æрцыд æмбуархæстæй дæр. Майдантыл тох кодтой 80 спортсменæй фылдæр. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы хайад райстой Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан æмæ æмбуархæсты федерацаийы президент Уарзиаты Алексей. Цытджын церемонийы рæстæджы ма Уарзиаты Алексей æмæ дунеон ерысты уæлахиздзаутæ Хаситы Зелим, Тедеты Батрадз æмæ Арсен Каспаров æв-зонг спортсментæн равдыстой мастер-кълас. Ерыстæ уагъд цыдысты республикон комплексон спортивон скъолайы. Хайад сæ истой республикæйы иууыл тыхджындæр æвзонг спортсментæ.

***

Спортивон галуан «Олимп»-мæ дæр æрбацыд бирæ спортуарзджытæ. Уым республикæйæн нысаниуæгджын боны цытæн ерыстæ уагъд цыдысты армрестлинг, аивадон æмæ эстетикон гимнастикæйæ. Армрестлингæй ерысты архайдтой республикæйы столицæ æмæ районты минæвæрттæ. Сæрмагондæй рахицæн кæнын хъæуы Цъинагары хъæуы минæ-вæртты, кæцытæн сæ къухты бафтыд цалдæр майданы рамбулын.

Аивадон æмæ эстетикон гимнастикæйæ ерыстæн лæвæрд æрцыд «Олимпы стъалы»-йы ном. Æвзонг спортсменкæтæ сæ тренертимæ бацæттæ кодтой цымыдисон номыртæ. Боны дæргъы уыдон сæ арæхстдзинадæй рухс кодтой залмæ æрбацæуæг спортуарзджыты зæрдæтæ.

 

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Спортивон галуан «Олимп»-ы дыккаг бон та сæ арæхстдзинад æвдыстой уæззау атлетикæйæ æмæ боксæй архайæг спортсментæ. Уæззау атлетикæйы тренертæ куыд банысан кодтой, афтæмæй  ерысты фæстиуджытæм гæсгæ бæрæг æрцæудзæн республикæйы æмбырдгонд командæ, кæцы Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæндзæн уæрæсейаг ерысты.

БОКС

Боксы турнирмæ æрбацæуæг спортуарзджытæ федтой 30 тохы. Тынг цымыдисон фембæлдтытæ уыд чызджытæн дæр, кæцытæ фæстæ нæ фæлæууыдысты лæппутæй сæ цæттæдзинад фæлваргæйæ. Майдантыл тох кодтой куыд Цхинвал, афтæ Дзау æмæ Дменисы минæвæрттæ дæр.

БАСКЕТБОЛ

Дæргъвæтин рæстæджы фæстæ та республикæйы уагъд æрцыдысты ерыстæ баскетболæй. Уым хайад райстой цæгатирыстойнаг командæтæ дæр. Сæ тренертæ куыд банысан кодтой, афтæмæй сывæллæттæ тынг райзæрдæйæ æрцыдысты Цхинвалмæ æмæ ныр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсдзысты радон хатт сæ кæд фæхондзысты, уымæ.

 

ТХЭКВОНДО

Баскетболæй ерысты фæстæ залы æвæрд æрцыдысты додянгтæ (сæрмагонд гауыз), кæцытæ сын спортивон экипировкæимæ балæвар кодта паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан. Йæ фæрцы ерыстæ уагъд æрцыдысты трибунæтæ кæм уыд, ахæм спортивон залы æмæ фыццаг хатт спортуарзджытæн фадат фæцис спорты ацы хуызæй ерыстæм бакæсынæн. Турниры хайад райстой 100 тхэквондистæй фылдæр. Сæ цæттæдзинад ма дзы фæлвæрдтой РЦИ-Аланийæ æрцæуæг дыууæ командæйы. Хæстон аивæдты клуб «Рухс сомбон»-ы тренер Гуыцмæзты Валери сæрмагондæй рахицæн кодта Цхуырбаты Валерия, Коцты Артур, Гуыззыдтаты Бимболат æмæ Тедеты Барсæгы, кæцытæ равдыстой иууыл хуыздæр тохтæ.

 

ВОЛЕЙБОЛ

Бæрæгбоны цытæн ма ерыстæ уагъд æрцыдысты волейболæй. Хъæзтытæ уагъд цыдысты Паддзахадон университеты спортивон залы. Ам дæр карз спортивон тохтæ цыд уæлахиздзау суæвыны тыххæй.

ФУТБОЛ

Цымыдисон рауадысты футболæй ерыстæ дæр, кæцытæ фесты къуырийы кæрон. Хайад сæ райстой 15 командæйы, кæцытæ дихгонд æрцыдысты æртæ кары къордыл. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæй дарддæр ма сæрмагонд лæвæрттæ райстой турниры хуыздæр хъазджытæ.

***

Дзауы поселочы та мысыдысты Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Константины. Йæ номыл æрвылаз дæр фæуадзынц турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта районы администрацийы сæрдар Тыбылты Вандæ æмæ Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комиетты сæрдар Хубежты Руслан, кæцы æнæхъусдардæй нæ ныууагъта иу турнир дæр.

 

ШАХМАТТÆ

Кæронмæ  бахæццæ сты шахматтæй ерыстæ дæр. Уый райдыдта ивгъуыд азы ноябры мæйы. Хайад дзы райстой 18 иууыл хуыздæр æвзонг шахматисты. Уыдонæй иууыл цæттæдæр разынд Михаил Логачев æмæ йын лæвæрд æрцыд сæйраг приз – 50 мин сомы. Дыккаг бынат бацахста Джыгкайты Артур, кæцы хорзæхджын æрцыд 25 мин сомæй. Уæлдай карздæр тохтæ цыдысты æртыккаг бынат бацахсыныл. Фæстаг туры цыппар хъазæгæн уыд æмхуызон очкотæ. Сæ хъæзтытæ акæнгæйæ размæ ахызтысты дыууæйæ – Мчелидзе Алекс æмæ Биазырты Савели. Уыдонæн арæзт æрцыд уæлæмхас хъазт. Ам спортвион амонд бахудт Биазырты Савелимæ æмæ рамбылдта 20 мин сомы. Æнæ лæварæй нæ баззад Алекс дæр. Хорзæхджын ма æрцыд ерысты архайæг чызджытæй иууыл хуыздæр бæрæггæнæн чи равдыста, уый. 5 мин сомы преми лæвæрд æрцыд Уанеты Валерияйæн.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.