Юмористон радзырд

Æрыгон лæппу-лæг милицийы дарæсы, йæ къухы сæрак папкæ, афтæмæй асинтыл тагъд-тагъд суад æмæ дыккаг уæладзыджы æртæ фатермæ бахизæн дуæрттæй астæуккаджы раз æрлæууыд. Йæ формæ æррæстытæ кодта, стæй дзæнгæрæджы джыбы хъуамæ балхъывтаид,  фæлæ амонæн æнгуылдз джыбыйы комкоммæ уæлдæфы растæй андзыг, цыма йыл хæцгæ фæкодтаид, уыйау.

«Ам, æцæгæйдæр, хæст куы цæуы», – ахъуыды кодта йæхинымæр милиционер, ми-дæгæй сылгоймаджы хъæр-хъыллист хъусгæйæ, æмæ исдуг фæсагъæсыл, дзæнгæрæг ныццæгъда æви фæстæмæ аздæха. Фæлæ службæ службæ у, хæс æххæст кæнын хъæуы æмæ, æппынфæстагмæ, æнгуылдз уæддæр джыбыйы балхъывта.

Дуар байгом. Æрмæст иууыл нæ. Адæймаг дзы йæ сæр куыд радардтаид, афтæ. Æмæ дзы радардта йæ сæр Еспине –  фатеры хицау. Милиционер æнхъæл уыд, чи ракæса, уый сæр йæ сæры комкоммæ уыдзæн, фæлæ йæм уæлдæрæй бынмæ куы ‘ркаст уыцы сæр, йæ тызмæг цæстыты, йæ тар цæсгом ын куы ауыдта, уæд хорзау нал фæцис. Стæй ма йæ бæзджын, æндон ныхæстæ «цы ‘рцыд, цы хабар у?», – зæгъгæ, йæ хъустыл фарсты хуызы куы ауадысты, уæд бамбæрста, йæ къæхтæ йæ хорз ранмæ кæй нæ бахастой.

– Ы-ы, – де  ‘зæр хорз… – райдианы уал салам радта лæппу.

– Чи дæ хъæуы, кæй агурыс? – салам радтыны бæсты цæхгæр æркарста сылгоймаг.

– Æз… æз уæ ног фадыгон инспектор дæн. Мæнæ уæ хæдзар дæр мæ территоримæ хауы. Гъе, æмæ телефонæй радгæстæм æрбадзырдæуыд, ацы хæдзары, дам, уыцы æмæ уыцы фатеры, ома, мæнæ сымахмæ, хæст цæуы æмæ, дам, æй ныннымæг кæн.

– Йæ сæр хæсты цæхæры басудзæт йæ фæдзурæгæн. Багъæцæт, æз æй сбæрæг кæндзынæн æмæ сар йæ сæр кæны. Рахиз, гъа, æмæ нымæг кæн хæсты, – æмæ дуар æгасæйдæр байгом. Разынд милиционермæ сылгоймаг æгасæйдæр – дæргъæй уæрхмæ. Фæкаст æм æцæг къæдзæхы хуызæн. Дардыл зылд астæуы, синты æмæ уым дæлæмæ буары сæлхъывта сау хæлаф, – бæрæг уыд, фидар хъуымац фидар æндахæй хуыд кæй уыд. Астæуæй уæлæмæ та æмбæрзт уыд рог кофтæйæ. Ахæм бæрзонд, фæтæнтæконд сылгоймæгтыл йæ цæст царды куыннæ схæцыд, фæлæ йæ семæ хъуыддаг никуы уыд.

Дуар йæ фæстæ сабыргай, хъавгæ ахгæдта милиционер æмæ фæраст Еспинейы фæстæ, фæлæ йæ цæст хæдзары къуымты ницæуыл хæцы – бамбæрзтой сæ сылгоймаджы фæсонтæ, синтæ. Æрмæстдæр залмæ куы бахызт æмæ иуварс куы алæууыд, уæд æм разындысты хатæны къуымтæ, йæ мидæг æвæрд дзаумæттæ æмæ… диваны кæрон ныгъуылдæй бадæг мæллæг, фæлæ интеллигентон бакаст кæмæн уыд, ахæм лæг. Уый уыд Еспинейы цардæмбал Хъазбег.

Милиционеры куы ауыдта, уæд æм лæг тæригъæддаджы каст ракодта, стæй йæхиуыл фæхæцыд, уæхсджыты фæйнæрдæм айвæзта æмæ риуыдзаг йæхицæн рогæй сулæфыд. Æвæццæгæн, æнхъæлдта, йе ‘вварс кæй рахæцдзæн, кæй йæ бахъахъхъæндзæн. Уый ма зона æмæ милиционер йæхæдæг дæр Еспинейы цур йæхи хорз кæй нæ хаты. Æмæ уым диссагæй дæр ницы ис, милицийы нырма æрæджы райдыдта кусын, нæма сфæлтæрдта, нæма сфыхтис уыцы хъуыддаджы.

Райдианы уал Еспине цалдæр санчъехы сарæзта æмæ Хъазбеджы раз февзæрыд. Æргуыбыр æм кодта, йæ риуыл ын костюм, галстук, хæдонæй йе ‘нгуылдзтæ цæуыл фæхæст сты, уыдон æрбассывта йæ мустучъийы æмæ лæг цадæггай диванæй фæхи-цæн. Милиционермæ афтæ фæкаст, цыма йæхæдæг райдыдта стын, фæлæ зæвæттæ, стæй та дзабырты фындзтæ полæй куы фæхицæн сты, уæд бамбæрста, уый йæ Еспинейы цонджы тых кæй систа æмæ уæд йæ хуыз бынтон фæцыд, ай кæдæм бахаудтæн, зæгъгæ.

– Афтæ æнхъæлыс æмæ дæм милиционеры цур нæ бауæнддзынæн. Нæ йæ зыдтай командировкæйæ æрцæуинаг дæн, цæуылнæ мыл сæмбæлдтæ, кæм хъеллау кодтай? – райхъуыст арвы нæрдау йæ хъæлæс Еспинейæн.

– Никуы уыдтæн, мæ лабораторийы афæстиат дæн… – куыддæрты райхъуыст йæ нымд хъæлæс Хъазбегæн.

– А-гъа, мæнæй дын дæ мыстытæ зынаргъдæр сты, нæ?!

– Нæ-æ… мæ кандидатон диссертацийыл тагъд кæнын, æмæ… – хъуыры сæлхъывтой пысултæ æмæ хуыр-хуыр кæнын райдыдта лæг.

– Кæсыс, милиционер, æз æхца ссивын мидæмæ, уый та гæххæттытæ змæнтыны куыст кæны!

Еспине лæджы æруагъта. Уый йæ пысултæ бадзæбæхтæ кодта æмæ фæстæмæ йæ бынаты æрбадт. Диваны иннæ кæрон та Еспине æруагъта йæхи æмæ йæ иу къах зынтæ-зынтæй баппæрста иннæйы æккой.

Сабырдзинад бирæ нæ ахаста. Еспинейы барджын ныхæстæ ныр та милиционеры ‘рдæм здæхт уыдысты:

– Цæй, æрывнал дæ куыстмæ, хæстыты æртытæ нымæггæнæг.

Милиционер залмæ бахизæны, цыма йæ садзгæ æркодтой, уыйау æнæзмæлгæйæ æмырæй лæууыд. Цы акодтаид, уымæн ницы зыдта.

– О, фæлæ… – æрæджиау сфæрæзта дзурын милиционер, фæлæ дарддæр цы загътаид, уымæн ницы зыдта. Æмæ Еспине ныхас адарддæр кодта:

– Фæлæ цы? Нæ уыныс хæст? Нæ зоныс, цы ныннымæг кæнай, уый? Æмæ цы хъуамæ фенай? Хæсты дыууæ ныхмæлæууæджы кæрæдзийы дæрæн кæнынц, кæрæдзийы маргæ кæнынц æмæ ам та мæнæн кæм уыныс мæ ныхмæлæууæджы? Мæнæ уый? – йæ амонæн æнгуылдзæй ацамыдта нæлгоймагмæ.  Уый мæ лæг у!  Æмæ йын ныхмæлæууæджы хуыз ис? Штангæйæ бæстæйы дыууæ хатты чемпионкæ, æнтыстджын бизнесмен хæст самадта, мыстытыл йæ лабораторийы фæлварæнтæ чи аразы, мыстæй уæззаудæр чи ницы систа, уыимæ! Ха-ха-ха! – анæрыд йæ бæзджын хъæлæс æгас фатеры сылгоймагæн. Стæй уæззаугай сыстад йæ бынатæй æмæ… милиционеримæ се ‘хсæн дæрддзæг къаддæрæй къаддæр кæнын райдыдта…

Хъазбег ныгъуылдæй кæсы, цы ‘рцæудзæн дарддæр, уымæ. «Йæ цæрæнбон бирæ, милицимæ чи фæдзырдта, ныр ын ацы милиционер уайдзæф уæддæр кæд бакæнид», – ахъуыды кодта сæры магъз æмæ дарддæр та цы аскъуыддзаг кæндзæн, уый баст у, цæстытæ цы феной, ууыл. Уыдон та уынынц, милиционер куыд «æрбайсæфт» Еспинейы аууон.

Цы уавæры уыд милиционер та? Дæ балгъитæг ахæм уавæры ныххауæд! Еспине йæм куыд хæстæгдæр кодта, афтæ уый дæр фæстæ-фæстæ лæууыд, фæлæ кæйонг алæууыдаид, йæ фæстæ уыд къул æмæ йыл сныхæст, уæдæ æндæр цы кодтаид. Йæ хуыз бынтон фæцыд, уæрджытæ дон кæнынц. Афтæ фенхъæлдта, ныртæккæ уымæн дæр йæ риумæ бавналдзæн, йæ дарæсæй цæуыл фæхæст уа, уыдоны мустучъийы атымбыл кæндзæн æмæ уый дæр уæлдæфы дзедзылой кæндзæн.

Лæппу-милиционер цæмæй тарст, уый не ‘рцыд, хуыцау æй бахызта. Фæлæ тас нырма йе уæнгты бадт – хъуыддаг цæуыл фæуыдзæн, уый бæлвырд нæма зыдта. Йæ дуне та йыл бынтон æрбауынгæг  – фæстейæ къул, йæ разы – Еспине  æмæ уымæй йæ уавæр но-джы зындæр кодта.

Уæдмæ Еспинейæн йæ армы тъæпæнтæ йæ фæрстыл хæрдмæ сабыргай бырын райдыдтой.  Дыууæ лæджы сæм дзагъырдзастæй кæсынц. Армы тъæпæнтæ куыд уæлæмæ цæуынц, афтæ цæнгтæ та фæйнæрдæм сæхиуыл æнцайынц. Фæстагмæ армы тъæпæнтæ синты сæрыл æрæнцадысты æмæ Еспинейæ «Ф» дамгъæйы хуызæн рауад, кæд рæсугъд нæ уыд, уæддæр.

– Ацы дзæбæх милиционер, нæлгоймаг йæ цардæмбалæн куыд æмбæлы, афтæ куынæ лæггад кæна, уæд ын цы бакæнын хъæуы?

Милиционер иуцасдæр æдзынæг алæу-уыд, цыма йе ‘взаг аныхъуырдта, уыйау, стæй йæ нарæг уæхсджытыл хæрдмæ фæхæцыд æмæ æрмæстдæр уый фæстæ сфæрæзта дзурын:

– Мæ гъа… Мæнæн нырма ус нæй…

– Ма дын уæт, фæлæ йæ хъуамæ зонай: уæд æм хъæуы хыл кæнын, куы бахъæуа, уæд та нæмын дæр! Раст нæ дæн?

– О, о… – разыйы дзуапп райста сылгоймаг.

Хъазбег милиционерæй йæ бон базыдта æмæ йæхæдæг йæхи хъахъхъæнынмæ фæцис:

– О, фæлæ мæнæн дæр мæхи куыст ис, сæрибар рæстæг мын нæ фаг кæны…

– Ныхъус у! Дæ мызды къапеччытæй мæ уæлвæндаг фæкодтай… – æмæ та милиционермæ бадзырдта:

– Сылгоймаг уæвгæйæ, дæ нæлгоймагæн цард, бухъ цард куы уынын кæнай, йæ къахæй йæ ассон-ассон куы кæна æмæ дæ куынæ æмбара, дæ фарсмæ куынæ лæууа, уæд ахæм лæгæн цы кæнын хъæуы?

– Нæмын æй хъæуы! – фæныфсджын милиционер.

– Æз бизнесыл хæст нæ дæн… – райхъуыст та  Хъазбеджы ныхас.

– Бизнес, бизнес! Нæ дæ бизнесыл хæст æмæ цы царды ныххаудтæ, уый уæддæр æмбар! Мæнгæй нæ акæнынц, уæрццæн, дам, зад хуымы хизын нæ фидауы!

Æмæ та радон фарст  – милиционермæ.

– Мæ хъуыддæгты фæдыл куы уон, хæдзармæ æрæгмæ куы ‘рбацæуон æмæ хæринагæй мæ дзыхы цы акæнон, уый куынæ æрбаййафон, дæ разы дын, æгæрыстæмæй, кофийы чашкæ дæр куынæ авæра, уæд ахæм лæгæн цы бакæнын хъæуы? Нæмын æй нæ хъæуы?

– О, о, – æвæстиатæй та сразы милиционер.

Лæгæн дæр йæ дзуапп цæттæ уыд:

– О, фæлæ хæринæгтæ цæттæ кæнынмæ адæймаг куынæ арæхса, уæд цы хъуамæ бакæна?

– Дæ сыбыртт мын ма хъусын кæн! Рæхсгæ та цæмæ кæныс, дæ мыстытимæ архайынæй дарддæр!

– Зæгъ-ма,  милиционер, лæг æмæ ус дыууæ азы бæрц иумæ куы цæрой æмæ сывæллоны кæуын куынæ райхъуыса сæ хæдзарæй, уæд ахæм лæгæн та цы хъæуы?

– Нæмын! – Алыг кодта милиционер.

Лæг ацы хъуыддаджы дæр йæхи раст кæныныл схæцыд:

– О, фæлæ дын дохтыртæ мæ цуры куы загътой, зæнæг нын кæй нæ цæуы, уый дæ аххос кæй у…

– Ныхъус у. Ды дæр уыдонæй хуыздæр нæ дæ, чи сыл æууæнды!..

Милиционер ма Еспинейы цалдæр фарстæн радта уыцы цыбыр дзуаппытæ «о» æмæ «нæмын æй хъæуы» зæгъгæ, стæй сылгоймаг йемæ йæ ныхас балхынцъ кодта:

– Æмæ уæдæ цæмæн æрбацыдтæ, милиционер? Афардæг у æмæ дæ куыст кæн!

Милиционер цингæнгæйæ федтæдуар.

Рацыд бæрцæй цасдæр рæстæг æмæ та растдæр ацы милиционер ногæй хизы уæлæмæ, æрдæбон фырцинæй дæлæмæ цы асинтыл æрызгъорста, уыдоныл. Хъæлдзæг нал у, йæ къæхтыл цыма здыйæ цырыхъхъытæ ис, уыйау сæ иу къæпхæнæй иннæмæ уæнтæхъилæй исы. Нал æй фæнды уыцы дуары раз æрлæууын, уыцы æнæхайыры джыбыйы балхъивын, фæлæ службæ службæ у, хæс æххæстгæнгæйæ у. Æмæ та мæнæ æрлæу-уыд уыцы Еспинейы дуары раз. Бирæ фæлæууыд æдзынæгæй ам. Хъуысы йæм мидæгæй хъæр-хъæлæба æмæ йын уый ноджы йе уонг мары. Цалдæр хатты амонæн æнгуылдз бахаста дзæнгæрæджы джыбымæ, фæлæ йæм йæ нылхъивыны æхсар нæ разыны æмæ та цонг йæхи уырдыгмæ ауадзы. Фæлæ цас хъуамæ лæууыдаид кæйдæр дуары раз. Æмæ дын йæхи куы фесхъæл кæнид, йæ формæ æррæстытæ кодта, цæсгом тызмæггъуыз райста, афтæмæй дзæнгæрæджы джыбы нылхъывта.

Дуар байгом æмæ дзы йе стыр, хъуынджын сæр радардта Еспине.

– Цы ма дæ ферох ам? – тызмæгæй йæ фæрсы.

– Хатыр, фæлæ… – милиционер нæ баурæдта сылгоймаджы цæстæнгас æмæ йе  уæнгтæ æрызгъæлдысты.

– Ногæй мæ рарвыстой, хæст та, дам, дзы сытынг ис…

– Рахиз-ма æмæ дын æз бацамонон, хæст куыд нымæг кæнын хъæуы, уый, – Еспинейы æнгуылдзтæ фæхæст сты милиционеры риуыл æмæ йæ фæмидæг кодта.

Лæппу йе ‘намонд базыдта. Ныртæккæ Хъазбегау йæ къæхтæ уæлдæфы кæй дзедзлой кæндзысты, ууыл нал дызæрдыг кодта. Фæлæ та ацы хатт дæр афтæ нæ рауад. Еспине йæ æввахс йæ гуыбынмæ æрбалвæста, стæй йæ асхуыста æмæ гом дуарæй сæрбихъуырæйттæгæнгæ ратахт, худ та, цыма йæ хицауæй тынгдæр фæтарст, уыйау сæрæй атахт æнцойгæнæны сæрты æмæ бынæй кæмдæр йæ тъæпп фæцыд. Милиционер фæгæпп ласта æмæ асинтыл дæлæмæ ныййарц, фæлæ бæрæг нæ уыд, Еспинейæ лыгъд æви йæ худы фæстæ, уый.

Хуыцауæн æртæ чъирийæ фæкувынц. Æмæ та æртыккаг хатт дæр куы балæууиккой Еспинейы фатеры къæсæрыл. Æртæ гуыппырсары. Гамхудты мидæг. Æд хотыхтæ. Æвæццæгæн сын милиционер бамбарын кодта, хъуыддаг сæ кæимæ уыдзæн, уый. Уыйдон айтæ-уйтæ нал фæкодтой, фæлæ бадзæнгæрæг кодтой æмæ Еспине куыддæр дуар байгом кодта, афтæ йын йæ базгуытыл фæхæцыдысты æмæ… уынджы ахæст-тæласæн машинæйы смидæг ис. Лæг ма хъавгæ йæ фæстæ ракаст, фæлæ асинтыл никæйуал раййæфта.

Еспинейы цалынмæ милицийы хайадмæ ластой, уæдмæ йæ телефон йæ дзыппæй фелвæста, кæдæмты хъуыд, уырдæмыты адзырдтытæ кодта æмæ йыл сæмбæлдысты… диссаг… цытджын æгъдауæй. Æгæрыс-тæмæй дзы хатыртæ фæкуырдтой, афтæ кæй рауад, уый тыххæй. Йæ хæдзармæ йæ фæстæмæ дæр сæхæдæг æрбаластой. Ахæсттæласæн машинæйыл нæ – фæлмæн, чи не ‘нкъуыст, ахæмыл .

Æрбаластой йæ, фæлæта, диссаг… хæдзары йæ лæджы нал æрбаййæфта…

«Цы, лидзгæ акодта? Æмæ кæйонг алидз-дзынæ мæ хæдзæрттæй – Мæскуыйы фатер, Дзæуджыхъæуы – дыууæуæладзыгон хæ-дзар, ам мæнæ ацы фатер… Кæдæм алидз-дзынæ бангты ме ‘хцатæй, балæууæндон дæр дын куынæ ис, уæд? Дæ цыппæртыл мæм æрбабырдзынæ фæстæмæ!» – гуым-гуымгæнгæ рацу-бацу кодта хæдзары къуымты Еспине, стæй йæ хуыссæн бацагуырдта. Дуар дæр нæ æрæхгæдта йæхиуыл – æнхъæл уыд, Хъазбег кæй æрбаздæхдзæн æмæ хæдзарæй кæй ацыд, уый тыххæй дзы хатыр кæй ракурдзæн.

Фæлæ Хъазбег уыцы æхсæв дæр нал баздæхт, дыккаг бон дæр æмæ абоны бонмæ дæр…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.