РХИ-йы паддзахадон ветеринарон æмæ æмæ фитосанитарон хъусдарды службæйы хистæр Мæргъиты Алан нын радзырдта, джыбыйы хæст цы тæссагдзинад хæссы адæймагæн, уый фæдыл.

– Фæззæджы æрбалæудимæ, хъæдмæ хæстæг хъæуты цæрджытæ арæх фæцæуынц хъæддаг дыргътæ æмæ гагадыргътæ æмбырд кæнынмæ. Ацафон та уæлдай активон свæййынц джыбытæ, уыдон фæагурынц хъарм бынæттæ. Ацы инфекцион паразиттæ сты ахæм низтæхæссæг, куыд вирусон энцефалит, боррелиоз, туляреми æмæ æндæртæ. Цы низтæ ранымадтам, уыдонæй иууыл тæссагдæр у джыбыйы вирусон энцефалит – сæрымагъзы судзаг, кæцы, гæнæн ис æмæ адæймаджы æркæна æндзыгдзинадмæ, сахъатдзинадмæ, кæнæ та, æгæрыстæмæй мæлгæ дæр акæна. Джыбыйы вирусон энцефалиты ныхмæ профилактикон судзинтæ арæзт цæуынц фосдарджытæн, æмæ хъæдмæ арæх цы адæм цæуынц, уыдонæн. Æнæуый, Хуссар Ирыстоны территорийыл арæх нæу джыбыйы энцефалиты сцырыны циркуляци. Джыбыйы хуызтæ парахат сты Сыбыр, Урал, Дард Хурыскæсæны. Йæ пара-хатгæнджытæ сты хъæддаг æмæ хæдзарон цæрæгойтæ, мæргътæ.

Нæ республикæйы территорийыл уæвæг джыбыты хуызтæ афтæ тæссаг не сты. Фæлæ джыбы куы фæхæццæ хъæдгом бынаты, уæд æнæмæнг низы процесс фæтынгдæр вæййы. Джыбыты «цуан» кæныны уарзондæр бынæттæ сты сыфтæрджын хъæдтæ, адгуытæ, фæндаггæрæттæ, сæрвæттæ, парктæ. Хæдзармæ джыбы, гæнæн ис æмæ æрбахæссой хæдзарон цæрæгойтæ. Гæнæн ис æмæ æрбаирвæза быдырон дидинджытæй дæр. Уæлдай активон вæййынц асæст бонты къæвдайы размæ æмæ ирд боныгъæдты та райсомæй æмæ изæрæй.

Джыбы фæззæджы бонты æнхъæлмæ кæсы къалиуы кæрон бадгæйæ, цалынмæ йæ «амæттаг» цæрæгой – кæнæ  адæймаг  æнæнхъæлæджы къутæры къалиуыл нæ аныдзæвой, уæдмæ. Уæд джыбы цæстыфæныкъуылдмæ ныххæцы йæ амæттагыл æмæ æрдæг сахат фæагуры фæхæцынæн уæлдай уарзондæр бынæтты: дæлæрмтткæмæ, бæрзæй, хъусы фæстæ, тæнтæ, гуыбын. Джыбыйы хæст риссаг нæу, уый цармы бынмæ бауадзы рыстуромæн буарад, уымæ гæсгæ йæ буарыл уайтагъд ссарынæн гæнæн нæй. Йæ фыццаг симптомтæ зынын райдайынц 2-14 бонмæ. Низы райдианы адæймаг ихæн кæнын райдайы, йæ тæвд схизы 40 градусы онг, цыран фæхæцы, уыцы бынат фæриссы.

Джыбытæй хи бахизыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг у ахæм мадзæлттæ хъахъхъæнын:

1. Хъæды уæвгæйæ, архайын хъæуы, цæмæй ма бадат хус къалиутæ æмæ бæлæсты бын, уыдоны джыбытæ тынгдæр уарзынц цъæх бæлæстæй. Афтæ ма уыдон уарзынц уымæл, талынг бынæттæ хус кæрдæгимæ.

2. Хъæдмæ цæугæйæ уæ уæлæ скæнут ирд урсхуыз уæлæдарæс. Ахæм уæлæдарæсыл æнцондæ-рæй фенæн уыдзæн паразиты. Даргъ дыстимæ æддаг дзаумайы нытътъыссут хæлафы роны, хæлафы къæхтæ та – цъындаты мидæг, æнгом бабæттын хъæуы батинкъæты. Сæр бахъахъхъæныны тыххæй сæрыл хъæуы худ скæнын.

3. Хъæды уæвыны рæстæджы алы дыууæ сахаты фæстæ æмæ хъæдæй хæдзармæ æрбаздæхыны фæстæ дæр æнæмæнг хъæуы хи басгарын, кæнæ та дæм исчи лæмбынæг хъуамæ æркæстытæ кæна. Райдианы æркæсын хъæуы дарæсы æнцъылдтытæм, дыууæ фарсæрдыгæй дæр, уый фæстæ та лæмбынæг басгарын хъæуы буары, сæрыхъуынты, бæрзæйы, фæскъæбут, дæлæрмтты æмæ гуыбыны.

4. Буары гом хæйтты æмæ уæлæдарæсыл бапырх кæнын хъæуы ахæм препараттæй, кæцытæ марынц джыбыты – «Рефталид таежный», «Фрумитокс», «Претикс», «Торнадо-антиклещ», «Гардекс-антиклещ». Джыбыты тæр-сынгæнæн препараттæ та бапырхгæнæн ис куыд уæлæдарæсы, афтæ цармы гом хæйттæ дæр. Сывæллæтты бахъахъхъæныны тыххæй, гæнæн ис, спайдагæнæн крем-тæ «Меделакс», «Фталар», «Эфкалат». Одиколонтæ «Пихтал», «Эвитар», «Офф-детский», «Бибан-гель»-æй.

Кæд æмæ уыл уæддæр джыбы ныххæца, уæд хуыздæр у хосгæнæн – профилактикон уагдæттæм бацæуын.

Кæд æмæ джыбы кæм фæхæцыд, уыцы бынаты фæзынд сырх тæпп, фестырдæр сты лимфоæлхынцъытæ, схызт тæвд, фæхатыдыстут сæры кæнæ хæцъæфты рыстытæ, буар æнæхъæнæй рафаста, уæд æвæстиатæй хъæуы дохтырмæ бацæуын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.