Адæймаджы æнæниздзинадыл мæгуырауæрдæм чи æндавы, уыдонмæ хауынц джыбытæ дæр. Уыдонæн сæ активондзинад  сæтынг вæййы уалдзыгон-сæрдыгон рæстæджы, уæлдайдæр та май-августы мæйты.

Нæ ныхасы сæр кæуыл у, уыцы хуыз джыбы хауы паразиттæм æмæ иу адæймагæй низтæ æфтауы æндæр адæймагыл. Уыдон фæзынын кæнынц ахæм низтæ, куыд баррелиоз (лаймы низ), вирусон тæфсæг, туляреми, риккетсиоз. Афтæ ма ставдкъах фосыл дæр фæзынын кæнынц пироплазмоз æмæ анаплозмос низтæ.

Цы низтæ ранымадæуыд, уыдонæй иууыл тæссагдæр у джыбыты вирусон энцефалит, кæцы фæзынын кæны сæрымагъзы судзаг æмæ, гæнæн ис, æркæна æндзыг низмæ, инвалиддзинадмæ æмæ, æгæрыстæмæй, мæлæтмæ дæр.

Хуссар Ирыстоны территорийыл энцефалитæн нæу эндемион регион. Йæ парахат кæныны традицион зонæтæ сты Сыбыр, Урал æмæ Дард Хурыскæсæн.

Ацы азы фыццаг æмбисы Хуссар Ирыстоны фæлхасадон комитет срегистраци кодта джыбыты фæхæцыны 76 ца-уы. Уыдонæй 15 азы онг кары сывæллæттæ уыдысты 41.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ джыбытæ уæлдай арæхдæр кæй вæййынц сыфтæрджын хъæдты, адгуыты, фæндаггæрæтты, сæрвæтты æмæ паркты. Джыбы, гæнæн ис, æмæ хæдзармæ бафта быдырон дидинджытæй букеты мидæг. Уыдон уæлдай активондæр вæййынц асæст боны, хурбонты та райсом æмæ изæрæй.

Куыд фæтк, афтæ джыбыйы хæст рисгæ нæ фæкæны – уый буары бауадзы рыстуромæн буарад, уымæ гæсгæ уайтагъд нæ фæхатдзынæ, фæхæцыд дыл æви нæ, уый, стæй, гæнæн ис, уынгæ дæр æй ма фæкæнай.

Джыбыйы руаджы банысангонд низты фæзынды фыццаг симптомтæ, гæнæн ис, райдайой дыккаг бонæй цыппæрдæсæм бонмæ. Низ райдайы ихæн кæнынæй, бæрзонд температурæйæ, рыстæй æмæ, кæм фæхæцыд, уыцы бынаты судзаг фæзынынæй. Джыбытæй хи бахъахъхъæныны тыххæй хъæуы ахæм мадзæлттæ райсын:

Кæд æмæ уæ буарыл федтат, чи йыл ныххæцыд, ахæм джыбы, уæд хуыздæр у дохтырмæ бацæуын. Кæд, джыбы кæм фæхæцыд, уыцы бынат басырх, буары температурæ фæбæрзонддæр, сæр æмæ хæцъæфтæ риссынц, буар æгасæй дæр рафаст, уæд æвæстиатæй хъæуы дохтырмæ бацæуын.

        КОЦТЫ Маринæ,

      Санэпидемиологон станцы хистæр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.