КЪАХДЗÆФТÆ, КЪАХДЗÆФТÆ…

Къæхтæ фæндаг цыбыргæнæг сты. Уымæн та райдиан æмæ кæрон ис. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ нæ алчидæр йæ царды фæндагыл йæ райгуырдæй æрлæууы. Æниу, уыцы хъуыды, мæнмæ гæсгæ, раст нæу. Йæ райгуырдæй а-дунемæ фæзыны æдых – æнæбонæй, мады хъæбыс, авдæн йæ уарзон бынат кæмæн вæййы, ахæмæй. Фæлæ рахизы мады хъæбысæй, авдæнæй æмæ йæ ныфс бахæссы райдианы æнцæйтты, стæй та йæхи чи бавæй-йынц, уыцы къахдзæфтæ акæнын. Уæд райдайы йæ царды даргъ фæндагыл йæ фыццаг къахдзæфтæ нымайын. Мах ын фæкувæм, цæмæй йыл æнæниз, æнæмастæй фæцæуа æнус æмæ фылдæры бæрц.

О, фæлæ… О, адæймаджы уыцы дыууæ къахы! Сабийæ уыдон фæцæуынц сæ ныййарджыты, скъолайы сæ зондамонджыты амынд фæндагыл. Кæд дзы разыны, сæ къæхтæ æндæрæрдæм кæй хæссынц, ахæмтæ, уæддæр. Æмæ бирæты бахæссынц профессионалон-техникон кæнæ уæлдæр ахуыргæнæндонмæ. Дарддæр сын сæ хъомылад æмæ сæ зонындзинæдтæ фадат радтынц, цæмæй сæ сæ къæхтæ балæууын кæной уарзон куысты уæлхъус, ссарой уарзон адæймаджы æнæуæрст адæмы ‘хсæн æмæ йæ фембæлдтыты рæстæджы, йæ къæхтæ кæрæдзийы фæдыл исгæйæ, цæуой йæ фидæ-ны цардæмбалы фарсмæ. Стæй царды гуылфæнты къæхтæ ныфсджынæй размæ исгæйæ – иумæйаг цард, иумæйаг кæстæртæ, дарддæр –  кæстæры кæстæртæ æмæ кæс – æрхæццæ дæ ас кары къæсæрмæ. Цæуыс ноджы размæ æмæ дыл зæронды ном сфидыдта. Цæуыс та дарддæр æмæ… балæууыдтæ мæлæты раз.

Ахæм у цард, мæ хæлар! Рахызтæ авдæнæй, фыццаг къахдзæфтæ райдыдтай аразын –  цæудзынæ, цæудзынæ æмæ барвæндонæй æрцæудзынæ, кæй раз дæ балæууын нæ фæнды, уыцы мæлæты раз. Уый æрдзон хъуыддаг у, мæлæты иувæрсты ничи ма акодта йæ фæндаг æмæ нæдæр акæндзæнис. Фæлæ катайаг цы у! О, къæхтæ уымæн сты, цæмæй кæддæр дæ мæлæтмæ æрцæуай. Фæлæ хатт адæймаджы йæ къæхтæ мæлæтмæ даргъ фæндагæй фæиппæрд кæнынц æмæ йæ æнæрæстæджы цъыссыммæ бакæнынц. Ахæм ранмæ, цыран нæ бавæрдзæн, иууыл зынаргъдæр ын цы у, уый – йе ‘нæниздзинад, йæ цард æмæ мæлæтмæ йæ фæндаг фæцыбырдæр кæны.  Къæхтæ йæ бахæссынц ахæм ранмæ дæр, цыран саразы фыдракæнд æмæ мæлæтмæ йæ фæндаг адары ахæстоныл, рарастгæнæн лагертыл. Бирæтæм та мæлæт комкоммæ ракæсы йæ цæстытæй æмæ дзы аивæрзæн нал вæййы.

Зæххыл цал адæймаджы ис, уал цардвæндаджы ис. Алкæмæндæр нæ уый мæлæтыл кæй фæуыдзæн, уый алчидæр зоны. Фæлæ, хъыгагæн, алчи нæ зоны, аккагæй йæм куыд фæцæуа æмæ йыл куыд сæмбæла, уый. Æмæ йæ цæмæй зона, æмбара, уый тыххæй та нæ алчидæр хайджын у хъуыдыкæнынадæй, зондæй.  Уый æфтауы бæрæг фæндагыл адæймаджы æмæ йæ йæ къæхтæ дæр уыцырдæм ахæссынц.

Кусæт рæстæрдæм нæ сæры магъз, нæ зонд æмæ нын раст фæндагыл æфтауæд нæ къæхты.

 

НÆ   БУАРЫ   ДИССАДЖЫ   СКОНД

Диссаг у адæймагæн йæ буары æмæ кæм уæвы, уыцы æрдзы сконд. Мах æмбарæм, цахæм диссаджы буары хицау стæм, фæлæ не ‘мбарæм æмæ нæ бон рафæлгъауын нæу, уыцы буарæн йæ цармы мидæг цы хæйттæ ис, уыдон чысыл бынаты кæрæдзийы фарсмæ уæвгæйæ, адæймагæн æппæт йæ царды дæргъы æнæрынцойæ куыд кусынц. Дунескæнæг нын нæ риуы, æдасдæр ран, зæрдæйæн рахицæн кодта бынат, байдзаг æй кодта, кæй сфæлдыста, уыцы тæнгъæдæй – тугæй æмæ йæ ставд, астæуккаг æмæ лыстæг тугдадзинты руаджы сбаста буары алы хайимæ, алы чырæгимæ, цæмæй сæ хæлцæй ифтонг кæна æмæ цæрой, семæ та адæймаг йæхæдæг дæр.

Буары алы хайæн дæр йæхи куыст ис, иуы куыст дзы æнгом баст у æндæр хайы куыстимæ, иу дзы фæкъуыхцы вæййы – мæгуырауæрдæм бандавы æндæрыл, иу дзы амæлы – амæлынц иннæтæ дæр…

Адæймаг, хъуыды кæнын йæ бон кæмæн у, ахæм уæвæгой у. Æмæ цæмæй хъуыды кæна, уый тыххæй Дунескæнæг сфæлдыста магъз æмæ йæ бавæрдта стæгæй агъуды – сæры кæхцы, цæмæй йын мацы, мачи разиан кæна æмæ нын амона, кæд нæ цы бакæнын хъæуы, уый. Уымæ ис хъуыды кæныны æвзыгъддзинад, ифтонг у зондæй, адæймаг адæймаг цæмæй у æмæ æндæр уæвæгойтæй цæмæй хицæн кæны, уыцы хъуыдыкæнынадæй, зондæй. Уый  фæлвары йæхи, æгасæй адæймаджы, йæ алфæмблай æрдзы æмæ æгас дун-дунейы сконд, сæ арæзт, сæ уæвыны сусæгдзи-нæдтæ рафæлгъауыныл, фæлæ йын уадиссаг ницы æн-тысы, Дунескæнæг ын йе сфæлдыст дуне кæронмæ базоныны фадат нæ дæтты…

О, мах зонæм, нæ буары хæйттæ иууылдæр куысты ифтыгъд кæй сты. Иу дзы иннæйыл сайдæй нæ цæуы, иу дзы иннæмæ зул цæстæй нæ кæсы. Æмæ фарстæуы, чи нын æрбæстон кодта нæ буары хæйтты ахæм иттæг вазыгджын куыст, чи сбæрæг кодта буары алы хайæн дæр йæ бынат, йæ хæстæ? Стæй æрмæст адæймагыл æрæнцад нæ алфæмблай дуне! Цал æмæ дзы цал хуызы цæрæгойы ис æмæ уыдонæн дæр сæ буары хæйттæ – адæймаджы буары хæйтты хуызæн. Æрмæст уыдон дзурын нæ зонынц, нæ зонынц хъуыды кæнын дæр. Фæлæ сфæлдисæг афтæ бакодта æмæ алы хуыз цæрæгойтæ дæр кæрæдзийы хорз æмбарынц уасты, богъы, ниуыны, рæйыны, хъыс-хъысы, мимикæйы, уæнгты фезмæлды руаджы. Æгæрыстæмæй, махмæ цъиуты зард чи кæсы, уый та мæргътæн у кæрæдзиимæ ныхас кæныны фæрæз. Уæдæ хъуыдыкæнынадæй дæр хайджын куыннæ сты, уый сæ уагахастыл хорз зыны –  зонынц цин кæнын æмæ хъыг кæнын дæр. Æмæ, уадз, ахуыр ма кæнæт, президенттæ, депутаттæ ма æвзарæт – сфæлдисæг сæ цы хъуыдыкæнынадæй схайджын кодта, уымæй райгонд сты æмæ сын сæ къух аразы сæ цардуаджы фæлгæтты.

Ахæм цæрæгойтæй дарддæр ма тынг бирæ ис буары скондмæ гæсгæ хуымæтæгдæр цæрæгойтæ, стæй уыдонæй та ноджы бынтон хуымæтæг уæвæгойæ. Æмæ дзы алкæмæн дæр Дунескæнæг сныв кодта йæхи царды фæтк æмæ æгъдау. Иуты дзы зæххы уæлцъар æрцæрын кодта, иннæты уæлдæфы, æндæрты – дæтты, уæдæ дзы мæры чи абырыд, ахæмтæ дæр куыннæ ис. Иутæ дзы зайæгхал хæрынц, иннæтæ фыдхортæ сты, æндæртæ сæ дыууæты дæр хæрынц. Чи æнгуз уарзы, чи – хоры нæмыг, чи – мыд…

Æппæт уыдæттæ адæймаг æмæ æгас цæрæгойты дуне сты. Фæлæ ма илай, æнæ кæцы цæрæн нæй цæрæгойтæн, Уый у сæ хизæн, сæ къæбиц, знагæй се мбæхсæн, сæ хæдзар. Бирæ хуызтæ сты уыдон дæр – милуаны бæрц. Дунескæнæг сæ зæххы уæлцъарыл ныддихтæ кодта – иуты дзы салд, уазал бынæтты байтыдта, æндæрты – хъармдæр бынæтты, бирæ зайæгойты та – тæвд, æгæрыстæмæй змисджын быдырты дæр, фæлæ сæ хъæстаг ничи у. Иутæ дзы бæлæстæ свæййынц, иннæтæ – къутæртæ, гом зæхх та йæхи кæрдæгæй бамбæрзы. Цæрæгойтæй хъауджыдæр а – зæххыл уыдон цæугæ  нæ кæнынц.  Алы зайæгой дæр хæринаг ары мæры, йæ уидæгты руаджы йæ диссаджы хуызы исы зæнгыл хæрдмæ – къабузтæ,  сыфтæртæм  æмæ бæрæг бæрзæндмæ рæзы, ракалы сыфтæр, дидинæг, æрхæссы тыллæг.

Цæрæгойтау вазыгджын сконд ис зайæгойтæн дæр æмæ сын фадат дæтты, цæмæй уæвой æмæ зæххы цæрдгъуызæй дарой. Фæлæ сæ дыууæтæн дæр сæ иттæг вазыгджын сконд фаг нæу, цæмæй цæрой æмæ уæвой. Буарæн æдтейæ, сæ алфæмблайы уавæртæ дæр сын сæ къух хъуамæ аразой. Цæвиттон, цæрæгойты хъæуы уæлдæф, туаггуыр æмæ сæ уымæй ифтонг кæнынц зайæгойтæ. Цæмæй зайæгойтæ рæз хæссой, уый тыххæй сæ хъæуы уымæлад æмæ тæвд хур денджызты дæттæй бæрæг бæрц хъуамæ байсысын кæна, мигъы хуызы йæ бæрæг бæрзæндмæ сиса, уырдыгæй йæ дымгæ йæ разæй рахæсса æмæ къæвда æруара. Къæвдайы фæстæ зæхх сцъыф вæййы, фæлæ та хур куы ракæсы, уæд басур вæййы æмæ алкæмæндæр æнцон змæлæн свæййы.  Зæххыл, уæлдайдæр хæххон бынæтты, амыты – уымыты абухынц суадæттæ, цæуынц къададæттæ æмæ адæймаг уа, æви сырд, цæрæгой – басæтты йæ дойны. Цæрæгойтæн сæ алыварс ис, цæмæй цæрой, уый. Ис зайæгойтæн дæр цæмæй рæзой æмæ цæрой, уый. Уæдæ адæймаг дæр куыннæ пайда кæны æрдзы æппæт хæрзиуджытæй!

Цы уыдаид адæймаг, цæрæгой, зайæгой, сæ фæстæ сæхи хуызæттæ ныууадзынхъом куынæ уыдаиккой, уæд? Ногæй та æдзард, сыгъд Зæххы къори! Æмæ йæ ахæм хъысмæтæй дæр бахызта Дунескæнæг. Амæлынц иутæ, рухс фенынц æндæртæ. Иуты аргæ ныккæнынц, иннæтæ аикæй рахизынц, æндæртæ сæхи адих кæнынц æмæ сæ дыгæйттæ рауайы… Уый – цæрæгойтæ, зайæгойтæ та сæхи æркæнгæ тауинæгты, стæй æндæр амæлтты руаджы фылдæр кæнынц.

Цæрæгойтæ, зайæгойтæ, семæ адæймаг дæр афтæмæй Зæххыл сæ рæстæгмæ цардæй æнусон кæнынц Дунескæнæджы сфæлдисгæ вазыгджын царды.

 

ХОРЗДЗИНАДÆН   СÆФÆН   НÆЙ

Хорз аразын хæрзиуæгон хъуыддаг у. Уый алчидæр зоны æмæ æмбары. Æмæ уæд æмбисонд афтæ цæмæн зæгъы, зæгъгæ, хæрзгæнæг хорз нæ ары? Кæд афтæ у, уæд æмбæлы хæрзиуæгон хъуыддæгтæ аразын? Хъæуы, æнæмæнгдæр хъæуы. Ахæм зондыл хæст чи сты, уыцы бинонтæ, коллектив æмæ æхсæнад дæр æн-гомдæр удздæр цæудзысты. Адæм иугай адæймæгтæй конд сты æмæ адæймагæй адæймаджы ‘хсæн ахастытæ æм-бæлон куынæ уой, се ‘хсæн кæрæдзиæмбарынад куынæ уа, уæд æнцондæр сæттæн уыдзысты, тых сæм чи хæсса, уыдонæн дæр.

Æвзæр хъуыддагимæ абаргæйæ, хорз аразын бирæ зындæр у. Æвзæр ракæнд къухты кæддæриддæр бафтдзæн – хорз афтæ нæу. Цæмæй хорз ныхас искæ-мæн зæгъай, дæ цæст ын æй бауарза, уый тыххæй дæхæдæг хъуамæ хорз зондыл хæст уай, дæхицæн дæ цæст цы уарзы, уый уарза æндæрæн дæр. Уæдæ цæмæй исты хорз хъуыддаг искæмæн саразай, уый тыххæй дæхи хъуыддæгтыл хъуамæ кусай, фыццаджыдæр, æмæ дын рæвдз цæуой. Цы хъуамæ ракæнай хорзæй искæмæн, дæхи хъуыддæгтыл дæ куынæ фæнда кусын, уæд? Искæмæн хорз саразын хорз зонд дæр домы, хорз арæхстдзинад дæр æмæ фаг хъарутæ дæр. Уыдон та, хъыгагæн, алкæмæ нæ разынынц æмæ хæрзгæнджытæ не свæййынц.

Чи свæййынц ахæмтæ, уыдоны дæр, хъыгагæн, алчи нæ бамбары, аккаг аргъ сын не скæнынц. Уый, фыццаджыдæр, хауы сæ хæрзиуæгон архайд кæмæ здæхт вæййы, уыдонмæ. Уыдон райгондæй баззайынц, фæлæ рацæуы рæстæг æмæ бирæтæй айрох вæййы кæйдæр хорз хъуыддаг æмæ йын кæддæр фадат куы фæвæййы «йæ хæс бафидынæн», уæд хуыздæрыл банымайы аууоны балæууын. Уый нæ, фæлæ ма афтæ фæнымайы, цыма кæмæдæр æмбæлы ахæм хъуыддæгтæ кæнын æмæ йæм ноджы фенхъæлмæ кæсы, цæмæй та йын исты хорзы бацæуа. Чизоны ахæмты тыххæй у, цы æмбисонды кой скодтам, уый дæр.

Цæмæн рауайы афтæ? Æвæццæгæн, уымæн æмæ адæймаг йæ æрдзыскондмæ гæсгæ хæрзгæнæджы ракæнд цыбырдæр рæстæгмæ бадары йæ зæрдыл, æвзæр ын чи саразы, уымæй. Уый нæ фæтагъд кæны йæ хæрзгæнæгæн исты хорзы бацæуыныл, фæлæ фæтагъд кæны, маст дзы чи бауадзы, уымæн исты маст скæныныл, иу ныхасæй, йæ маст райсыныл.

Фæлæ уæддæр бæстæ ацы æмбисондыл нæ рынцад. Ахæмты, ома, хорздзинад чи не ‘мбары, уыдоны фæдзæхсы æндæр æмбисонд, лæггад дыууæрдæм у, зæгъгæ. Исчи дын балæггад кодта, хæрзиуæгон хъуыддаг, гъе та хъуыддæгтæ дын сарæзта – хæсджын дæ æмæ ды дæр искæмæн хорзы бацæуай, искæйы фарсмæ балæууай, йæ цин, йæ хъыгæй йын иучысыл уæддæр айсай.

Куыдфæнды ма уа – хæрзгæнæджы фарн нæ сæфы, æгæрыстæмæй хорз кæмæн саразы, уый йæ куынæ бамбары, уæд дæр. Кæй æхсæн цæры, уыдон ын кæсынц йæ архайдмæ æмæ йын аргъгæнæг дæр уыдон вæййынц. Уымæн у адæмы иумиаг хъуыды ахæм, зæгъгæ, хорздзинад нæ сæфы æмæ уый дæр не ‘хсæн фæлтæрæй фæлтæрмæ цæуы æмбисонды хуызы.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.