ФЕМБÆЛД НОГ ФОРМАТЫ

Уæрæсейы президент Владимир Путин Сочийы ног форматы фембæлд Белорусийы президент Александр Лукашенкоимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы æмгуыстадыл гуманитарон фадгуыты. Рабадты хайад райстой дыууæ бæстæйы профилон министртæ дæр. Путин банысан кодта, зæгъгæ, гуманитарон æмгуыстад у уæлдай ахсджиагдæр здæхт, кæцы у абоны дунейы æмæ, сæрмагондæй, нæ бæстæты рæзты бындур. Лукашенко бузныг загъта ахуырадон центр «Сириус»-мæ йæ кæй фæхуыдтой, уый тыххæй.

 

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта Францы президент Эммануэль Макронимæ. Банысанчындæ-уыд, зæгъгæ, украинæйаг фарсы ‘рдыгæй архайдтытæ, уыцы нымæцы æвзæрстытæм уæрæсейаг хъусдарджыты ма бауадзын, афтæ ма Уæрæсейы территорийыл æвзарæн фадгуытæ кæй не сорганизаци кæндзысты, уыдон ныхмæвæрд сты иумиаг демократон нормæтæн æмæ ЕÆÆО-йы принциптæн. Ныхасы рæстæджы ма банысан кодтой дарддæр дæр иумиаг куысты тыххæй, уыцы нымæцы «нормандаг форматы» фæлгæтты дæр.

ДУНЕОН КОНФЕРЕНЦИ

Мюнхены  йæ куыст фæцис æдасдзинады фæдыл 55-æм дунеон конференци. Уæрæсейы делегацийы сæргъ лæууыд Сергей Лавров. Æдасдзинады фарстаты æмрæнхъ уыдысты экономикон фарстатæ дæр. Иугонд Штатты фæнды Уæрæсейæ газы европæйаг базар байсын, фæлæ Меркель йæ ныхмæ рацыд. «Æз æй нæ зонын, абоны уавæр цæмæн нымад цæуы афтæ æвзæрыл, цæмæй мах «нæ» зæгъæм Уæрæсеимæ æмгуыстадæн. Нымайын афтæ, уый æмбæлон нæу европæйаг интерестæн», – банысан кодта Меркель. «Мах стæм нефть æмæ газы егъаудæр уадзджытæ æмæ сидæм нæ партнертæм фидарæй «Северный поток-2»-йы ныхмæ фæлæууынмæ. Сергей Лавров йæ раныхасы фехъусын кодта, зæгъгæ,Уæрæсе цæттæ у АИШ-имæ диалогмæ, уыцы нымæцы стратегион стабилондзинады фарстыты фæдыл дæр, фæлæ ахæм фæндон нæ уынынц Вашингтоны ‘рдыгæй.

ПЛАНОН АТАХТ

Уæлдæфон-космикон тыхты дыууæ стратегион ра-кетæхссæг Ту-95МС сæххæст кодтой планон атахт Япойнаг æмæ Охотскы денджызты, афтæ ма Сабыр денджызы ныгуылæйнаг хайы акваторийы нейтралон дæтты сæрмæ. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, зæгъгæ, бомбæзгъалæн хæдтæхджыты хъахъхъæдтой куынæггæнæг хæдтæхджытæ Су-35С. Маршруты иуæй-иу фадгуыты уæрæсейаг хæдтæхджытимæ æмдзу кодтой Японы хъахъ-хъæнынады уæлдæфон тыхты куынæггæнæг хæд-тæхджытæ. Ту-95МС тæхджытæ уæлдæфы уыдысты 15 сахатæй фылдæр. Дард авиацийы хæдтæхджытæ регулярон æгъдауæй атахтытæ аразынц Арктикæ, Атлантикæ, Сау денджыз æмæ Сабыр денджызы нейтралон дæтты сæрмæ.

РАНЫХАС КОДТА ФОРУМЫ

Уæрæсейаг инвестицион форумы пленарон рабадты рæстæджы УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев йæ раныхасы фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг амалиуæг-гæнджытæ разæнгардæй архайынц национ проекттæ среализаци кæныныл. Фехъусынчындæуыд ныридæгæн иу мин инициативæйæ фылдæры тыххæй, кæцыты иумиаг аргъ у 76 трилуан сомы. Уыдонæй 250 сты инвестицион фæндæттæ. Медведев банысан кодта, зæгъгæ, паддзахады ныфс ис рæзты институтты, паддзахадон структурæты æмæ фыдыбæстæйон бизнесы минæвæртты ‘рдыгæй максималон активондзинадæй. Паддзахад фæнд кæны 12 национ проектыл 25,7 трилуан сомы бахардз кæнын 2024 азмæ. Уæлдай зынаргъдæр уыдзæн «Æдас æмæ гъæдджын автомобилон фæндæгты» национ проект, кæцыйыл бахардз уыдзæн 5 миллиард сомы.

БАСЫГЪТОЙ АИШ-Ы ТЫРЫСА

Республикæ Гаитийы протестон дзыллон акцийы хайадисджытæ басыгътой Иугонд Штатты тырыса æмæ хъæр кодтой «Долой американцев, да здравствует Путин». Протестгæнджытæ æрсидтысты Уæрæсемæ, цæмæй сын баххуыс кæна бæстæйы уавæр æрбæстон кæнынæн. Митинггæнджыты лидертæй сæ иу куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ гаитиæгтæ домынц Иугонд Штаттимæ ахастытæ фехалын, цæмæй фервæзой америкæйаг оккупацийæ. Домынц, цæмæй республикæйы сæргълæууæг Жовенел Моизы отставкæ, кæцы, зæгъ, у Вашингтоны сæвæргæ лæг.

БАЛХÆДТОЙ УÆРÆСЕЙАГ РАКЕТОН КОМПЛЕКСТÆ

Иугонд Арабаг Эмиратты гарзджын тыхтæ балхæдтой танкы ныхмæ уæрæсейаг ракетон комплекстæ «Корнет-Э» æмæ зенитон-ракетон комплекстæ «Панцирь». «Корнет-Э» контракты аргъ у 40 милуан доллары, «Панцирь» та -12,1 милуан доллары. Уый тыххæй фехъусын кодта бригадон инæлар Мохаммед Хассайни дунеон хъахъхъæнынадон равдысты, кæцы уагъд цæуы Абу-Дабийы 17-21 февралы.

ÆРБАЦЫДЫСТЫ ВЕНЕСУЭЛÆМÆ

40 бæстæйы рахисфæсивæдон змæлды минæвæрттæ æрбацыдысты Венесуэлæмæ бæстæйы къухдариуæгад æмæ президент Николас Мадуройы фарсхæцынады сæраппонд мадзæлтты хайад райсыны тыххæй. Æмбырд ахæм номимæ «Международная бригада Че Гевары солидарности с Боливарианской революцией», зæгъгæ, уагъд цæуы адæмты дунеон ассамблеяйы размæ, кæцы уагъд æрцæудзæн 23-27 февралы Каракасы. Фыццаг бон Уæрæсе, Европæ, Африкæ, Цæгат æмæ Латинаг Америкæйы хайадисджытæ фембæлдысты къухдариуæггæнæг парти «Единая социалистическая партия Венесуэлы»-йы къухдариуæгадимæ. Венесуэлæйаг министр уазджыты раз ныхас кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, Венесуэлæйы нæ хъæуы гуманитарон æххуыс. «Мах фæнды, цæмæй нын раздахой цы фæрæзтæ нæ адавтой, уыдоны æмæ сисой блокадæ. Гуманитарон æххуыс у сайæн акци, уымæй сæ фæнды хæст расидын», – загъта уый.

БАРТХЪИРÆН КОДТА ÆФСАДМÆ

Америкæйаг сенатор Марко Рубио æртхъирæн кæны Венесуэлæйы æфсæддонтæм. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, уыдон куы бахъыгдарой АИШ-æй  гуманитарон æххуыс баласынæн, уæд сæ бахъæудзæн цæрæнбонты тæрхондонæй æмбæхсын.

УРÆД ÆРЦЫД

Мæскуыйы урæд æрцыд егъау инвестицион компани «Восток»-ы бындурæвæрæг америкæйаг Майкл Калви. Йемæ ма урæд æрцыдысты ноджы фондз адæймаджы. Уыдоны аххосджын кæнынц егъау финансон хæрдзтæ хибакæныны фæдыл фæлывд миты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.