Уф-йы Президент æрцыд Кемеровомæ

27-æм марты райсомæй раджы Кемеровомæ æрцыд УФ-йы Президент Владимир Путин. Уый уардиты букет сæвæрдта, чи басыгъд, уыцы базарадон-хиирхæфсæн центры раз. Президент рабадт ауагъта зынгсирвæзты фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл. Рабадт райдыдта иу минут æмырæй алæууынæй. Уый фæстæ паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, зынгсирвæзты рæстæджы адæмы амæлæты аххосаг у «фыдракæндон æнæмæтдзинад æмæ æнæсæрфатдзинад». Путин бахæс кодта УФ-йы Фæдагурæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкинæн, цæмæй æмбæлон аргъ скæна горæты бæрнон бынæтты кусæг адæймæгтæн, кæцытæ бæрндзинад хæссынц зынгсирвæзты тыххæй. Бæстæйы сæргълæууæг ма фембæлд цæрджыты инициативон къордимæ, кæцытæ не ‘ууæндынц фæдагуырды куыстыл. Путин сын ныфс бавæрдта, зæгъгæ, фæдагурæн куыстытæ уагъд æрцæудзысты ирд æмæ растæй. Зынгсирвæзты трагедийы цы 64 адæймаджы фæмард, уыдонæй 41 сты сывæллæттæ.

28-æм март Уæрæсейы Федерацийы расидт æрцыд æппæтнацион фыдохы бонæй.

 

Фæзындзæн авиабастдзинад

Ацы аз сæрды  Цæгат Ирыстоны аэропортæй Хъырыммæ фæзындзысты авиарейсытæ. 2018 азы июны мæйы авиакомпани «РусЛайн»  Дзæуджыхъæуæй Симферополмæ сараздзæн йæ фыццаг рейс.  Уымæй дарддæр ма авиакомпани Симферополмæ рейсытæ сараздзæн ноджы уæрæсейаг фондз горæтæй – Налцыкк, Воронеж, Ставрополь, Липецк æмæ Тамбовæй. Дзæуджыхъæуæй Симферополмæ хæдтæхæг тæхдзæн сабатбонты 10 сахат æмæ 30 минутыл.

Урæд æрцыд украинæйаг хакер

Испаны полици баурæдта Украинæйы æмбæстаг – дунейы иууыл тæссагдæр хакертæй иуы, кæцы организаци кодта атакæтæ Уæрæсейы сæдæгай бангтыл, – фехъусын кодта Испаны мидхъуыддæгты министр Хуан Игнасио Соидо. Испайнаг мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ фыдгæнæгæн йæ бон ссис Уæрæсейы 300-400 бангтыл хакерон атакæтæ сорганизаци кæнын. «Уый у национ полицийы  иууыл ахсджиагдæр операцитæй иу адавдгонд æхцаты нымæцмæ гæсгæ  иу миллиард долларæй фылдæр киберфыдракæнды тохы къабазы. Фæдагуырд уагъд цыд æртæ азы дæргъы», – фехъусын кодта Соидо Мадриды конференцийы рæстæджы.

 

Ким Чен Ыны æнæофициалон визит

Кореяйы Адæмон Демократон Республикæйы лидер Ким Чен Ын  ацыд Китаймæ æнæофициалон визитимæ. Уый уыд йæ фыццаг фæсарæйнаг балц авд азы дæргъы бæстæйы сæргълæууæджы бынаты кусгæйæ. Китайы æдасдзинады мадзæлттæ фæтыхджындæр кодтой æмæ æрмæстдæр Ким Чен Ын фæстæмæ куы аздæхт, уæд равдыстой Китай æмæ Цæгат Кореяйы къухдариуæггæнджыты фембæлды кадртæ. Уыдон уынаффæ кодтой дыууæфарсон ахастытыл æмæ Сеулы саммитмæ бацæттæ кæныны фарстытыл, кæцыйы фæлгæтты план цæуы Ким Чен Ын æмæ АИШ-ы президент Дональд Трампы фембæлд. Куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Цæгат Кореяйы лидер Пекинмæ æрцыд бронепоездыл.

Уынаффæ кодтой Æввахс Хурскæсæны проблемæтыл

Уæрæсе æмæ Катары лидертæн баныхæстæ уыд Кремлы. Фембæлды рæстæджы дзырд цыд куыд экономикон фарстытыл, афтæ Æввахс Хурскæсæны хъуыддæгты уавæрыл дæр. Катары эмир Тамим бен Хамад Аль Тани банысан кодта арабаг дунейы хъуыддæгты Мæскуыйы нысаниуæгджын роль, зæгъгæ, Уæрæсейы æххуысæй скъуыддзаг цæуынц бирæ проблемæтæ. Эмир мæсæллæйы ныхæстæ загъта Путинæн Кемеровойы æрцæугæ æвирхъау трагедийы фæдыл. «Ацы аз 30 азы æххæст кæны нæ бæстæты ‘хсæн дипломатон ахастытæ саразыныл. Ивгъуыд аз товарæрзылд кæд фæфылдæр,  уæддæр уый æмбæлон нæу нæ фадæттæн, фæлæ тенденци тынг хорз у», – банысан кодта Владимир Путин. Йæ рады Катары эмир дæр банысан кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон у Мæскуымæ кæй æрцыд, æмæ, зæгъ, нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ кæй фидардæр кæнынц, уый.

 

Ракодтой авд мин боевикы

Сирийаг горæт Арбилæй ракодтой, сæ хæцæнгæрзтæ чи æрæвæрдта, уыцы авд мин боевикы æмæ сæ бинонты уæнгты. Афтæмæй æртæ суткæмæ ацы цæрæн пунктæй ацыдысты 13 мин боевикæй фылдæр сæ бинонтимæ. Уыдоны автобустыл аластой Идлибы провинцимæ. Уымæй дарддæр ма фидыдады центры æххуысæй сæрибар æрцыдысты 26 сирийаг æфсæддоны æмæ æмбæстагон адæймаджы, кæцыты террористтæ дардтой уацары. Уый размæ та горæт Мухайам Аль-Вафединæй раконд æрцыдысты 500 сабыр цæрæджы. Афтæ ма  ссæрибаргонд Скæсæйнаг Гутайы егъау цæрæн пунктты террористты ахæстæттæй рауагътой адæмы цалдæр къорды. Æфсæддонтæ дарддæр ссарынц боевикты тунелты, госпиталтæ æмæ хæцæнгæрзты æфтауцдæттæ. УФ-йы хъахъхъæнынады министрады куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ гуманитарон пузæйы архайды райдианæй Скæсæйнаг Гутайæ раконд æцыдысты 121 мин адæймаджы бæрц.

Афганистаны æдасдзинады фæдыл дунеон конференци

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров официалон визиты уыд Ташкенты, цыран уагъд æрцыд Афганистаны æдасдзинады фæдыл дунеон конференци «Сабырадон процесс, æдасдзинады фадыджы æмгуыстад æмæ регионалон æмархайд».  Конференцийы   фæлгæтты Сергей Лавров фембæлд Афганистаны президент Ашраф Ганиимæ.

Рарвитдзысты дипломатты

25 паддзахады фехъусын кодтой  Скрипалы хъуыддаджы фæдыл сæ бæстæтæй уæрæсейаг дипломатты кæй рарвитдзысты, уый тыххæй. Уæрæсейаг дипломатты рарвитыны тыххæй уынаффæ райстой Евроцæдисы 16 бæстæйы, афтæ ма АИШ, Канадæ, Албани, Македони, Норвеги æмæ Украинæ. Евроцæдисы бæстæтæ рарвитдзысты 33 уæрæсейаг дипломаты, АИШ-ы президенты администраци та – 60 уæрæсейаг дипломаты, афтæ ма сæхгæндзысты Сиэтлы УФ-йы генралон консулад. Украинæ та æрвиты 13 уæрæсейаг дипломаты. НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенберг куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Альянсы цур уæрæсейаг миссийы сконд фæкъаддæр кодта 30 адæймагæй 20 онг. Æдæппæт фæсарæйнаг бæстæтæй æрвыст æрцæудзысты 147 уæрæсейаг дипломаты. УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æнæмæнгæй сдзуапп кæндзæн ацы къахдзæфтæн. Мæскуыйы уырны, Вашингтон ацы акци рагæй кæй цæттæ кодта, уый.

Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоганимæ. Туркы лидер мæсæллæйы ныхæстæ загъта Путинæн Кемеровойы æрцæугæ трагедийы фæдыл. Дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой уæрæсейаг-туркаг ахастытыл, афтæ ма Сирийы фæдыл УФ, Иран æмæ Туркы хайадистæй æртæфарсон саммиты тыххæй, кæцы уагъд æрцæудзæн апрелы райдианы Анкарайы.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.