ПУТИН ÆМÆ БОЛТОНЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Президент Владимир Путин Кремлы йæхимæ райста национ æдасдзинады фæдыл Иугонд Штатты президенты уынаффæгæнæг Джон Болтоны. Баныхæстæ цыдысты иу сахат æмæ æрдæгæй чысыл фылдæр.  Путин фембæлд райдыдта АИШ-ы критикæ кæнгæйæ. «Æрæджы мах фехъустам АИШ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты фæдыл Бадзырдæй рахизынмæ кæй хъавы, уый тыххæй. Зонæм СНВ-3 адарддæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинады фæдыл администрацийы дызæрдыгдзинады тыххæй, хъусæм ракетæты ныхмæ хъахъхъæнынады системæтæй хицæн элементтæ космосы равæрыны тыххæй фæндоны дæр», – банысан кодта Путин.  Уæрæсейы Президент фæндон бахаста Трампимæ дунеон саммиты фæлгæтты комкоммæ диалог адарддæр кæныны тыххæй. Уый фæдыл Болтон сдзуапп кодта, зæгъгæ, Трампæн тынг æхсызгон уыдзæн Парижы демæ фембæлын. Афтæмæй 11-æм ноябры Парижы Фыццаг дунеон хæсты фæдыл 100 азы сæххæсты сæраппонд мадзæлтты фæлгæтты гæнæн ис уа Путин æмæ Трампы фембæлд.

РАНЫХАС КОДТА ФОРУМЫ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров раныхас кодта форум «Россия-Африка»-йы пленарон рабадты. Форум у цæттæгæнæн мадзал Африкæйы континенты бæстæтимæ Уæрæсейы саммитæн. Мæскуы цымыдис кæны ИНО-йы африкæйаг партнертимæ æнгом æддагполитикон координацимæ, сæрмагондæй, «БРИКС+Африка»-йы диалог дарддæр фæарфдæр кæнынмæ. Абон Африкæ у Уæрæсейы æууæнкджын партнер», – загъта Лавров. Форуммæ хуынд æрцыдысты зынгæ уæрæсейаг æмæ африкæйаг политикон æмæ æхсæнадон архайджытæ, зонады, бизнес-æмæхсæнады минæвæрттæ. Форумы хайадисджытæ æруынаффæ кодтой Африкæйы бæстæтимæ Уæрæсейы ахастыты рæзты актуалон фарстытыл, уыцы нымæцы политикон, базарадон-экономикон, гуманитарон æмæ культурон фадгуыты.

«СЕВАСТОПОЛЬ АЛЫХАТТ ДÆР УЫД УÆРÆСЕЙЫ СКОНДЫ»

УФ-йы Президент Владимир Путин Мæскуыйы мэр Сергей Собянинимæ фембæлды рæстæджы бацымыдис кодта, уæрæсейаг сæйраг горæт Мæскуы æмæ Севастополы ‘хсæн æмгуыстад куыд цæуы, уымæ. «Мах Севастполимæ горæттæ-æфсымæртæ стæм æппæт рæстæджыты дæр, æгæрыстæмæй, Севастополь Уæрæсейы сконды куынæ уыд, уæддæр ын æххуыс кодтам», – загъта Собянин. «Юридикон æгъдауæй Севастополь алыхатт дæр уыд Уæрæсейы сконды», – бафиппайдта Владимир Путин.

ЙÆ КЪУХ ÆРФЫСТА БАРАМЫНДЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста барамындыл, цыран нысан цæуы Украинæйы ныхмæ сæрмагонд экономикон мадзæлттæ бакæныны тыххæй. Ахæм уынаффæ ист æрцыд дзуаппæн Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты æмæ юридикон цæсгæмтты ныхмæ арæнæн мадзæлттæ бакæнынимæ баст Украинæйы æнæхæларадон архайдтыты ныхмæ. Барамынд йæ тыхы бацыд 22-æм октябры æмæ документы куыд нысанчындæуы, уымæ гæсгæ ивд æрцæудзæн, кæд æмæ Киев «нæ» зæгъа уæрæсейаг æмбæстæгты æмæ компаниты ахасты арæнгонд мадзæлттæн, уæд.

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Франц æмæ АИШ-ы президенттæ Эммануэль Макрон æмæ Дональд Трамп телефоны ныхас кæныны рæстæджы æруынаффæ кодтой астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырды фидæныл. Французаг раздзог банысан кодта европæйаг æдасдзинад æмæ стратегион стабилондзинады фæдыл ацы бадзырд бахъахъхъæныны ахсджиагдзинады тыххæй.

ТРАМП: «КИТАЙ ХЪУАМÆ УА БАДЗЫРДЫ»

Дональд Трамп банысан кодта, зæгъгæ, Китай хъуамæ æрбаиу уа астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты ликвидацийы тыххæй Бадзырдмæ. Уыимæ америкæйаг президент банысан кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ фылдæр кæндзысты ядерон потенциал растдæр уыйбæрц, цæмæй «Уæрæсе æмæ Китай сæхимæ æрцæуынæн», цас бахъæуа. Трампы хъуыдымæ гæсгæ, Китайы уæддæр хъæуы бадзырдмæ бахæссын, кæд æмæ ныртæккæ ацы паддзахад нæй бадзырды, уæддæр.

КИТАЙ НÆ БАБЫХСДЗÆН АИШ-Ы ШАНТАЖ

Пекин нæ бабыхсдзæн АИШ-ы шантаж цахæмфæнды хуызы дæр æмæ уынаффæ кæны Вашингтонæн, цæмæй ноджы иу хатт ахъуыды кæна, цалынмæ Бадзырдæй рахизыны тыххæй уынаффæ райса, уæдмæ, – уый тыххæй фехъусын кодта Китайы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Хуа Чуньин, Китайы бадзырдмæ бахæссыны тыххæй Урс хæдзары домæнæн комментаритæ кæнгæйæ. «Мах нæ хъусдард аздæхтам  астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй бадзырды тыххæй фарсты фæлгæтты Китаймæ хауæг АИШ-ы президент Трампы æмæ æдасдзинады фарстыты фæдыл Джон Болтоны хъусынгæнинæгтæм. Æз хъусын кæнын Китайы позицийы тыххæй, ацы сразыдзинад арæзт æрцыд АИШ æмæ раздæры Советон Цæдисы ‘хсæн, æмæ уый у дыууфарсон бадзырд. Ноджыдæр иу хатт сидæм АИШ-мæ, ацы фарсты фæдыл æнæмæнгæй хъæуы æртæ хатты ахъуыды кæнын, æмæ æрмæстдæр уый фæстæ исты фæндон рахæссын».

САУДОВАГ ЖУРНАЛИСТЫ ТЫХХÆЙ

Америкæйаг газет Washington Post-ы саудоваг афæлгæсæг Джамаль Хашоггийы мард буар ссардæуыд Стамбулы Саудоваг Аравийы генералон консулы резиденцийы районы, – уый тыххæй фехъусын кодта туркаг парти «Родина»-йы раздзог Догу Перинчек. «Мæнæн фехъусын кодтой æууæнкджын дзыллон информацийы фæрæзтæ, зæгъгæ, Джамаль Хашоггийы мард буар ссардæуыд цъайы, кæцы ис саудоваг генералон консулы резиденцийы бæласдоны», – загъта уый. Фæлæ уыцы информаци нæ бафидар кодта Турчы президент Реджеп Тайип Эрдоган. Йæ ныхæстæм гæсгæ Хашоггийы амардтой сплангонд операцимæ гæсгæ. АИШ-ы президент Дональд Трамп та банысан кодта, зæгъгæ, уымæн раст информаци нæ радтой Саудоваг Аравийы, фæлæ, зæгъ, æз бахæс кодтон Турчы мæ адæмæн æмæ мын уыдон æввахс рæстæжы фехъусын кæндзысты инциденты тыххæй раст информаци.

НЫККАЛД ЭКСКАЛАТОР

Горæт Римы центры ныккалд экскалатор, цыран уыцы рæстæджы экскалаторыл цыдысты ЦСКА-йы футболуарзджытæ дæр. Уый фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой 30 адæймаджы. 23-æм октябры Римы уыд ЦСКА æмæ италиаг «Рома»-йы хъазт æмæ уæрæсейаг футболуарзджытæ ацыдысты Италимæ. Цыдæр рæстæджы экскалатор райдыдта тынг тагъд цæуын æмæ адæм хаудысты кæрæдзийы сæрты.

ДУНЕЙЫ ИУУЫЛ ДАРГЪДÆР ХИД

Китайы байгом кодтой дунейы иууыл даргъдæр хид, кæцыйæн йæ дæргъ у 55 километры. Хид бабаста Гонконг, Макао æмæ горæт Чжухайы. Церемони уагъд æрцыд Чжухайы. Уырдæм æрбацыд Китайы сæрдар Си Цзиньпин, Гонконгы администрацийы сæргълæууæг Кэрри Лам æмæ æндæр официалон адæймæгтæ æмæ ноджы 700 уазæджы бæрц. Ныр Гонконгæй Чжухаймæ балц бацахсдзæн æрмæстдæр 30 минуты æртæ сахаты бæсты. Йæ сæрибар змæлд байгом 24-æм октябры. Йæ уæз у 400 мин тоннæйæ фылдæр.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.