ЙÆХИМÆ РАЙСТА АИШ-Ы ПРЕЗИДЕНТЫ УЫНАФФÆГÆНÆДЖЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæхимæ райста национ æдасдзинады фæдыл АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтоны. Фембæлды рæстæджы Путин загъта, зæгъгæ, хъыгагæн, абон уæрæсейаг-америкæйаг ахастытæ æмбæлон не сты, фæлæ Мæскуымæ кæй æрцыдтæ, уый мæ, зæгъгæ, ныфс бауагъта уымæй æмæ мах кæй сараздзыстæм фыццаг къахдзæфтæ нæ паддзахадты ‘хсæн æххæстформатон ахастытæ сæндидзын кæнынмæ. Фембæлды фылдæр хай ацыд æнæ журналисттæй. Йæ рады Джон Болтон дæр банысан кодта, зæгъгæ, мæ ныфс ис, баныхæсты рæстæджы мах кæй æруынаффæ кæндзыстæм Уæрæсе æмæ АИШ-ы ‘хсæн къорд здæхты æмархайд фæхуыздæр кæныны гæнæнтыл.

ФЕМБÆЛД УЫДЗÆН ХЕЛЬСИНКИЙЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин 16-æм июлы  Хельсинкийы фембæлдзæн АИШ-ы президент Дональд Трампимæ. Уый уыдзæн фыццаг æххæстформатон фембæлд дыууæ бæстæйы лидертæн. Уый размæ уæрæсейаг лидеры æххуысгæнæг Юрий Ушаков банысан кодта, зæгъгæ, саммиты равзаргæ бынат æнцонвадат у дыууæ фарсæн дæр. Фембæлд аххæсдзæн цалдæр сахаты бæрц. Уый размæ Владимир Путин  æдасдзинады фæдыл АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтонимæ ныхас кæныны рæстæджы загъта, зæгъгæ, йын Трампимæ фембæлд у ахсджиаг æмæ йæм йæхи цæттæ кæндзæн. Дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæ дзурдзысты стратегион æдасдзинадыл, ядерон хæцæнгарзыл контроль кæныныл, афтæ ма Кореяйы æрдæгсакъадахы, Сири æмæ Украинæйы уавæрыл.

ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ НОГ ПРОВОКАЦИ

Сирийы Идлибы цæрджытæ тæрсынц, «Урс каскæтæ» та цы провокаци цæттæ кæнынц, уымæй. Сириæгтæ уæрæсейаг æфсæддонтæн фехъусын кодтой организацийы эмб-лемæимæ машинæты тыххæй, кæцытæ æрбаластой видеоифтонггæрзтæ æмæ авд ракетæйы. Провинци Идлибы бынæттон цæрджыты уырны уый, æмæ «Урс каскæтæ» кæй цæттæ кæнынц ног провокаци химион хæцæнгарзæй спайда кæнгæйæ,- уый тыххæй фехъусын кодта фидыдады фæдыл уæрæсейаг центры хистæр, инæлар-майор Алексей Цыганков.

РАЙСТА БРИТАЙНАГ ПРОЕКТ

Гаагæйы уагъдцæуæг химион хæцæнгарз ма уадзыны тыххæй организацийы конференцийы специалон сессийы Конвенцийы паддзахадтæ-хайадисджытæ рахæцыдысты бритайнаг проекы æвварс, кæцытæ организацийæн бар дæттынц химион атакæты аххосджынты сбæлвырд кæнынæн. Стырбританийы инициативæйы æвварс схъæлæс кодтой организацийы хайадисджыты 82 бæстæйы, йæ ныхмæ уыдысты 24 бæстæйы. Уæрæсе, Сири æмæ Иран хорзыл нæ банымадтой бритайнаг проект.

 

СКРИТИКÆ КОДТОЙ РАЙСГÆ УЫНАФФÆЙЫ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад скритикæ кодта химион хæцæнгарз ма уадзыны тыххæй организацийы уынаффæйы Организацийы мандат рауæрæхдæр кæныны фæдыл. Министрады официалон минæвар Мария Захарова загъта: «Ацы уынаффæ нымайæм æнæлегитимоныл. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ паддзахадтæхайадис-джыты конференци кæй рахызт йæ мандаты фæлгæттæй». Уыимæ ма фехъусын кодта, зæгъгæ, уынаффæ ист æрцыд Стырбритани æмæ æндæр паддзахадты ‘рдыгæй æргом шантажы æмæ къорд делегацийы комкоммæ балхæныны фæстиуæгæн.

РАЙСДЗЫСТЫ «АВАНГАРД»

УФ-йы Президент Владимир Путин Кремлы æфсæддон уæлдæр ахуырадон уагдæтты рауагъдонты раз ныхас кæнгæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы æфсæдтæ райсдзысты ракетон комплекс «Авангард» æмæ иу азы фæстæ та – «Сармат». Уыимæ паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, фыдыбæстæйон хæцæнгæрзты къорд системæйы дæсгай азты разæй сты фæсарæйнаг аналогтæй. Путин зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Хуссар Федералон зылды ныридæгæн рад хæссы ногдæр авиацион комплекс «Кинжал».

ФЕХЪУСЫН КОДТА ÆФСÆДДОНТЫ РАКÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

Владимир Путин радзырдта Сирийæ уæрæсейаг æфсæдты ракæныны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг бонты Сирийæ рацыдысты 1140 æфсæддоны, афтæ ма 13 хæдтæхæджы æмæ 14 вертолеты. Уыимæ, Кремлы æфсæддон ахуыргæнæндæтты рауагъдонты сæраппонд цытджын химæрайсты ныхас кæнгæйæ, президент банысан кодта, зæгъгæ, Сирийы операцийы рæстæджы уæрæсейаг æфсад фенын кодта «йæ сырæзгæ потенциал, хæйттæ æмæ баиугæндты æнгомдзинад». Ныр ацы фæлтæрддзинадæй спайда кæндзысты Уæрæсейы.

РАЙСТОЙ СРАЗЫДЗИНАД

Брюсселы миграцийы фæдыл Евроцæдисы бæстæты саммит аххæссыд 15 сахаты. Уыдонæн сæ къухты бафтыд миграцийы фæдыл Сразыдзинад райсын. Уый тыххæй фехъусын кодта Европæйы советы сæрдар Дональд Туск. Европæйаг 28 паддзахады сæргълæуджытæ æрæмбырд сты, цæмæй бакуыстаиккой миграцион кризис аскъуыддзаг кæныны фæдыл иумиаг уынаффæ.

АМАРДТА ФОНДЗ КУСÆДЖЫ

Америкæйаг горæт Аннаполисы гæрзифтонг нæлгоймаг бабырста Capital Gazette-ы редакцийы бæстыхаймæ. Фехста офисы авгæй арæзт дуар æмæ æхсын райдыдта кусджыты. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ æхстыты фæстиуæгæн фæмард сты фондз адæймаджы, 22 та – цæфтæ фесты. Фыд-гæнæджы æрцахстой. Нæлгоймаг редакцийы фæаххосджын кодта хахуыр кæныны.

СТÆРХОН ЫН КОДТОЙ ФÆСАУУОНМÆ

Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакаш-вилийæн Тбилисы тæрхондон фæсаууонмæ рахаста æхсæз азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Саакашвилийы баны-мадтой аххосджыныл  2005 азы парламенты экс-депутат Валери Гелашвилимæ кæй æрбалæбурдта, уый тыххæй. Уый размæ ацы хъуыддаджы фæдыл стæрхон кодтой Гуыр-дзыстоны мидхъуыддæгты министрады раздæры сæргълæу-уæг Вано Мерабишвили æмæ ацы министрады специалон оперативон департаменты хистæр Ираклий Кодуайæн. 2005 азы Гелашвилийы баурæдтой Тбилисы центры, раппæрстой йæ машинæйæ æмæ йæ тынг фæнадтой.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.