Ацы скъолайы ахуырдзаутæн амонынц мобилон æмæ интернет уæлæвæрд программæтæ аразын. Проектыл куыст цыд суанг 2015 азæй, йæ автор у не ‘мбæстаг æвзонг лæппу Тедеты Азæмæт. Ацы социалон проект æвдыст æрцыд, ивгъуыд аз фæсивæдон форум «Московские каникулы»-йы конкурсмæ æмæ рамбылдта грант. Уый фæстиуæгæн IT-скъолайæн лæвæрд æрцыд 300 мин сомы.

IT-скъолайы æрбаконды нысан цы у, уый тыххæй лæмбынæгдæр радзырдта автор йæхæдæг: «Проектыл кусын райдыдтон 2015 азы, студент уæвгæйæ фæсивæдон форум «Машук»-ы хайад куы истон, уæд. Дыккаг аз æй бавдыстон ацы фæзуатмæ, фæлæ проект уæд финансгонд не ‘рцыд. Дарддæр мах куыстам æмæ агуырдтам ног фадæттæ. 2018 азы та йæ раразмæ кодтон фæсаууонмæ форум «Московские каникулы»-мæ, æмæ ам мæ проект рамбылдта грант. Не скъола æрбакæныны нысан у нæ фæсивæды интернеты уæрæх зонындзинæдтæ исыныл цайдагъ кæнын. Ам амынд цæудзæнис «Программирование»-йы сæйраг фадгуытæ  веб-дизайн æмæ Swft-ы сайт аразыны мадзæлттæ æмæ а.д,  зæгъы проекты автор.

Тедеты Азæмæт куыд зæгъы, афтæмæй IT-скъолайы райдианы дæтдзысты бындурон зонындзинæдтæ, фæстæдæр та ахиздзысты вазыгджындæр æмвæзадмæ. Скъолайы зонындзинæдтæ сæ бон уыдзæн райсын скъоладзаутæн, студенттæн æмæ ма суанг хистæр кары адæймæгтæн дæр. Иумиагæй скъолайы зонындзинæдтæ райсыны æмгъуыд у 3 мæйы, фæлæ арфдæр æмæ лæмбынæгдæр сахуыр кæнын кæй фæнда «программирование», уый йæ ахуыр адарддæр кæндзæн. Уыцы иу-рæстæджы скъолайы ахуыр кæндзæн 64 адæймаджы. Дих æрцæудзысты 6 къордыл, алы къорды дæр уыдзæнис 6 адæймаджы. IT-скъолайы «программирование»-йы бындуртæ амондзысты ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ, кæцытæ сты ацы фадыджы специалисттæ.

Тедеты Азæмæт куыд зæгъы, афтæмæй вазыгджын  веб бакуыст амондзæн не ‘мбæстаг Харебаты Алан, кæцы ныртæккæ кусы Америкæйы æмæ цæттæ у махæн æххуыс кæнынмæ, дистанцион æгъдауæй. Цæгат Ирыстоны дæр ис IT-скъола æмæ нын йæ сæргълæууæг Табуты Сослан дæр цæттæ у баххуыс кæнынмæ. Скъолайы чи ахуыр кæна, уыдон райсдзысты сертификаттæ, скъола архайдзæн, цæмæй йæ рауагъдонты сифтонг кæна куыстæй дæр.

Мах ныфс ис, ацы скъолайæн рауагъдонтæ тагъд кæй фæзындзæн, кæцытæ æцæгæйдæр, абон хъæуынц нæ республикæйы. Интернет-тыгъдады бирæ æрмæг ссарæн нæй ирон æвзагыл æмæ уый тынг къуылымпы кæны æвзаджы размæцыдæн. Иугæр программисттæ куы фæзына, уæд нæ авналæнтæ æмæ уавæртæ дæр уыдзысты хуыздæр.

Цæгат Ирыстоны ацы фæдыздæхты кусы не ‘мзæххон Гæбæраты Æхсар,  ирон мобилон æмхасæн «Ирон чиныг» æмæ «Базон-базон»-ы автор. Уый ивгъуыд аз фæсивæдон форум «Машук»-ы райста грант. Конкурсы уæлахиздзауæн рахицæн æрцыд 9,1 милуан сомы. Ацы фæрæзтæй Гæбæраты Æхсар фæнд кæны мобилон æмхасæн «Ирон чиныг» баххæст кæнын. Уыцы фæрæзты фæрцы интернет-тыгъдады фæзындзæнис ирон æвзагыл аудиочингуытæ, аудиоспектаклтæ, ирон литературæйы классикты уацмыстæ, адæмон таурæгътæ æмæ аргъæуттæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.