ФЕМБÆЛД ЭРДОГАНИМÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин Сочийы æртæварсон саммиты размæ фембæлд Туркы Президент Реджеп Эрдоганимæ. «Тынг æхсызгон мын у иумиагæй уавæры тыххæй кæрæдзийæн нæ хъуыдытæ зæгъын æмæ нæ бæстæты ‘хсæн дыууæварсон ахастыты рæзты тыххæй æрдзурын», – загъта Путин. Уый фæстæ Путин фембæлд саммиты иннæ хайад-исæг,  Ираны Президент Хасан Руханиимæ.

ÆРТÆВАРСОН САММИТ

Сочийы йæ куыст фæцис Сирийы фæдыл Уæрæсе, Иран æмæ Туркы æртæварсон саммит, кæцыйы сæйраг фарст уыд Идлибы проблемæ. Уæрæсейаг лидер баныхæсты схуыдта конструктивон. «Не ‘ртæ бæстæйы фæнд кæнынц Астанайы процессы фæлгæтты æмгуыстад фидардæр кæнын. Мах дарддæр дæр ноджы тынгдæр тох кæндзыстæм терроризмы ныхмæ æмæ архайдзыстæм Сирийы гуманитарон уавæр фæхуыздæр кæныныл», – загъта Путин. Ираны президент Хасан Рухани ралæууыд карз хъусынгæнинагимæ Сирийы АИШ-ы архайдтыты тыххæй, зæгъгæ, Вашингтон æххуыс кæны террористтæн ацы бæстæйы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ АИШ боевиктæй пайда кæнынц сæхи интересты тыххæй. Эрдоган банысан кодта, зæгъгæ, АИШ баныфсæвæрдтой Сирийæ се ‘фсæдты ракæныны тыххæй, фæлæ сæ кæд ракæндзысты,  стæй дæр сæ кæдæм акæндзысты, уый бæрæг нæу.

ФОРУМ

Сочийы уагъд цæуы уæрæсейаг инвестицион форум – бæстæйы регионты инвестицион потенциал равдисыны тыххæй егъаудæр фæзуат. Форумы рæстæджы фæнд кæнынц къорд сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Уыдон фæахъаз уыдзысты регионалон проекттæм инвестицитæ æрбакæнынæн, æхсæнрегионалон бастдзинæдты рæзтæн.

ФЕМБÆЛД ПАДДЗАХАДОН ДУМÆЙЫ

УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин фембæлд Словакийы Национ советы (иупалатон парламенты) сæрдар Андре Данкоимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастытыл. «Фæзынд æвæрццаг динамикæ экономикæйы рæзтимæ баст фарстыты фæдыл. Ивгъуыд аз нæ бæстæты ‘хсæн товарты æрзылд сырæзт 12 процентæй фылдæр», – загъта Володин. Йæ хъуыдымæ гæсгæ дыууæ бæстæйы политиктæ дарддæр дæр ацы курсыл хæст куы уой, уæд уый фæахъаз уыдзæн Уæрæсе æмæ Республикæ Словакийы интерестæн.

 

БАЛХÆНДЗÆН УÆРÆСЕЙАГ ХÆДТÆХДЖЫТÆ

Инди Уæрæсемæ æрбарвыста заявкæ 21 куынæггæнæг хæдтæхджытæ МиГ-29 балхæныны тыххæй. Делийы уынаффæ баст у уыимæ, æмæ Индийы уæлдæфон гарзджын тыхтæн кæй нæ фаг кæнынц ацы къласы хæдтæхджытæ, уыимæ сын, гæнæн ис, проблемæтæ фæзына французаг Rafale-тæ балхæнынимæ, зынаргъ кæй сты, уымæ гæсгæ. Мæскуы æмæ Дели сты рагон партнертæ хъахъхъæнынады фадыджы, дыууæ бæстæйæн ис цалдæр егъау иумиаг проекты. Æмгуыстад кæнынц 20 æхсæнхицауадон сразыдзинады бындурыл. Индийы денджызон гарзджын тыхтæ комплектгонд сты уæрæсейаг ифтонггæрзты 80 процентæй æмæ уæлдæфон гарзджын тыхтæ та – 70 процентæй.

 

САНКЦИТÆ ИСТ ЦÆУЫНЦ АИШ-ы ÆНДÆВДАДЫ БЫН

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Керчы донкъубалы инцидентимæ баст Уæрæсейы ныхмæ Евроцæдисы ног санкцитæ ист цæуынц АИШ-ы тыхджын æндæвдады бын. Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ бакæныны фарстыл уынаффæ кæндзысты Евроцæдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ 18 февралы æмæ уый фæстæ санкцитæ баконд æрцæудзысты дыууæ мæйы æмгъуыдмæ.

БЕЛОРУСИ САБЫРÆЙ НÆ КÆСДЗÆН

Белорусийы президент Александр Лукашенко фехъусын кодта, зæгъгæ, уый не ‘ртхъирæн кæны Варшавæмæ, фæлæ банысан кодта, зæгъгæ, Польшæ хæцæнгæрзтæй дзыгъал-мыгъул кæнын куы райдайа, уæд белорусаг фарс сабырæй нæ кæсдзæн, уыимæ, зæгъ, ацы здæхты белорусаг-уæрæсейаг къорд хынцгæйæ. Уый размæ Польшæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Яцек Чапутович æрсидт АИШ-мæ Европæйы ядерон сæртимæ ракетæтæ равæрыны тыххæй.

ФÆНДОН БАХАСТА БÆСТÆЙЫ НОМ АИВЫНЫ ТЫХХÆЙ

Филиппинты президент Родриго Дутерте сног кодта йæ бæстæйы ном Республикæ Махарликамæ аивыны фарст. Уый тыххæй ма дзырдта Филиппинты раздæры президент Фердинанд Маркос 1986 азы, фæлæ уый æппæрст æрцыд йæ бынатæй. «Маркос уыд раст, фæлæ йæ диктатор кæй схуыдтой, уымæ гæсгæ бæстæйы ном ивд нал æрцыд», – загъта Дутерте. Уый ныфс ис, раджы уа æви æрæджы, уæддæр Филиппинтæ «нæ» кæй зæгъдзысты, испайнæгтæ сыл тыхæй цы ном сæвæрдтой, уымæн.

ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ ПРОВОКАЦИ

Венесуэлæйы арæныл цæттæ кæнынц провокаци уды зиæнттимæ гуманитарон конвойы хуызы, – фехъусын кодта УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова. Гуманитарон уæзтæ арвитын план цæуы 23 февралы. Венесуэлæйы хицауад куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ уыдон нæ фæнд кæнынц гуманитарон æххуыс бæстæмæ бауадзын. Ацы операци уыдон схуыдтой сæ бæстæйы хъуыддæгты хихæццæ кæнын.

РАЛÆУУЫДЫСТЫ ВЕНЕСУЭЛÆЙЫ СУВЕРЕНИТЕТ      БАХЪАХЪХЪÆНЫНЫ ÆВВАРС

50 бæстæйы, уыцы нымæцы Уæрæсе, Венесуэлæ, Иран, Китай æмæ Сири ИНО-йы ралæууыдысты Венесуэлæйы суверенитет æмæ дунеон бартæ бахъахъхъæныны æвварс. Йæ рады ИНО-йы Уæрæсейы æдзухон минæвар Василий Небензя бамбарын кодта, зæгъгæ, «ацы фарсхæцынад æрмæст Венесуэлæмæ ахасты нæу, фæлæ иумиагæй у, дунеон барты бахъахъхъæныны тыххæй. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ венесуэлæйаг хицауад ауадза дунеон конференци.

ТЕРАКТТÆ

Тыхджын срæмыгъд айхъуыст Ираны хуссар-скæсæн хайы. Террористтæ-химартæ сатакæ кодтой пысылмон революцийы хъахъхъæнджыты корпусы автобус. Инициденты рæстæджы фæмард сты 44 полициаджы æмæ ноджы иу уый бæрц та фесты алыгъуызон цæфтæ.

***

Индийы цæгаты æфсæддон автоколоннæ  сатакæ кæныны фæстиуæгæн фæмард сты 42 адæймаджы. Террорист-химар спырх кодта автомобиль 350 килограммы рæмудзæн æрмæгимæ, 78 транспортон фæрæзтимæ æфсæддон колон-нæйы цур, кæцы цыд горæт Джаммуйæ Шринагармæ æмæ ласта 2,5 мин æфсæддон службæгæнæджы. Бомбæ спырх автобустæй сæ иуы цур, цыран уыд 42 адæймаджы. Теракты тыххæй йæхимæ бæрндзинад райста радикалон сепаратистон къорд «Джаиш-е-Мухаммад», кæцы архайы штаты Индийæ ахицæн æмæ йæ Пакистанмæ баиу кæныныл.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.