АТЭС-Ы САММИТ

Ацы аз Азиаг-Сабырденджызон регионы бæстæты (АТЭС) экономикон æмгуыстады саммит уагъд æрцыд дунейы иууыл тæссагдæр бæстæтæй сæ иуы – Папуа – Ног Гвинеяйы. АТЭС-ы уагæвæрдмæ гæсгæ Азиатаг-Сабырденджызон регионы бæстæтæ саммит уадзынц радгай. Папуа – Ног Гвинеяйы сæйраг горæт Порт-Морсбийы ахæм бæрзонд æмвæзады мадзал уагъд æрцыд фыццаг хатт. Бæстæ афтæ мæгуыр у, æмæ йæхи тыхтæй саммит ауадзын йæ бон нæ уыд. Порт-Морсбийы элементаронæй нæ фаг кæнынц уазæгдæттæ. Журналистты æрцæрын кæныны тыххæй, сæрмагондæй æрбакодтой 14-палубон лайнер Австралийæ.

Саммиты хайад райстой 15 мин уазæджы. АТЭС иу кæны 20 паддзахады æмæ ноджы Китайы специалон административон район Гонконгы. Саммитмæ æрцыдысты 21 бæстæйы минæвæрттæ. Уыдон ‘хсæн уыдысты Китайы лидер Си Цзиньпин, Японы – Синдзо Абэ, Австралийы – Скотт Моррисон, Канадæйы  Джастин Трюдо, АИШ-ы вице-президент Майк Пенс. Саммиты хайадисджытæ ныхас кодтой пленарон рабадтыты æмæ хицæн тематикон секциты, фембæлд сын уыд Дунеон валютон фонды директор Кристин Лагардимæ æмæ традицимæ гæсгæ АТЭС- уæнгтæ нывтæ систой национ дарæсы.

***

Саммиты хайад райста УФ-йы делегаци Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевы сæргълæудæй. «Хицæн бæстæты рæзы протекционистон зæрдæйыуаг æркодта базарадон хæстытæм. Экономикон санкцитæ систы политикон æндæвдады æмæ æдзæсгом конкуренцийы инструмент. Æппæт уыдæттæн уыдзæн уæззау фæстиуджытæ», – банысан кодта йæ раныхасы Медведев. Китай æмæ АИШ-ы ‘хсæн йæ тæмæны ис базарадон хæст. «Барæй аразгæ барьертæ æмæ экономикон бастдзинæдтæ фехалын раст фæндаг нæу. Истори куыд сбæлвырд кодта, уымæ гæсгæ конфронтацитæ, фæнды «уазал» хæст, фæнды «тæвд» кæнæ базарадон хæстыты уæлахиздзаутæ нæ вæййы. Ахæм проблемæтæ нæй, кæцыты бæстæтæ нæ аскъуыддзаг кæндзысты диалог æмæ консультациты руаджы», – загъта Китайы лидер Си Цзиньпин. Майкл Пенсæй хъауджыдæр Китайаг лидер йæ раныхасы не скодта АИШ-ы кой, фæлæ Пенс йæ фыццаг ныхæстæй фæаххосджын кодта Китайы интеллектуалон исады бартæ фехалыны æмæ егъау фиддонтæ бакæнынæй.

ИСТ НЕ ‘РЦЫД ТРАДИЦИОН ДЕКЛАРАЦИ

Дыууæбонон саммиты хъуамæ ист æрцыдаид традицион деклараци, фæлæ сæ къухты нæ бафтыд. Китай, АИШ æмæ æндæр бæстæтæ иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты Дунеон базарадон организацийы дунеон базар æмæ реформæимæ баст фарстыты  фæдыл,  æмæ фыццаг хатт 25 азы дæргъы АТЭС-ы саммит фæцис æнæ хатдзæгон декларацийæ. Дмитрий Медведев Порт-Морсбийæ ацыд Вьетнаммæ официалон визиты.

ССАРДÆУЫД ДОНБЫНДЗУГÆНÆГ НАУЫ

Иу азы размæ цы аргентинæйаг донбындзу нау «Сан-Хуан» фесæфт, уый ссардæуыд донбылгæронæй 600 километры дæрддзæгæн. Нау ис 900 метры арфæнæн. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бортыл æрцыд срæмыгъд тротилы эквиваленты 100 килограммæй фылдæры хъомысы. Нау куы фесæфт, уæд йæ бортыл уыд экипажы 44 уæнджы.  Аргентинæйы президент фембæлд фæмардуæвджыты бинонтимæ. Уый бæстæйы расидт æртæбонон национ фыдох.

ФÆМАРД СТЫ 40 АДÆЙМАДЖЫ

Сирийаг агентад «Сана» куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ Дейр-эз-Зоры провинцийы горæт Хаджины цур Аль-Букааны  хъæуы дунеон коалици йæ сæргъ АИШ афтæмæй бомбæтæ кæй æркалдта, уый фæстиуæгæн  фæмард сты 40 адæймаджы, кæцытæн сæ фылдæр уыдысты сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ.

ИНТЕРПОЛЫ СÆРГЪЛÆУУÆДЖЫ ÆВЗÆРСТЫТЫ ТЫХХÆЙ

21-æм ноябры Дубайы уагъд æрцæудзысты Интерполы сæргълæууæджы бынатмæ æвзæрстытæ. Кандидатты нымæцы ис уæрæсейаг æмбæстаг, инæлар-майор, Интерполы вице-президент Александр Прокопчук æмæ Хуссар Кореяйы минæвар Ким Чен Янг. Уыимæ, газет The Times-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Прокопчук у ацы бынаты тохы «фаворит». Интерполы сæргълæууæджы æвзæрстытæ уагъд цæуынц октябры райдианы организацийы сæргълæууæг Мэн Хунвэй куы фесæфт, уый фæстæ. Уый улæфты ацыд Китаймæ æмæ фæстæмæ нал æрбаздæхт. Фæстæдæр Интерполмæ æрбацыд Хунвэйы куырдиат, цыран уый фехъусын кодта отставкæйы кæй цæуы, уый тыххæй.

«НЫМÆЦОН ХИД»

Япон æмæ Хуссар Кореяйы инвестортæ цымыдис кæнынц нымæцон инфраструктурæйы проект «Транснефть Телеком»-мы проектмæ, кæцы хъуамæ бабæтта Ныгуылæн Европæ æмæ Скæсæн Азийы. Проектмæ гæсгæ хъуамæ арæзт æрцæуа донбын бæрзондтагъдады телекоммуникацион кабель Уæрæсе, Япон æмæ Хуссар Кореяйы ‘хсæн. Йæ дæргъ 16 мин километры кæмæн уыдзæн, уыцы кабель хъуамæ æрбаиу уа «Транснефть Телеком»-ы бастдзинады уæвæг хæххытæм, кæцыйы фæстиуæгæн арæзт æрцæудзæн «нымæцон хид», æмæ Уæрæсейыл баиу кæндзæн Европæ æмæ Азийы. Уый фадат радтит регионты ‘хсæн информаци дæттынæн ныртæккæ куыд у, уымæй цалдæр хатты тагъддæр. Проектмæ инвестициты гуырахст фыццаг этапы уыдзæн цалдæр миллиард сомы.

ТЕРАКТ

Грознæйы арæзт æрцыд теракт контролон уадзæн пункты цур. Инциденты бынаты ссардæуыд сылгоймаджы мард буар. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уый хаста рæмудзæн æрмæг. Сылгоймаг уыд экстремизмы ныхмæ архайды фæдыл дагъыстайнаг центры хъусдарды бын. Сылгоймаг цыд полицийы посты ‘рдæм æмæ йын барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ куы бафиппайдтой йæ æнæадекватон уагахаст, уæд дзы æрдомдтой документтæ. Уый фæстæ райхъуыст срæмыгъд. Полициæгтæ рæстæгыл кæй бафиппайдтой тæссагдзинад, уымæ гæсгæ уды зиæнттæ не ‘рцыд. Уагъд цæуынц фæдагурæн куыстытæ.

ЗДÆХЫНЦ ЛИГЪДÆТТÆ

Ивгъуыд къуыри фæсарæйнаг бæстæтæй фæстæмæ Сиримæ æрбаздæхтысты 6 мин лигъдоны бæрц. Дзыллон информацийы фæрæзты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æдæппæтæй бæстæмæ æрбаздæхтысты 1 милуан 518 мин сирийаг æмбæстаджы. Уыдонæй 1 милуан 249 мин адæймаджы æрбаздæхтысты бæстæйы æндæр районтæй æмæ 268 мин лигъдоны та – фæсарæнтæй.

Ацы бонты Норвегийы иницативæмæ гæсгæ, Мæскуыйы фембæлд уыд  Уæрæсе æмæ  Норвегийы  фæсарæйнаг  хъуыддæгты æмæ хъахъхъæнынады министртæн. Норвегийы фарс бафидар кодта сæ цæттæдзинад Сирийы скъолатæ, рынчындæттæ æмæ æндæр объектты сæндидзын кæнынмæ цæттæ кæй сты, уый тыххæй.

ПРОТЕСТОН АКЦИТÆ

Францы уагъд цæуынц протестон акцитæ бензины аргъ фæзынаргъдæр кæныны ныхмæ. Акциты  рæстæджы хъыгдардбаййафджыты нымæц схызт 106 адæймаджы онг, уыдонæй фондз райстой уæззау травмæтæ, иу адæймаг фæмард. Æдæппæтæй акциты  хайад райстой 244 мин про-тестгæнæджы. Акцийы рæстæджы урæд æрцыдысты 52 адæймаджы. 1-æм январæй Францы бензины аргъ хъуамæ фæфылдæр кæной иу литрæн  2,9 евроценты, дизелон æртаг  6,5 евроценты. 2018 азы дæргъы дизелон æртаджы аргъ фæфылдæр 23 проценты,  бензины аргъ та – 15 проценты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.