ÆХХÆСТФОРМАТОН

БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ АИШ-ы президент Дональд Трампы фыццаг æххæстформатон баныхæсты бирæ эксперттæ схуыдтой историон. Дыууæ лидеры ныхас кодтой 4 сахаты бæрц. Лæгæй-лæгмæ президентты ныхас аххæссыд 2 сахаты æмæ 10 минуты. Уый фæстæ сын уыд иумиаг пресс-конференци. Дыууæ президенты фехъусын кодтой бирæ фарстыты фæдыл æмгуыстад рæзын кæныны цæттæдзинады тыххæй, уыцы нымæцы Сирийы уавæр æрбæстон кæныны æмæ ядерон хæцæнгарзыл контроль кæныны. Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ-ы фæнды Уæрæсеимæ æмгуыстад,  хæларадон ахастытæ рæзын кæнын, фæлæ фæнд кæны карзæй энергетикон проектты конкуренци кæнын. Владимир Путин банысан кодта, зæгъгæ, фембæлд ацыд æргом æмæ хъуыддагон уавæры, кæд æмæ ахастыты æппæт фарстытæ аскъуыддзаг кæнын къухты нæ бафтыд, уæддæр.

 

СÆ ХЪУЫДЫТÆ ДЗУРЫНЦ ПУТИН ÆМÆ ТРАМПЫ ФЕМБÆЛДЫ ТЫХХÆЙ

Æнæхъæн дуне анализ кæны Хельсинкийы Путин æмæ Трампы фембæлдæн. АИШ-ы Трампы карзæй скритикæ кодтой. Европæйы та сулæфыдысты æнцонтæй. «Дунейы фæнды дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастытæ фæхуыздæр уæвын», – фехъусын кодта Европæйы Советы генералон секретарь Турбьерн Ягланд. «Президент Трамп  афтæ кæй дзуры, зæгъгæ, дунейы фæнды АИШ æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæ фæхуыздæр кæнын, уымæй раст у. Фыццаг къахдзæф арæзт æрцыд», – банысан кодта уый. Стырбританийы премьер Тереза Мэй фехъусын кодта, зæгъгæ, саммит тынг хорз у, фæлæ Уæрæсеимæ хъæуы «иудзинад æмæ тыхы» позицийæ дзурын. Европæйаг бæстæтæй бирæтæ ныридæгæн сæхи цæттæ кæнынц диалог адарддæр кæнынмæ. Иннæ саммит сæ бæстæйы ауадзыны тыххæй ныридæгæн фæндон бахастой Итали æмæ Финлянди.

 

ФЕМБÆЛД ЙÆ КОЛЛЕГÆИМÆ

Уæрæсейаг лидер Владимир Путин раарфæ кодта Финляндийы президент Ниинистейæн, сæ бæстæйы столицæйы сын уæрæсейаг-америкæйаг саммит ауадзынæн фадат кæй радта, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «абоны бон, куыд зыны, афтæмæй Хельсинки ссис политикон дунеон столицæ». Уæрæсейаг-финаг ахастытыл дзургæйæ, Уæрæсейы Президент банысан кодта, зæгъгæ, уыдон рæзынц тынг æнтыстджынæй. Путин загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис, Мæскуы æмæ Хельсинкийы æмахастытыл лæмбынæгдæрæй кæй æруынаффæ кæндзысты Уæрæсемæ Ниинистейы визиты рæстæджы, кæцы плангонд у 22 августмæ.

ÆРУЫНАФФÆ КОДТОЙ ГАЗЫ ТРАНЗИТЫ ФИДÆНЫЛ

Уæрæсе, Украинæ æмæ Еврокъамис Берлины сæ фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой Украи-нæйы территорийыл уæрæсейаг газы транзиты фидæныл. Украинæйаг фарсимæ газы транзиты фарстыты фæдыл æмгуыстад æруромыны фарст сæвзæрд Стокгольмы арбитражон тæрхондон «Газпром»-ы тæрхондоны вердиктæн дзуаппæн «Нафтогаз»-æн 2,56 миллиард доллары бафидыны æнæраст уынаффæ куы рахаста, уый фæстæ. Уæрæсейаг фарс Стокгольмы тæрхондонмæ бадæтта домæн транзиты фæдыл контракттæ фехалыны тыххæй. Афтæмæй, Украинæйы территорийыл газы транзит гæнæн ис æрлæууа 2019 азы. Уыцы рæстæгмæ «Газпром» среализаци кæндзæн «Северный поток – 2»-йы проект. Украинæйыл уæрæсейаг газы транзит куынæуал цæуа, уæд æрвылаз дæр сафдзæн 2 миллиард доллары. Уый æмбарынц Европæйы дæр æмæ Украинæйы дæр æмæ уымæн ауагътой баныхæстæ. Еврокъамис фæндон бахаста газы транзит европæйаг закъондæттынадон нормæтæм гæсгæ æххæст кæнын, кæцымæ гæсгæ транзиты тарифтæ фæкъаддæр уыдзысты. Фæлæ диссаг, Украинæ нæу тарифтæ фæкъаддæр кæныны ныхмæ. Уæрæсе сразы уыдзæн ацы уавæртыл, уый нырма бæрæг нæу, æввахс рæстæджы баныхæстæ адарддæр кæндзысты.

 

ПУТИНИМÆ САММИТЫ БАНЫМАДТА ХУЫЗДÆРЫЛ

АИШ-ы президент Дональд Трамп куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Хельсинкийы УФ-йы президент Владимир Путинимæ фембæлд уыд хуыздæр Брюсселы НАТО-йы саммитæй. «Мæнæн уыд тынг хорз фембæлд НАТО-йы, цыран æрæмбырд кодтон æхцаты стыр суммæтæ, фæлæ мæнæн ноджы хуыздæр фембæлд уыд Владимир Путинимæ. Стыр хъыгагæн, фейкон ног хабæрттæ уый тыххæй нæ хъусын кæнынц», – банысан кодта Трамп.

 

БАХАТЫД ДУНЕОН БАЗАРАДОН ОРГАНИЗАЦИМÆ

Иугонд Штаттæ хицæн хъæстытæ бадæттой Дунеон базарадон организацимæ Евроцæдис, Китай, Канадæ, Мексикæ æмæ Турк  æндон æмæ алюминийыл Вашингтоны фиддонтæн дзуаппон фиддонтæ кæй бакодтой, уый фæдыл. Куыд нысанчындæуы, уымæ гæсгæ, америкæйаг фарсы хъуыдымæ гæсгæ, АИШ-ы администрацийы саразгæ къахдзæфтæ «сты легитимон æмæ раст АИШ-ы закъæттæм æмæ дунеон базарадон уагæвæрдтæм гæсгæ».

 

БАХЪАСТ КОДТА ДУНЕОН ТÆРХОНДОНМÆ

Иран бахатыд ИНО-йы дунеон тæрхондонмæ, АИШ уæлæмхас иуфарсон санкцитæ кæй бакодта, уый фæдыл хъастимæ. 8 майы АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта ирайнаг ядерон программæйы фæдыл архайдтыты иумиаг планæй рахизыны æмæ Тегераны ныхмæ санкцитæ сног кæныны тыххæй. Ацы уынаффæйæн стæрхон кодтой дунеон паддзахадты лидертæ. Вашингтоны европæйаг партнертæ фехъусын кодтой, уыдон кæй фæнд кæнынц Иранимæ бадзырды уагæвæрдтæ бахъахъхъæнын. Уымæй дарддæр ма, 12 июлы АИШ-ы финансты министр Стивен Мнучин бартхъирæн кодта санкцитæй кæцыфæнды бæстæйы ныхмæ дæр, кæцы Вашингтоны позицийы сæрты ахизгæйæ, дарддæр дæр æлхæндзæн Иранæй нефть.

 

САРÆЗТОЙ БАДЗЫРДТÆ

Китай æмæ Евроцæдис къухтæ æрфыстой цалдæр меморандумыл базарады, инвестициты æмæ таможнæйы фадыджы. Бадзырдыл къухтæ æрфыстой Пекины Китайы паддзахадон советы премьер Ли Кэцян, Европæйы Советы сæрдар Дональд Туск æмæ Еврокъамисы сæргълæууæг Жан-Клод Юнкеры  хайадистæй. «Мах абон лыстæггай æруынаффæ кодтам дыууæфарсон фарстытыл æмæ бадзырдтам иумæ протекционизмы ныхмæ лæууын», – банысан кодта Ли Кэцян, Китай æмæ Евроцæдисы 20-æм саммиты рæстæджы журналистты раз ныхас кæнгæйæ. Китай-Евроцæисы 20-æм саммиты уынаффæ кодтой глобалон боны фæткы сæйрагдæр фарстытыл, уыцы нымæцы китайаг-европæйаг æмгуыстад, бирæфарсон механизмтæ бахъахъхъæныны фæдыл мадзæлттæ фæтыхджындæр кæныны гæнæнтыл, афтæ егъау дунеон тасдзинæдтæн дзуаппæн иумиаг позициты координацийыл.

 

ÆРÆВÆРДТОЙ

СÆ ХÆЦÆНГÆРЗТÆ

Фæстаг дыууæ къуырийы дæргъы  Дераайы провинцийы сириаг боевиктæ радтой 26 танкы æмæ æхсæн хæцæнгарзы сæдæгай иуæгтæ. Бусра, Анхуль, Дераа, Тафас æмæ Насибы цæрæн пунктты боевиктæ радтой 300 автоматы æмæ пулеметы, 30 минæзгъалы, Т-55 21 танкы, Т-72 фондз танкы æмæ æндæртæ.

 

ÆРЦАХСТОЙ ИНÆЛАРЫ

Мæскуыйы Лефортовы тæрхондон æрцахста УФ-йы Фæдагурæн комитеты экс-сæргълæууæг Александр Дрымановы дыууæ мæймæ. Тæрхондоны рабадты размæ Дрыманов фехъусын кодта, зæгъгæ, уый йæхи аххосджыныл нæ нымайы æмæ нæ фæнд кæны Уæрæсейы территорийæ ацæуын. Инæлармæ зæрдæ фехсайдта дыууæ хатты гæртам стыр суммæтæ райсынæй.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.