Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта ИНО-йы генералон секретарь Антониу Гутеррешимæ. Ныхасы рæстæджы генералон секретарь раарфæ кодта Путинæн, президентон æвзæрстыты кæй фæуæлахиз, уый сæ-раппонд. Уымæй дарддæр ма уыдон æруынаффæ кодтой къорд актуалон дунеон фарстытыл, уыцы нымæцы Сирийы уавæрыл. Гутерреш банысан кодта глобалон æдасдзинад æмæ стабилондзинадмæ Мæскуыйы сæрмагонд бавæрд.

Социалон пенситы индексаци

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев йæ къух æрфыста уынаффæйыл 2018 азы 1-æм апрелæй социалон пенситы индексацийы тыххæй. Ацы нысæнттæн рахицæн æрцæудзысты 10 миллиард сомы. Медведевы ныхæстæм гæсгæ фæфылдæр уыдзысты 4 милуан адæймаджы пенситæ, афтæ ма фæфылдæр уыдзысты æндæр бафыстытæ, кæцыты бæрц баст у социалон пенситы индексацийы æмвæзадимæ. Иу бон раздæр УФ-йы Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæныны министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, пенситæ æмæ æндæр бафыстытæ индексаци æрцæудзысты 2,9%.

Фыццаг саммит

Централон Азийы бæстæты сæргъ-лæуджытæ ауагътой фыццаг саммит Астанайы. «Æппæт сæвзæргæ фарстытæ махæн нæ бон у иумæ скъуыддзаг кæнын. Мах алыхатт тырныдтам нæ сыхæгтимæ æнгом экономикон æмгуыстадмæ, уæлдайдæр та Централон Азийы бæстæтимæ, кæцытимæ махæн ис иумиаг истори, культурæ æмæ дунеæмбарынад. Махæн ис егъау сыхæгтæ – Уæрæсе æмæ Китай, кæцытимæ мах баст стæм æнгомæй», – банысан кодта Казахстаны президент Нурсултан Назарбаев. Саммит уагъд æрцыд Узбекистаны инициативæйæ. Паддзахадты сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой ЕАЭС фæлгæтты æмгуыстадыл, афтæ ма уагъд чи хъуамæ æрцæуа, Евразийаг уыцы уæлдæр экономикон советы рабадты тыххæй, кæцы уагъд æрцæудзæн Уæрæсейы.

Фæхуыдтой сæ министрадмæ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ фæхуыдтой Уæрæсейы аккредитацигонд фæсарæйнаг бæстæты минæвæртты, цæмæй сын бамбарын кодтаиккой Солсберийы хъæстæгæнæн буарадтæй спайда кæныны тыххæй Стырбританийы хъусынгæнинаджы алыварс уавæры фæдыл.

Теракт

Афганистаны столицæ Кабулы террористон акты фæстиуæгæн фæмард сты æппынкъаддæр 29 адæймаджы, цæфтæ та фесты 52 адæймаджы. Инцидент æрцыд Кабулы университетмæ æввахс. Фыдракæнды тыххæй бæрндзинад йæхимæ айста «пысылмон паддзахад».

Рарвыстой æнæлегалты радон къорды

Гуырдзыстоны 50 æмбæстагæй фылдæр, кæцыты ‘хсæн сты æнахъом сабитæ дæр, рарвыстой Германæй æнæвизæйон режимы уагæвæрдтæ фехалыны тыххæй. Гуырдзиаг æнæлегалты радон къорд специалон рейсыл Франкфуртæй æрыздæхтысты сæ райгуырæн бæстæмæ. Немыцаг фарсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы адæймæгтæн ницы аххосæгтæ уыд, цæмæй æмбæхсæндон ракуырдтаиккой Германы. Гуырдзиаг дзыллон информацийы фæрæзты бæрæггæнæнтæм гæсгæ апрелы мæйы немыцаг фарс йæхи цæттæ кæны гуырдзиаг æмбæстæгты ноджы иу къорды сдепортаци кæнынмæ. Февралы ацы аххосæгтæм гæсгæ Германæй æрвыст æрцыдысты 65 гуырдзиаг æмбæстаджы, ивгъуыд къуыри та 15 адæймаджы рарвыстой Австрийæ. Февралы мæйы Северный Рейн-Вестфалияйы зæххыты хицауад æрсидт Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн æнæвизæйон режим æруромынмæ, кæцы баконд æрцыд иу азы размæ.

Баурæдтой Савченкойы

Украинæйы хъайтар Надежда Савченко урæд æрцыд Уæлдæр Радайы бæстыхайы. Савченкойæн систой йæ депутатон æнæфæцагайгæдзинад æмæ йæ баурæдтой комкоммæ украинаг парламенты. Депутатмæ æрбацыд фæдагурæг, радта йæм повесткæ  æмæ йын загъта, цæмæй ацæуа Киевы æдасдзинады советы управленимæ. Уый фæстæ Савченко рацыд Радайы бæстыхайæ фæзуатмæ, цыран æрæмбырд сты йе ‘вварсхæцджытæ. Депутат йæ хо Верæмæ радта Украинæйы хъайтары стъалы. Савченкойы аххосджын кæнынц, паддзахадон фæфæлдæхт саразынæй йæм зæрдæ кæй фехсайдта, уымæй.

Хорзыл æй банымадта

Латвийы Сейм хорзыл банымадта латышаг æвзагмæ уырыссаг скъолаты ракæнын. Национ къаддæр хæйтты паддзахадон латышаг æвзагмæ ракæныны тыххæй закъоны проект сфидар кодта Латвийы Сейм кæройнаг бакасты. Закъоны æвварс рахæцыдысты депутаттæн сæ фылдæр. Ныр документ æрвыст æрцæудзæн бæстæйы президентмæ, кæцы гæнæн ис æмæ закъоны проекты рарвита фæстæмæ ногæй йыл бакусынмæ. Ахуырады тыххæй закъонмæ цы барасткæнинæгтæ хаст æрцыдысты, уыдонмæ гæсгæ скъолаты латышаг æвзагмæ ракæнын план цæуы 2019-2021 азты. Уайы афтæ æмæ бæстæйы ахуыргæнинæгтæ астæуккаг скъола фæуд кæндзысты æххæстæй латышаг æвзагыл ахуыр кæнгæйæ, цыран цæрджыты 40% сты уырыссаг æвзагыл дзурджытæ.

Нæ равзæрстой сæргълæууæг

Каталонийы Парламентæн йæ бон не ссис регоны хицауады сæргълæууæджы бынатмæ Жорди Туруляйы кандидатурæ сфидар кæнын. Йе сфидар кæныны тыххæй хъуыд депутатты фылдæры хайы фарсхæцынад, ома, 135 депутаты 68 хъæлæсы. Туруляйы кандидатурæйы æвварс схъæлæс кодтой æрмæстдæр 64 адæймаджы. Дыууæ боны фæстæ парламент фæнд кæны ног хъæлæсæппæрст ауадзын. Кæд дыууæ мæймæ парламентæн йæ бон не суа регионы сæргълæууæг сæвзарын, уæд ын йæ архайд æруромдзысты æмæ дзы уагъд æрцæудзысты ног парламентон æвзæрстытæ.

Евроцæдисы саммит

Брюсселы уагъд цæуы Евроцæдисы саммит. Саммиты фыццаг боны темæтæй иу уыд Солсберийы Скрипалы фæхъæ-стæ кæныны цауы тыххæй, кæцы боны фæткмæ хаст æрцыд фæстаг момент. Евроцæдисы бæстæты лидертæ уынаф-фæ кодтой ацы фарстыл æхсæвæры рæстæджы фондз сахаты бæрц. Стырбританийы домæнмæ нæ кæсгæйæ, Мæс-куымæ ахасты ницахæм конкретон мадзæлттæ райстой. Германы канцлер Ангела Меркель фæндон бахаста, цæмæй банхъæлмæ кæсой экспертты хатдзæг-тæм. Ахæм хъуыдыйыл хæст уыдысты Итали, Греци, Словаки, Кипр.

Меморандум Китайы ныхмæ

АИШ-ы президент Дональд Трамп Урс хæдзары йæ къух æрфыста меморандумыл Китайы ныхмæ базарадон мадзæлтты тыххæй. Документмæ гæсгæ, паддзахады сæргълæууæг базарадон баныхæсты АИШ-ы минæвар Роберт Лайтхайзерæн бахæс кодта 15 бонмæ Китайæ ласт-цæуæг бæрæг категориты продукцимæ ахасты таможнæйон фиддонтæ бакæныны фадатмæ æркæсын. Уымæй дарддæр ма америкæйаг лидер бахæс кодта финансты министр Стивен Мнучинæн, цæмæй 60 бонмæ фæндæттæ бацæттæ кæна америкæйаг компанитæм Китайы инвестициты фæкъаддæр кæныны тыххæй.

Китайы реакци

Йæ рады Китай дæр цæттæ кæны дзуаппон мадзæлттæ АИШ-ы ныхмæ ацы паддзахады сæргълæууæджы плæнтты тыххæй. Пекин гæнæн ис æмæ фиддонтæ бакæна америкæйаг хъæууонхæдзарадон продукттыл. Китайаг фарс банысан кодта, зæгъгæ, йæ нæ фæнды базарадон хæст райдайын, фæлæ, зæгъ, куы бахъæуа, уæд дзуаппон мадзæлттæ райсдзы-стæм.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.