Хуссар Ирыстоны арæныл Знауыры районы Балтайы хъæуы уагъд æрцыд радон митинг, кæцыйы сорганизаци кодтой гуырдзиаг националисттæ. Акцийы хайад райстой Гуырдзыстоны 500 æмбæстаджы бæрц, кæцыты ‘хсæн хицæн кодтой «Нæ тых ис иудзинады»-йы организацийы активисттæ.

Митинджы сæйраг хай райдыдта æмбисбонмæ æввахс, уæд арæнгæрон æмбондмæ хæстæг æрæмбырд сты сæдæгай националисттæ гуырдзиаг тырысатимæ. Æмбæстагон адæймæгтæй дарддæр ма акцийы хайадисджыты ‘хсæн уыдысты Гуырдзыстоны тыхон структурæты минæвæрттæ æмæ аргъуаны службæгæнджытæ.

Акцийы фыццаг хай ацыд музыкалон номыртимæ, уый фæстæ митингæнджыты фылдæр хай ацыдысты арæнгæрон зонæйæ. Иу къуырийы размæйы пикетæй хъауджыдæр, гуырдзиаг националисттæ сæхи дардтой уæлдай хиуылхæцгæдæр. 15 сахатыл хуссарирыстойнаг журналисттæ ацыдысты арæнгæрон зонæйæ. Уыцы рæстæджы ма ныхмæлæууæг фарсы ‘рдыгæй баззад 20 митинггæнæджы бæрц. Евроцæдисы минæвæрттæ  систой уагъдцæуæг цауты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.