ЙÆ КУЫСТ ФÆЦИС САММИТ

Буэнос-Айрес  уыдис дунеон политикæйы центры. Уым йæ куыст фæцис «Большая двадцатка»-йы саммит. Делегациты сæргълæуджытæ сæ къухтæ æрфыстой хатдзæгон декларацийыл, кæцы уыд уæлдай хъусдарды бын. 31 пунктæй конд декларацийы лидертæ бафидар кодтой экономикæйы фидар рæзт къухты бафтын кæнын, бадзырдтой Дунеон базарадон организацийы рацарæзты тыххæй æмæ Интернеты терроризмы ныхмæ тох фæактивондæр кæныны тыххæй. Ног Гвинеяйы АТЭС-ы саммит æрæджы фæцис æнæ документæй,  ист не ‘рцыд Канадæйы «Большая семерка»-йы саммиты хатдзæгты фæдыл коммюнике дæр, АИШ-ы президент йæ къухфыст фæстæмæ кæй райста, уый фæстиуæгæн. Традицимæ гæсгæ, паддзахадты сæргълæу-джытæй алкæцы дæр ауадзы хицæн пресс-конференци, цыран хатдзæгтæ саразынц саммитæн. Фæлæ АИШ-ы президент Дональд Трамп аивта йæ пресс-конференци.

ФЕМБÆЛДТЫТÆ

Саммиты фæлгæтты Владимир Путинæн фембæлдтытæ уыд 10 паддзахады сæргълæуджытимæ, уыцы нымæцы Инди, Китай, Саудаг Аравийы лидертæ æмæ æндæртимæ. Японы премьер-министр Синдзо Абэимæ фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой Уæрæсе æмæ Японы ‘хсæн сабырадон бадзырд саразыны тыххæй, сæрмагондæй, 1956 азы декларцийы бындурыл Курилты фæдыл баныхæстæн специалон механизм саразыны фарстыл. Уый у темæйы фæдыл иунæг документ, кæцыйы нымайынц дыууæ бæстæ дæр.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ИДЛИБЫ ФÆДЫЛ

Уæрæсе æмæ Туркы президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Эрдоган Аргентинæйы саммтты фæлгæтты сæ фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой сирийаг провинци Идлибы демилитаризацигонд зонæйы бадзырдыл.  Банысанчындæуыд, зæгъгæ, туркаг коллегæты активон архайдтытæм нæ кæсгæйæ, экстремисттæ иууылдæр не сразы сты 20-километрон демилитаризацигонд зонæ ссæрибар кæныныл. Фæрстæ бадзырдтой дарддæры къахдзæфты тыххæй, цæмæй ист æрцæуой æппæт мадзæлттæ дæр ба-дзырд сæххæст кæныны тыххæй. Афтæ ма фембæлды Эрдоган фæндон бахаста, цæмæй Идлибы фæдыл уагъд æрцæуа ног саммит.

РАДЗЫРДТА СЫН УКРАИНÆЙЫ ПРОВОКАЦИЙЫ ТЫХХÆЙ

Владимир Путин саммиты фæлгæтты фембæлд Францы президент Макрон æмæ Германы канцлер Ангела Меркелимæ æмæ сын лæмбынæг радзырдта Украинæ Керчы донкъубалы цы провокаци сарæзта, уый тыххæй.

ЦЫБЫР КОНТАКТ

Аргентинæйы «Большая двадцатка»-йы саммиты фæлгæтты хъуамæ фембæлд уыдаид Владимир Путин æмæ АИШ-ы президент Дональд Трампæн, фæлæ амери-кæйаг президент аивта йæ фембæлд. Фæлæ уæддæр, уæрæсейаг президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ дыууæ бæстæйы президенттæн уыд цыбыр контакт. Афтæ ма Уæрæсе æмæ АИШ-ы делегацитæн уыд кусæгон контакттæ, уыцы нымæцы национ æдасдзинады фæдыл АИШ-ы лидеры уынаффæгæнæг Джон Болтоны хайадистæй.

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ ДОКУМЕНТЫЛ

Путин  æмæ Аргентинæйы президент Маурисио Макри сæ фембæлды рæстæжы бадзырдтой Аргентинæйы уæрæсейаг технологитæм гæсгæ атомон электростанц саразыны тыххæй. Афтæ ма дыууæ бæстæйы лидертæ бадзырдтой сабырадон атомы фæдыл æмгуыстады тыххæй. Æрдзырд-той сæудæджерадон коопераци фæарфдæр кæныны ахсджиагдзинадыл, дыууæварсон егъау проекттæ среализаци кæныны тыххæй. Бæстæты минæвæрттæ ма къухтæ æрфыстой æхсæнхицауадон сразыдзинадыл кæсаджы хæдзарады æмæ аквакультурæйы фадыджы.

ВЛАДИМИР ПУТИНЫ ПРЕСС-КОНФЕРЕНЦИ

Буэнос-Айресы Владимир Путинæн уыд пресс-конференци дунеон дзыллон информацийы фæрæзты журналисттимæ. Путин сдзуапп кодта бирæнымæц фарстытæн, уыцы нымæцы Сири, Украинæ, Керчы донкъубалы æрцæугæ инциденты æмæ АИШ-ы президент Дональ Трамп йæ фембæлд кæй аивта, уыцы фарстæн. Путины ныхæстæм гæсгæ, фæсарæйнаг лидертæн сæ бон не ссис исты зæгъын Керчы донкъубалы инциденты фæдыл йæ аргументты ныхмæ.

ПРОТЕСТОН АКЦИТÆ

Францы столицæ Парижы уагъд цæуынц протестон акцитæ. «Бур жилеттæ» протестон акцитæ уадзынц ныр цалдæр къуырийы дæргъы бензины аргъ фæфылдæр кæныны ныхмæ. Фæлæ бирæ хъусдарджытæ нысан кæнынц, зæгъгæ, Францы масштабон демонстрацитæ сты, цæрджытæ иумиагæй хицауады куыстæй райгонд кæй не сты, уый. Макроны рейтинг æмæ популярондзинад æрхаудта критикон æмвæзадмæ. Полицийæгтæ Парижы центры асырдтой протестгæнджыты цæссыгкалæн газæй, кæцыйы фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой 100 адæйма-джы, уыдоны ‘хсæн сты 15 полициаджы дæр. Протестон акциты хайадисджытæй фæмард æртæ адæймаджы. Урæд æрцыдысты 200 адæймаджы. Францы президент Макроны ныхæстæм гæсгæ, манифестантты хъæуы  ивындзинæдтæ нæ, фæлæ хаос.

***

«Бур жилетты» акци райдыдта Бельгийы дæр. Уым та полици баурæдта 82 активисты, кæцыты иу хай хайад иста барадхъахъхъæнæг оранты машинæты басудзыны.  Протестон акцитæ райдыдтой Нидерландты дæр.

МАРИН ЛЕ ПЕНЫ ФÆНДОН

Парти «Национальное объединение»-йы лидер Марин Ле Пен фæндон бахаста Францы Национ æмбырд суæгъд кæныны тыххæй, æмæ æмгъуыдæй раздæр парламентон æвзæрстытæ ауадзын, цæмæй бæстæ рахиза карз социалон кризисæй, кæцы баст у «бур жилетты» манифестацитимæ.  Уый банысан кодта, зæгъгæ, французæгты фæнды хъалонты рæстдзинад. Хъæздыг адæймæгтæ, зæгъ, æппынæдзух исынц хъалонты хатыртæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ хуымæтæджы французæгтæ фаг бæрцы æвыдыст не сты бæстæйы закъондæттынадон органы, кæцы æркодта адæмы æмæ хицауады структурæты ‘хсæн ныхмæлæудмæ.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Тбилисы уазæгдон «Альянсы» баурæдтой Украинæйы æхсæз æмбæстаджы æнæзакъонæй хæцæнгарзы æрзылды тыххæй. Æвдæм та у гуырдзиаг хæстон Лука Чхетия, кæцы хæцыд украинæйаг батальон «Донбассы». Украинæйы æмбæстæгтæм разынд хæцæнгæрзтæ æмæ хæстон æрмæджытæ.

АХХОСДЖЫН ÆЙ КÆНЫНЦ КОРРУПЦИЙЫ

Израилы полици йæ хъусынгæнинаджы фехъусын кодта, зæгъгæ, фæдагуырд рабæрæг кодта фаг факттæ бæстæйы премьер-министр Биньямин Нетаньяху æмæ йæ цардæмбалы гæртам исыны фæаххосджын кæныны тыххæй. Уый у æртыккаг хъуыддаг коррупцийы тыххæй, кæцы баконд æрцыд израилаг премьеры ныхмæ. Нетаньяху йæхæдæг нæ басаст,  цы хъуыддаджы йæ аххосджын кæнынц, ууыл.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.