Кæд раздæрау арæх нæ, уæддæр зымæгон бонты, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн электроэнергийы ахицæн свæййы иууыл стырдæр проблемæ. Цæрджыты бахъæуы æнхъæлмæ кæсын суткæйы бæрц æмæ уымæй фылдæр, цалынмæ цалцæггæнджытæ цæгатæй кæнæ хуссарæй фæхæццæ вæййынц аварийы бынатмæ æмæ йæ аиуварс кæнынц, уæдмæ. Ивгъуыд аз та электроэнергийы хахх хæхты зынвадат бацæуæны кæй фехæлд, уый аххосæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æнæ рухсæй баззадысты æртæ суткæ.

Ацы авари аиуварс кæныны фæстæ Уæрæсейы Федерацийы электроифтонгады минæвæрттæ æруынаффæ кодтой сæ Хуссар Ирыстоны коллегæтимæ. Уыдон иумæйагæй æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: Хуссар Ирыстонмæ хъуамæ уагъд æрцæуа уæлæмхас электрохахх, кæцы цæудзæн тоннелыл æмæ зымæгон бонты уыдзæн æдас.

Фарсты фæдыл уынаффæ цыд социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг радон рабадты дæр.

Ныртæккæ уыцы фарст цы æмвæзадыл ис æмæ куыстытæм кæд æрæвналдзысты, уый бæрæг базоныны фæдыл Хуссар Ирыстоны «Энергоресурс»-ы генералон директор Гæбæраты Алан загъта: «Хуссар Ирыстон электроэнерги иууылдæр исы Уæрæсейæ «Зæрæмæг-Цæгаттаг-Дзау»-ы электрохаххыл. Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ мах куыстам æхсæз проектыл, кæцытæм гæсгæ арæзт хъуамæ æрцæуа резервон электрохахх. Хицауады радон æмбырды Президент загъта, цæмæй бацархайæм æмæ ацы фарст аскъуыддзаг кæнæм æввахсдæр рæстæджы. Мах æруынаффæ кодтам æхсæз проектыл дæр æмæ нæм иууыл æнцонвадатдæр фæкаст – тъунелыл кабель ауадзын, кæцыйыл не ‘ндавдзæн æвзæр боныгъæд. Проекты реализацийæн фæрæзтæ рахынцыдæуыд Хуссар Ирыстоны «Энергоресурс»-ы хыгъдмæ.

Проектмæ гæсгæ электроэнергийы хахх Цæгат порталæй Ручъы тъунелмæ куы рацæуа, уæд йæ дæргъ уыдзæн 4 километры бæрц. Хуссар порталы та иугонд æрцæудзæнис сæйраг хахмæ», – зæгъы «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор.

Уый куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ æмæ фактон æгъдауæй та Ручъы тъунелыл электрохахх аразынмæ æрæвналдзысты 2019 азы. Фидæн аз зымæджы Хуссар Ирыстонмæ рухс цæудзæнис ног хаххыл. Ам цы æхцайы фæрæзтæ бахардз уа, уыдон гæнæн ис æмæ йæхимæ райста Уæрæсейы энергетикæйы министрад.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.