ДЫУУÆ ПРЕЗИДЕНТЫ ФЕМБÆЛД

Уæрæсе æмæ АИШ-ы президенттæ Владимир Путин æмæ Дональд Трампæн фембæлд уыд япойнаг Осакайы «Большая двадцатка»-йы саммиты фæлгæтты. Баныхæстæ аххæссыдысты 80 минуты. Коллегæтæ æруынаффæ кодтой Украинæ, Иран, Сири æмæ Венесуэлæйы уавæрыл. Путин æмæ Трамп сразы сты, зæгъгæ, АИШ æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæ фæхуыздæр кæнын сты дыууæ бæстæйы æмæ æнæхъæн дунейы интересты. Путин йæ америкæйаг коллегæйы фæхуыдта Уæрæсемæ Уæлахизы боны сæраппонд цытджын мадзæлтты хайад райсыны тыххæй. Трамп ацы идеяйыл сæмбæлд позитивонæй.

***

     Владимир Путин ма саммиты фæлгæтты фембæлд Германы канцлер Ангела Меркель, Францы президент Эммануэль Макрон, Саудоваг Аравийы принц Мухаммед бен Сальманомна, Египеты президент Абдел Фаттах ас-Сиси Японы премьер-министр Синдзо Абэимæ. Абэимæ фембæлды сæйраг темæтæй иу уыд Мæскуы æмæ Токиойы ‘хсæн сабырадон бадзырд саразын. Путины ныхæстæм гæсгæ, хъæуы стыр куыст бакæнын уæрæсейаг-япойнаг ахастытæ ног гъæдджын æмвæзадмæ ракæныны тыххæй. Уыимæ, Путины хъуыдымæ гæсгæ Мæскуы æмæ Токиойы къухты бафтыд Хуссар Курилты иумиаг хæдзарадон архайды рæзт æрнывыл кæнын. Путин банысан кодта, алыгъуызон фадгуыты уæрæсейаг-япойнаг бизнесменты æмгуыстады тыххæй.

РАЙСТОЙ ИУМИАГ ХЪУСЫНГÆНИНАГ

«Большая двадцатка»-йы саммиты ист æрцыд иумиаг хъусынгæнинаг. Коммюникейы банысанчындæуыд, зæгъгæ, лигъдæттæ масштабонæй иу бынатæй иннæ бынатмæ кæй цæуынц, уый у глобалон характеры катайдзинады аххосаг, кæцы гуманитарон, политикон æмæ экономикон цæст-æнгасæй æркæны къорд мæгуырау фæстиуджытæм. Бæстæты лидертæ банысан кодтой лигъдæтты бындурон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй иумиаг архайдтыты ахсджиагдзинад. Саммиты хайадисджытæ глобалон энергоæдасдзинады фарстыты бафидар кодтой ног хуызы энергетикæмæ рахызт сифтонг кæныны ахсджиагдзинад дæр. Уыцыиурæстæджы саммиты хатдзæгон хъусынгæнинаджы банысан æрцыд климаты фæдыл Парижаг сразыдзинадæй рахизыны тыххæй Иугонд Штатты уынаффæ, уымæн æмæ, зæгъ, сразыдзинады архайд зиан хæссы америкæйаг хъалонфидджытæн.

ХАТДЗÆГОН РАБАДТ

УФ-йы президент Владимир Путин хайад райста «Большая двадцатка»-йы бæстæты-хайадисджыты делегациты сæргълæуджыты саммиты хатдзæгон рабадты. Паддзахадты лидертæ уынаффæ кодой дунейы экономикон уавæрыл, базарад æмæ инвестицитыл, афтæ ма дискусситæ уагъд æрцыдысты инновацион архайды актуалон здæхтыты, нымæцон экономикæйы рæзты фæстаг тенденцитыл, информацион-коммуникацион технологиты фадыджы æдасдзинад сифтонг кæныны фарстытыл. Сæйраг бадзырдтæ нысан æрцыдысты саммиты хатдзæгон декларацийы æмæ къорд æндæр документты.

ХАЙАД РАЙСТА ЕВРОПÆЙАГ ХЪÆЗТЫТÆ СÆХГÆНЫНЫ ЦЕРЕМОНИЙЫ

УФ-йы президент Владимир Путин хайад райста 21-30 июны Минскы уагъдцæуæг Европæйаг хъæзтытæ сæхгæныны цытджын церемонийы. Уæрæсейаг лидер бакаст боксмæ, афтæ ма фембæлд дунеон Олимпион комитеты президент Томас Бахимæ. Уымæй дарддæр ма Путин ныхас кодта Уæрæсейы æбырдгонд командæйы уæнгтимæ æмæ сын арфæ ракодта хъæзтыты сæ æнтыстджын архайды тыххæй. Уæрæсейы национ командæ ссис хъæзтыты лидер,  109 майданы рамбулгæйæ.

ФОРУМ «АРМИЯ-2019»

Новосибирскы уагъд æрцыд форум «Армия-2019», зæгъгæ. Æфсæддон аэродром «Толмачево»-йы форумы фондз бонмæ бабæрæг кодта уазджыты рекордон нымæц  800 мин адæймагæй фылдæр. Новосибирскы областы цæрджытæ æмæ уазджытæн фыццаг хатт равдыстой рог бронеавтомобиль «Выстрел». Форуммæ бацæуджытæн æвдыст æрцыдысты нырыккон хæцæнгæрзты, æфсæддон æмæ специалон техникæйы ногдæр дæсгай хуызтæ. Равдысты уникалон экспонат ссис куынæггæнæг-бомбæзгъалæг хæдтæхæг Су-34. Уымæй дарддæр ма форумы уазджытæм стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой вертолеттæ Ми-8АМТШ-В «Терминатор», бронеавтомобиль «Тигр», БМП-2, танкæтæ Т-72БЗ, Т-80, Т-90. Форум цытджын æгъдауæй æхгæд æрцыд 30 июны.

ÆРБАЦЫД САУ ДЕНДЖЫЗМÆ

30-æм июны Сау денджызмæ æрбацыд АИШ-ы æфсæддон-денджызон тыхты эсминец Carney. Йæ бортыл сты базырджын ракетæтæ Tomahawk 1,6 мин километры архайды дардадимæ. Æфсæддон нау æрбацыд украинæйаг-америкæйаг ахуыртæ Sea Breeze-2019-йы хайад райсыны тыххæй, кæцыты уый размæ скритикæ кодта уæрæсейаг фарс. Сау денджызы тыхты хъахъхъæнæг нау «Сметливый» йæ хъус дары АИШ-ы эсминецмæ. Афтæ ма эсминецмæ сæ хъус дарынц флоты электронон æмæ техникон фæрæзты руаджы.

ФЕМБÆЛД БУФЕРОН ЗОНÆЙЫ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фембæлд Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ынимæ Цæгат æмæ Хуссар Кореяты арæны демилитаризацигонд зонæйы. Трампимæ ма уыд Хуссар Кореяйы президент Мун Чжэ Ин. Уый уыд АИШ, Цæгат æмæ Хуссар Кореяты сæргълæуджыты фыццаг уæлдæр æмвæзады æртæварсон фембæлд. Трамп æмæ Ким Чен Ын бадзырдтой, зæгъгæ, АИШ æмæ Цæгат Корея сараздзысты баныхсгæнджыты къордтæ, кæцытæ æввахсдæр къуыриты сбæрæг кæндзысты фæрстæн сæ бон суыдзæн быцæуаг фарстытæ аскъуыддзаг кæныны размæ ацæуын æви нæ, уый.

ДОНИВЫЛДТЫТÆ

Иркутскы областы тыхджын донивылдтыты фæстиуæгæн фæмард сты авд адæймаджы, фараст адæймаджы та нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтыл, уыцы нымæцы иу сывæллон. Доны бын фесты 3,3 мин хæдзары. Рынчындæттæм бахаудтой 153 адæймаджы. Владимир Путины бахæсмæ гæсгæ гуманитарон æххуыс кæнынц хъыгдардбаййафджытæн, афтæ ма æххæст цæуынц ирвæзынгæнæн куыстытæ дæр.

ТЕРАКТ

Кабулы арæзт æрцыд теракт, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 34 адæймаджы, фæцæфтæ сты 68 адæймаджы. Бомбæ спырх афгайнаг столицæйы дипломатон кварталы. Теракты тыххæй йæхимæ бæрндзинад райста «Талибан»-ы змæлд.

АВТОАВАРИ

Индийаг штат Джамму æмæ Кашмиры автобус коммæ кæй ахауд, уый фæстиуæгæн фæмард сты 35 адæймаджы, 17 та фесты алыгъуызон цæфтæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.