ЙÆ КУЫСТ ФÆЦИС САММИТ

 Душанбейы йæ куыст фæцис Азийы æмархайды æмæ æууæнкдзинады мадзæлтты фæдыл саммит, цыран хайад райстой 27 бæстæйы минæвæрттæ. Саммиты боны фæткы уыд дыууæ пункты: паддзахадты сæргълæуджыты раныхæстæ æмæ иумиаг декларацийы райст. Уæрæсейаг делегацийы сæргъ лæууыд Владимир Путин. Саммит уагъд æрцæуы цыппар азы иу хатт. Путин раныхас кодта пленарон рабадты. Саммиты хайадисджытæ райстой иумиаг деклараци, цыран нысан цæуы, паддзахадты мидæггагон хъуыддæгты хи хæццæ кæнынæн æруадзæн кæй нæй, уый тыххæй. Афтæ саммиты хайадисджытæ бафидар кодтой суверенон æмбардзинады, бæстæты территориалон æнæхъæндзинады, политикон хæдбардзинады принциптыл æнувыддзинад.

КОМКОММÆ ЭФИР

20-æм июны уагъд æрцæудзæн УФ-йы Президент Владимир Путины  17-æм комкоммæ эфир. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр уый дзуаппытæ ратдзæн цæрджыты риссагдæр фарстытæн. Абоны онг уал райстæуыд 610 мин сидты президентмæ. Фарстытæ ист цæуынц  9-æм июнæй суанг 20-æм июны программæйы кæронмæ.

ХЪЫРЫМЫ ХИДЫ ФЫЦЦАГ ÆФСÆНВÆНДАГ

Хъырымы хиды аразджытæ сиу кодтой æфсæнвæндаджы хайы фыццаг фæндаджы рельсытæ, кæцыйæн йæ дæргъ у 19 километры æмæ йыл æвæрд æрцыд фондз мин тоннæйы рельсытæ æмæ 38 мины æфсæнбетонон шпалтæ. Фæндаг арæзт цыд Керчы донкъубалы дыууæ донбылгæрæттæй, бригадæтæ цыдысты кæрæдзимæ æмæ сæмбæлдысты аркæйы æрдынæгы бын. Æввахс рæстæджы баиу кæндзысты дыккаг фæндаджы цæгтæ æмæ сæ уый фæстæ хæрзарæзт скæн-дзысты.

ИРОН ЛÆГ – БЕЛОРУСИЙЫ МИДХЪУЫДДÆГТЫ МИНИСТР

Белорусийы президент Александр Лукашенко бæстæйы мидхъуыддæгты министрæй снысан кодта Хъараты Юрийы, кæцы уæдмæ куыста мидхъуыддæгты министры хæдивæгæй – мидæггагон æфсæдтыл командæгæнæгæй. Хъарайы фырт райгуырд горæт Дзæуджыхъæуы.  1987 азы каст фæцис УФ-йы мидхъуыддæгты æфсæдты Саратовы æфсæддон институт. 1996 азы та каст фæцис Фрунзейы номыл генералон штабы академи.

НÆ РАДТОЙ АССАНЖЫ

Стырбританийы тæрхондон нæ радтой АИШ-æн Ассанжы æмæ экстрадицийы тыххæй хъуыддаджы фæдыл байхъуыстытæ аргъæвта 2020 азы февралы онг. Ныртæккæ Ассанж ис Стырбританийы, цыран ахæстоны уыдзæн 50 къуырийы. Ассанжы сæйраджыдæр аххосджын кæнынц 2010 азы Пентагоны сусæггаг æфсæддон æмæ дипломатон документтæ адæмæн раргом кæныны. Уæд портал раргом кодта АИШ-ы мин сусæггаг документы Афганистаны хæсты тыххæй.

ЯДЕРОН ХÆСТÆН ÆРУАДЗÆН НÆЙ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æрсидт АИШ-мæ, ядерон хæстæн æруадзæн кæй нæй, уый тыххæй. Уæрæсе æнхъæлмæ кæсы АИШ-мæ конкретон дзуаппытæм, стратегион æдасдзинады фарстыты æппæт спектры фæдыл уæрæсейаг фарс цы фæндæттæ бахаста, уыдоны фæдыл.

 БАКОДТОЙ ЕГЪАУ ИВАРТÆ

 Черногорийы бакодтой егъау ивартæ, бæстæйы паддзахадон символтæн чи нæ кад кæны, уыдонмæ ахасты. Тырыса, герб æмæ национ гимнмæ æнæмбæлон ахаст чи равдиса, уыдон ивар цæудзысты 20 мин евройы онг.

КОМПАНИ ЦÆТТÆ У ТУРИСТТÆ АРВИТЫНМÆ

Америкæйаг компани Bigelow Aerospace цæттæ у дунеон космикон станцмæ туристтæ арвитынмæ, иу бынатæн 58 милуан доллары бафидгæйæ. Фидæны космикон туристтæн бынæттæ фæсауæрцгонд сты компани  SpaceX. Crew Dragon-ы наутыл. Уый размæ NASA фехъусын кодта дунеон космикон станцы бортыл коммерцион архайд рауæрæх кæныны плæнтты тыххæй.

БАКОДТОЙ НОГ КУПЮРÆТÆ

Венесуэлæйы централон банг бакодта ног купюрæтæ 50 мин боливарты онг. 10, 20 æмæ 50 мин суверенон боливарты æртæ ног банкнотæй Венесуэлæйы территорийыл пайда кæнын райдыдтой цыппæрæмæй, 13-æм июнæй. Ног купюрæтæ баххæст кæндзысты ныртæккæ архайгæ æхцайы нысæнтты æмбырд, национ экономикæйы раз лæууæг нысæнттæ сифтонг кæныны тыххæй.

ЭПИДЕМИ

Таиланды Низтыл контроль кæныны фæдыл департамент фехъусын кодта гемморагион лихорадкæ Денгейы эпидемийы тыххæй. Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ ацы азы райдианæй фæстæмæ бæстæйы фæрынчын сты 28 мин 785 адæймаджы, уыдонæй амард 43 адæймаджы. Фæстаг рæстæджы ацы низæй чи фæрынчын, уыцы пациентты нымæц фылдæрæй фылдæр кæны.

ФÆНДАГОН-ТРАНСПОРТОН ЦАУ

Венесуэлæйы рейсон автобус аварийы кæй бахауд, уый фæстиуæгæн фæмард сты 16 адæймаджы, дæсгай адæймæгтæ райстой алыгъуызон травмæтæ. Автобусы æдæппæтæй уыд 49 адæймаджы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.