Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты «Царз»-ы микрорайоны раздæры æмдзæрæндоны бæстыхайы бынаты райдыдта 75-фатерон бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад. Объекты прораб Гæбæраты Гиви куыд радзырдта, уымæ гæсгæ иу мæйæ фылдæры размæ кусджытæ æрæвнæлдтой арæзтадон куыстытæм. «Ныртæккæ хæдзарæн калӕм бындур. Дыууæ боны фæстæ та райдайдзыстæм ныккæнды къултæ монтаж кæнын», – загъта Гæбæраты Гиви.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, объекты кусынц 22 кусæджы, кæцытæ сæйраджыдæр сты бынæттон специалисттæ. Арæзтады куыстытæ райдайынц райсомы 7 сахатыл æмæ фæкусынц изæры 6 сахатмæ. Арæзтадон æрмæджытæ ӕмӕ сын техникæимæ ницы проблемæтæ ис. Арæзтад цæуы графикмæ гæсгæ. 2022 азмæ раздæры æмдзæрæндоны бынаты фæзындзæн нырыккон фондзуæладзыгон хæдзар.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ «Царз»-ы районы зæронд æмдзæрæндоны цæрджытæ кæй райстой  нырыккон хæрзвадат фатерты дæгъæлтæ, Гуыбаты æфсымæрты уынджы цы ног хæдзæрттæ сырæзтысты, уым. Сæ бæлицц сæххæст 40 бинонтæн, кæцытæ аварион цæрæнуатæй рахызтысты ног комфортон фатертæм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.