Арфæ кæнын Хуссар Ирыстоны æппæт чырыстонтæн, æппæт æмбæстæгтæн Рухс Чырыстийы Райгасимæ.

Рухс Куадзæн у циндзинад æмæ ныфсы, хæрзиуæг æмæ рæстдзинады уæлахизы символ.

Куадзæн бонты чырыстонты зæрдæтæ байдзаг вæййынц хæрзиуæгон хъуыддæгтæ аразынмæ тырнындзинадæй. Стыр бæрæгбоны рухс нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны, адæймагæн куыд ахсджиаг у искæйы рыст æнкъарын æмæ æввахс адæймаджы уарзын, кæй хъæуы хи бæстæйы, бинонты ‘хсæн æмæ хи уды сабырад хъахъхъæнын.

Уырнынад стыр ныфс æмæ æххуыс свæййы уæззау фæлварæнты рæстæджы, уæлдайдæр та ныртæккæ, махæй алкæмæй дæр куы домдæуы фылдæр быхсындзинад, хорз зæрдæйы равг æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæнынмæ цæттæдзинад. Абон ахсджиаг у, аудын кæуыл хъæуы, уыдоны фарсмæ балæууын æмæ сын баххуыс кæнын.

Уырны мæ, махæн нæ бон кæй суыдзæн рæстæгмæ зындзинæдтæ сфæразын æмæ дарддæр кæрæдзимæ тынгдæр кæй æвдисдзыстæм аудгæ ахаст.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдæбынæй уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, сабырад, хæрзиуæг æмæ фæрныгад! Уадз, æмæ уын куадзæны рухс уæ зæрдæты рухс кæнæт. Куадзæны æрхæсгæ циндзинад уын суæд оптимизмы, цардуарзондзинады гуырæн, уæ хæдзæрттæм уын æрхæссæт æнцойад, хъармдзинад æмæ уарзондзинад!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт! Чырысти Райгас!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан

 

***

Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Рухс Куадзæны боны цытæн.

Уый у стыр бæрæгбон – уырнынад æмæ ныфсы стырдзинад. Куадзæны бонтæ адæймагадæн хæссынц Хуыцауы фырты уæлахизы циндзинад, чырыстонты зæрдæтæ йедзаг кæнынц циндзинад æмæ ныфсæй, лæвар кæнынц тыхтæ зындзинæдтыл фæтых уæвынæн. Уый у монон æгъдауæй ногкæныны рæстæг, алкæйы зæрдæ дæр здæхт куы вæййы уарзондзинад, æнувыддзинады æргъадтæм. Куадзæны традицитæ æппæт рæстæджыты дæр разæнгард кодтой хорз хъуыддæгтæ аразынмæ, æрбангом кодтой адæмы хæрзаудындзинадмæ тырнынмæ, уыдысты монон тыхты гуырæн.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ сабырад.     Уадз, æмæ Рухс Куадзæны бæрæгбон йедзаг кæнæд уæ хæдзæртты циндзинадæй, уæ зæрдæты та – хъармдзинадæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.