РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадт, цыран хъуамæ æруынаффæ кодтаиккой æмбæстаг Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй фæдагуырды фарсты фæдыл парламентон къамис саразыныл, уагъд не ‘рцыд, кворум кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй.

РХИ-йы Парламенты спикер Тадтаты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй депутатон къамис, гæнæн уыд æмæ баххуыс кодтаид, æхсæнад кæмæ цымыдис кæны, къорд ахæм фарстытæ раргом кæнынæн.

«Махмæ республикæйы Президентæй æрбацыд фæндон парламентон къамис саразыны тыххæй, кæцы йæ хъус хъуамæ дардтаид, не ‘мбæстаг Дзабиты Иналы мæлæты фæдыл фæдагуырд куыд цæуы, уымæ. Мæн ныфс уыдис, ацы къамис кæй баххуыс кодтаид, æхсæнад кæмæ цымыдис кæны, ахæм фарстытæ раргом кæнынæн. Республикæйы разамынад ныфс бавæрдта, фæдагуырд кæй цæудзæн закъонон æгъдауæй æмæ фыдгæнджытæ кæй баййафдзысты иууыл карздæр æфхæрд. Мах, «Иууон Ирыстон»-ы фракци, цæттæ стæм ацы къамисы фæлгæтты кусынмæ, цæмæй фæдагуырд цæуа закъонмæ гæсгæ æмæ бæрндзинадæй мачи аирвæза», – загъта спикер.

Тадтайы фырт банысан кодта, зæгъгæ, президиумы рабадты фæткмæ рахæсгæ фарстаты ахс-джиагдзинадмæ нæ кæсгæйæ, уый депутаттæ ницæмæ æрдардтой.

«Нæ коллегæтæ аскъуыддзаг кодтой, цыма сæ хисæрмагонд амбицитæ æмæ цавæрдæр сидтытæй ахсджиагдæр, зæгъгæ, Парламентæн ницы ис. Æз нымайын, закъондæдтынадон органы куыст кæй ис уый мидæг, цæмæй депутаттæ Президиумы æмæ сессийы фæлгæтты уынаффæ кæной паддзахады æппæт ахсджиаг фарстытыл дæр. Уыцы рæстæджы мах уынæм, депутатты иу хайы хъусынгæ-нинæгтæ, кæцыты аразынц, цæмæй социалон хызæгты ацы темæ цырын кæнын æмæ уавæр скарз кæныны нысанæн. Мах иууылдæр, æппæт адæм, хъыг кæнæм ацы трагедийыл. Махæй алкæйы дæр фæнды, цæмæй ацы хъуыддаг рабæрæг уа раст æмæ намысджынæй. Мах цæттæ стæм ахæм куыстмæ, фæлæ куыд уынæм, афтæмæй нæ коллегæтæ та уымæ цæттæ не сты. Уыдонæн ис бæрæг домæнтæ разамынадмæ, фæлæ уал нырма парламентон къамисы фæлгæтты сбæлвырд кæнын хъæуы уыцы домæнты закъондзинад, рабæрæг хъæуы, адæймаг цас аххосджын у, уый æмæ ацы къамисы уынаффæйы фæстæ сидт саразын хъæуы республикæйы раза-мынадмæ æппæт домæнтимæ», – загъта закъондæдтынадон органы сæргълæууæг.

Спикер банысан кодта, зæгъгæ, сæ коллегæтæй бирæтæ нæ цымыдис кæнынц, цæмæй банысангонд уголовон хъуыддаг раст бæрæг æрцæуа, фæлæ аразынц æрмæстдæр популистон къахдзæфтæ.

«Æз курын æппæт мæ коллегæтæй, цæмæй уыдон æххæст кæной сæ комкоммæ куыст ам, Праламенты, æппæтыл дæр уынаффæ кæной комитетты æмæ сесситы фæлгæтты, цыран алы депутатæн дæр йæ бон у йæ хъуыды зæгъын», – бафтыдта йæ ныхасмæ уый.

Уый загъта, зæгъгæ, ма ацы депутатты аххосæй не ‘ркастæуыд амнистийы тыххæй фарстмæ дæр, кæцы уыдис боны фæткы.

РХИ-йы Парламенты фыццаг вице-спикер Гасситы Петр растыл банымадта адæмы протестон зæрдæйыуаг, депутаттæ кæй не ‘рбацыдысты рабадтмæ, уый та – фæдагуырдмæ кæй нæ цымыдис кæнынц, уый.

«Президент фехъуыста адæмы, кæцытæ домынц Дзабийы фырты хъуыддаг раст равзарын æмæ фæндон бахаста къамис саразын, кæцыйы скондмæ, гæнæн ис, бацæуой Парламенты депутаттæй цасфæнды дæр, уыцы нымæцы уыцы депутаттæй дæр, кæцытæ сæхи нымайынц оппозицийыл. Уыдоны  æцæгæйдæр куы цымыдис кæнид фæдагуырды намысджын æмæ æргом цыд, уæд уыдон рахæцыдаиккой ацы инициативæйы æварс æмæ цъус рæстæджы фæстæ мах базыдтаиккам ацы  къамисы куысты фæстиуджытæ. Фæстиуæг та вæййы ахæм æмæ документ саразынц афтæ, æмæ йæ нæ вæййы аиуварсгæнæн. Фæлæ  мах уынæм, уыцы фæндоны уыдон кæй аиуварс кæнынц, уымæ гæсгæ фæ-зыны дызæрдыгдзинад, уыдон, æцæгæйдæр, цымыдис кæнынц, ацы фыдракæнд растæй раргом кæнынмæ æви нæ», – загъта Гассийы фырт.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ мах цæттæ стæм, къамисы сæрда-риуæгад уыдонмæ радтын, кæцыты фæнды, цæмæй фыдракæнд æвзæрст æрцæуа закъоны фæлгæтты.

РХИ-йы Парламенты Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы трагеди æвæлмасæй никæй ныууагъта æмæ Дзабиты Иналы мæлæты чидæриддæр аххосджынтæ сты, уыдон иууылдæр хъуамæ баййафой иууыл карздæр æфхæрд.

«Мах, Парламенты депутаттæ, абон ныффыстам сидт Парламенты сæрдары номыл, цæмæй саразæм къамис, кæцы нæ æххæстбарты фæлгæтты фадат ратдзæн максималонæй, объективонæй ацы фæдагуырд ауадзæн. Мæн ныфс ис, ацы къамис уæддæр кæй сараздзыстæм æмæ йæ куыст кæй æххæст кæндзæн», – загъта уый.

РХИ-йы Парламенты РХИ-йы Президенты минæвар Куымæридтаты Аннæ загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, къамис саразын уæддæр бантысдзæн. Йæ саразыны тыххæй Президенты фæндон у иттæг актуалон, уымæн æмæ адæм дæр æмæ депутаттæ дæр зонгæ сты, фæдагуырд цы къахдзæфтæ аразы, уыдонимæ.

Парламенты спикер ма йæ рады ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, Парламенты куыст æруромын хорзмæ нæ кæны. Уый аразы,  паддзахады хорз кæй нæ фæнды æрмæстдæр, уыдоны къух.

«Арæзт æрцæудзæн къамис, æви нæ, уымæ нæ кæсгæйæ «Иууон Ирыстон»-ы фракци æппæт дæр араздзæн Конституцийы фæлгæтты, цæмæй ацы фыдракæнд рабæрæг æрцæуа æмæ аххосджынтæ, цы бынаты кусынц æмæ сын цы нæмттæ ис, уыдонмæ нæ кæсгæйæ,  æфхæрд æрцæуой. Мах нæ хъус дардзыстæм, фæдагуырд куыд цæуы, уымæ», –  ныфс бавæрдта уый.

РХИ-йы Парламенты

Информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.