Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади бабæрæг кодта  «Электровибромашинæ»-йы куыстуат цыран базонгæ ис цæрæн хæдзæртты каркасты арæзтадимæ.

Заводы директор Бестауты Тамаз куыд банысан кодта, афтæмæй завод продукцийы ацы хуыз аразы иу азы дæргъы, фæлæ тагъд рæзы йæ популярондзинад.

«Алцыдæр райдыдта Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннадиимæ ныхас кæныны рæстæджы, мах куы уынаффæ кодтам заводы перспективæтыл, уæд. Уый бахаста ахæм фæндон, цæмæй æмбырд кæй кæнынц ахæм цæрæн хæдзæрттæ аразын базонæм, кæцытæй гæнæн ис, спайда кæнæм цæрджыты хъуагдзинæдты тыххæй. Махмæ кусынц хорз специалисттæ, кæцытæн сæ бон ссис арæзтад йæ къахыл слæууын кæнын. Фыццаг хæдзар мах сарæзтам ивгъуыд азы Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ, Тъбеты хъæуы йæ хæдзар кæмæн басыгъд, уыдонæн. Уымæй фæстæмæ мах райдыдтам исын заказтæ адæмæй дæр æмæ организацитæй дæр», – загъта Бестауты Тамаз.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хæдзæрттæ арæзт цæуынц æфсæйнаг каркасы бындурыл, индивидуалон нывтæм гæсгæ, уыдон сты комфортон, экологон æгъдауæй сыгъдæг æмæ æдас. Стандартон хæдзар ваннæ æмæ къæбицимæ слæудзæн 380 мин сомы онг.

Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, хæдзæртты арæзтад хауы заводы æнæпрофилон архайдмæ, фæлæ куыстуат ссардта уæлæмхас фадæттæ кусæгон бынæттæ бахъахъхъæнынæн. «Абон завод «Электровибромашинæ» у куыд хæдзарадон субъект, афтæ, кæцы здæхт у æфтиаг райсынмæ, æмæ кусы цæрджыты домæнтæм гæсгæ. Республикæйы Инвсетпрограммæйы, цæрæнуатонкоммуналон хæдзарады, фæндагон, энергетикон инфраструктурæйы хъуагдзинæдтæн алыгъуызон æрмæджытæ аразынæй дарддæр æрбæстон кодта каркасон цæрæн хæдзæртты арæзтад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.