Ивгъуыд аз Знауыры районы 18 бинонтæ ифтонг æрцыдысты фатертæй. Фæлæ уæддæр цæрæнуатон фарст актуалон кæй у районы бирæ цæрджытæн, уымæн æвдисæн сты, районы администрацийы номыл цы бирæнымæц куырдиæттæ цæуы цæрджытæй, уыдон. Инвестпрограммæйы фæлгæттæн æддейæ дæр стыр куыст æрцыд районы цæрджыты хæдзæртты æмбæрзтытæ раивыныл.

Ныртæккæ цы 18-фатерон корпус рæзы Знауыры поселочы, уый аразы арæзтадон фирмæ «Престиж». Арæзтады объекты хистæр Беппиты Инал куыд зæгъы, афтæмæй уыдон арæзтадмæ бавнæлдтой ивгъуыд аз.  Хæдзары арæзтад тагъд рæстæджы бахæццæ уыдзæн кæронмæ. Йæ фылдæр куыстытæ фæуд сты. Сæрст æрцыдысты фатерты къултæ, бауагътой сæм электроны хахх, арæзт æрцыд хъармгæнæн системæ. Ам кусджытæ кусынц хицæн бригадæтæй, æмæ дзы куыст никуы æрнымæг вæййы. Арæзтадон æрмæджытæй никуы фæцух вæййынц. Цæмæй фатерты полтæ хъармдæр æмæ фидардæр арæзт æрцæуой, уый тыххæй уал сыл фыццаг сæвæрдтой пенапласт, стæй сыл айтындзыдтой æфсæйнаг хыз æмæ йæ уый фæстæ сбетъон æмæ слæгъз кодтой. Ныр цæттæ сты ламинат кæнынмæ.

Беппиты Инал куыд зæгъы, афтæмæй хæдзар хæрзарæзт æрцæудзæн канд мидæгæй нæ, фæлæ ма æддейæ дæр. Объектæн йæ кæрт дæр æрцæудзæнис хæрзарæзт. Уым сабитæн уыдзæнис хъазæн фæзуат, улæфæн зонæ. Уыдон арæзт æрцæудзысты нырыккон стандарттæм гæсгæ. Ифтонгад ныридæгæн æлхæд у æмæ куыддæр хæдзары куыстытæ кæронмæ конд фæуой, афтæ уыдон дæр æвæрд æрцæудзысты. Ныртæккæ фатерты къултыл ныхасынц шпалер. Æртæуæладзыгон хæдзары уыдзæн дыууæ бахизæны. Æртæхатæнон хæдзæртты иумæйаг фæзуат у 75 квадратон метры, дыууæхатæнон фæзуат та у 65 квадратон метры, ныккæнд цæрджытæн уыдзæн иумæйаг. Уым сæрибарæй саразæн уыдзæн тренажерон залы. Хæдзармæ бацæуæнты арæзт æрцыд пандустæ инвалид адæймæгты хæрзиуæгæн.

Знауыры районы цы 18-фатерон хæдзар арæзт цæуы, уымæн Инвестпрограммæйæ хицæн æрцыд 60 милуан сомы. Иннæ азы дæр та Знауыры районы сырæздзæн ноджы ахæм бирæуæладзыгон хæдзар.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.