НОГ МАДЗÆЛТТÆ – ТУРИЗМЫ РÆЗТÆН

Туризм Советон дуджы Цæгат Ирыстоны дидинæг æфтыдта. Республикæмæ дунейы къуымтæй кæцæй нæ цыдысты, ахæм нæ уыд. Туризмы рæзтæн Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд фондзуæладзыгон турбазæ. Ацы къабазæй бюджетмæ канд бирæ пайда нæ цыд, фæлæ ма нæ æрдзы рæсугъддзинад айхъуыст дардыл.

Ныр æппæт уыдæттæ баззадысты мысинагæн. Раздæры азтæм абаргæйæ, ныр туристтæн се ‘мбис дæр нал вæййы. Цард æгæр смæгуыр æмæ алчи нал æххæссы. Кæмæ ис, уыдон та фæсарæйнаг зынаргъ курортты улæфынц.

Туризмы рæзтæн уавæртæ саразын, раздæры фæлтæрддзинад сног кæнын, иннæ регионты турагенттимæ бастдзинад дарын – ахæм домæн сæвæрдта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав ацы азы йæ фыццаг æмбырды æмбæлон органты раз. Битары фырты хъуыдымæ гæсгæ, туризмы рæзты программæ фаг бакуыстгонд не ‘рцыд, æмбæлгæ организацитæ куыд æмбæлы, афтæ нæ архайынц æмæ карзæй æрдомдта Туризмы комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбегæй, цæмæй хæстæгдæр рæстæджы фембæла республикæйы турагенттимæ, бафæрса, базона, байхъуса сæм, сæ куыст куыд аразынц, туризмы къабаз æххæстæй цæуылнæ райхæлы æмæ бирæ æндæртæй. “Цæгат Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад йæхимæ кæддæриддæр здæхта туристты. Зонын æй, раздæры уавæртæ нал ис, фæлæ уæддæр ацы къабаз бирæ аразгæ у, куыст куыд сæвæрай, уымæй. Фаг бакуыстгонд не ‘рцыд туристон программæ æмæ нæ уымæ раздахын хъæуы не ‘ргом. Туризмы рæзт стыр пайда æрхæсдзæн республикæйæн, фæлæ йын хъæуы хорз бындур скæнын. Бирæ домæнтæ æмæ дзы фæзилæнтæ ис. Хъæуы фаг рекламæ кæнын, лæггад кæныны хъæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын, инвесторты æргом раздахын. Хъуамæ адæм зоной, улæфынмæ нæм куы ‘рцæуой, уæд цавæр культурон лæггæдтæ райсдзысты”, – загъта Битарты Вячеслав.

Дыууæ азы размæ республикæйы разамынд бацæттæ кодтой информацион порталы программæ “Туризм”, зæгъгæ. Интернеты уыцы порталы ссарæн уыдзæн, Цæгат Ирыстоны туризмимæ цыдæриддæр баст ис, уыдон. Зæгъæм, фæсарæйнаг адæймагæн йæ бон уыдзæн уырдыгæй ардæм туристон маршрут скæнын, бынат, транспорт, хæрæндон бацагурын. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы программæ абоны онг царды уагъд нæма æрцыд. Хъодзаты Зауырбег куыд бамбарын кодта, афтæмæй уый цæттæ у æмæ рæхджы интернеты тыгъдадмæ лæвæрд æрцæудзæн.

Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы территорийыл туризмы рæзтæн хуыздæр бынæттæ сты Мамысон, Захъа, Куырттат, Дыгур, Хъазбег, Цъæй æмæ Къора – Урсдон.

 

ПАТРУЛОН СЛУЖБÆТÆ ФÆКЪАДДÆР УЫДЗЫСТЫ

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав барадхъахъхъæнæг органтæй æрдомдта фæндаггон-патрулон службæты посттæ фæкъаддæр кæнын. Куыд банысан кодта, афтæмæй посттæ фæндагон фыдбылызтæ аиуварс кæнынæн мур дæр ницы æххуыс сты, товарласæг уæзласæн машинæтæ та, постты рæзты цæугæйæ, æвзарынц стыр зындзинæдтæ, æнæхъуаджы сæ алыран кæй уромынц, уымæ гæсгæ. Ахæм посттæ та ис Уæллаг Ларсæй Елхоты онг аст, ома, республикæйы иу кæронæй иннæмæ, фæлæ цы кусæг сты, уый бæрæг нæу.

2018 азы республикæйы æрцыд 778 фæндагон фыдбылызы. Уый у, 2017 азимæ абаргæйæ, 17 проценты фылдæр.

“Уæлдай посттæ айсын хъæуы æмæ сæ кусджытæ сæ комкоммæ хæстæ æххæст кæнæд. Елхоты постæй чысыл фалдæр ис Кæсæг – Балхъар æмæ Ирыстоны арæныл сæйраг пост. Уыцы функцитæ æххæст кæнынц уым. Уæд ма уырдæм хæстæг æндæр пост цæмæ хъæуы? Алы ран – уромгæ, товар ракал-бакалæй адæм фæлмæцынц, сæ рæстæг сафынц. Цæрджытæ мын радзурынц, фæндæгтыл цавæр æнæрастдзинæдтæ уынынц, уыдон. Уыимæ расыг шофыртæ æмæ фыдбылызтæ къаддæры бæсты ноджы фылдæр кæнынц”, – фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Иу рæстæджы республикæйы кусын райдыдта къам æмæ видеофиксацийы системæ. Фæндагыл цæуыны æгъдау-иу чи фехæлдта, уымæ-иу уайтагъд ивары гæххæтт æрбацыд йæ цæрæн бынатмæ. Уый фадат радта фæндагон фыдбылызтæ фæкъаддæр кæнынæн. Фæлæ фæрæзты аххосæй йæ куыст бамынæг. Ныр æй сног кæнынмæ хъавынц. Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй йын ацы аз рахицæн кæндзысты 75 милуан сомы æмæ амынд системæ æвæстиатæй хъуамæ скуса.

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.