РЦИ-Аланийы туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбег йæ куыстæй ацыд, йæ контракты æмгъуыд кæй фæцис, уый тыххæй. Йæ хæстæ уал ын рæстæгмæ æххæст кæндзæн йæ хæдивæг. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло разы нæу туризмы рæзты бæрæггæнæнтæй æмæ йæ фæнды бындуронæй йæ аива. Куыд бафиппайдта, афтæмæй пълантæ фылдæр хатт баззайынц гæххæттыл фыстæй, практикон æгъдауæй та куыст уæззаугай цæуы.

«Ирыстоны туризмы рæзтæн ис æппæт фадæттæ дæр, куыд сæрдыгон, афтæ зымæгон фæлладуагъдæн дæр, фæлæ сын хæдзардзин хицау хъæуы. Махмæ та уыцы куыст тынг уæззаугай цæуы. Туризмимæ баст бирæ проекттæ арæх царды уагъд не ‘рцæуынц, бакусын сыл кæй фæхъæуы, уый тыххæй. Федералон разамынд нын алцæмæй дæр цæттæ у баххуыс кæнынмæ, фæлæ мах бæсты ничи бакусдзæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, комитеты сæргъы хъуамæ æрлæууа ахæм адæймаг, бакусынмæ цæт-тæ чи у æмæ уавæр бындуронæй чи аива», – загъта Сергей Меняйло.

 

ПРОЕКТ – СОЦИАЛОН  НЫСАНИУÆГИМÆ

Æргътæ цардуаджы алы къабазы дæр хæрдмæ кæй фæцыдысты, уый стыр маст æвзæрын кæны адæммæ. Хæдзар та бынтон нал балхæндзæн мæгуыр адæймаг. Æмбæлон органтæ алы мадзæлттæ, проекттæ аразынц, цæмæй адæмæн цæрын фенцондæр уа. Уый фæдыл æрæджы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд профилон министрадты разамонджытимæ æмæ æрдзырдтой уыцы уавæр фæрогдæр кæныны мадзæлттыл. Куыд загъта, афтæмæй саразын хъæуы адæмы хицæн категоритæн цæрæнуæттæ асламдæр аргъæй уæй кæныны сæрмагонд республикон программæ. Куыд банысан кодта, афтæмæй ныридæгæн, ацы азæн программæйы фæлгæтты, ома, асламдæр аргъæй, рахицæн кодтой 93 мин квадратон метры арæзтад.

«Цæрæнуаты иу квадратон метры льготон аргъ хъуамæ хорзæрдæм сахада цæрæнуæтты базарадыл. Нæ зæрдæ дарæм, уыцы программæйы фæлгæтты адæмы иуæй-иу категоритæн цæрæнуаты квадратон метры аргъ 20-25 проценты къаддæр кæй уыдзæн, уый. Уымæй уæлдай бирæсывæллонджын бинонтæн ипотекон кредит бафидынæн дæр лæвæрд цæудзæн паддзахадон субсиди, – загъта Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Милдзыхты Аслан.

Министр ма куыд ранымадта, афтæмæй уæлдæр амынд программæйы архайыны фадат уыдзæнис бирæсывæллонджын æмæ æвæрæз бинонтæн, сахъат адæмæн, Черноблы архайджытæн…

Профилон ведомствæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ цæттæ сты æппæт документтæ программæйы архайджыты тыххæй, стæй подрядон организациты номхыгъд.

«Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы проектæн уæлдай социалон нысаниуæг кæй ис. Махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй адæмы льготон категоритæн уа аслам цæрæнуæттæ райсыны фадат. Кæд æппæт фарстытæн дзуапп уæлдæр амынд министрад дæтты, уæддæр хъуамæ æппæт хъуыддæгты архайой профилон ведомствæтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады разамынд. Æххæстгæнæг хицауады размæ æвæрд хæстæ хъуамæ ахадгæ хуызы лыггонд цæуой», – фæнысан кодта Сергей Меняйло.

Ацы программæ кусын райдыдта 2021 азæй æмæ дзы фарон льготон къордтæм хауæг, минмæ ‘ввахс бинонтæн цæрæнуæттæй баххуыс кодтой.

 

ÆРЫГОН  СПЕЦИАЛИСТТÆН – ГРАНТТÆ

РЦИ-Аланийы Экономикон рæзты министрады уыд райдайгæ амалхъомтæн сæрмагонд гранттæ дæттыны фарстаты фæдыл къамисы æмбырд.

Министрады пресс-службæйы минæвар куыд радзырдта, афтæмæй гранттæ райсыны фæдыл министрадмæ куырдиæттæ æрбалæвæрдтой 40 адæймаджы. Уыдон къамисы уæнгты размæ бавдыстой сæ проекттæ. Ныр цалдæр боны æмгъуыдмæ къамис сбæрæг кæндзæн, ацы аз гранттæ чи райсдзæн, уыдоны номхыгъд.

Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыццаградон æргом здæхт æрцыд хъæууон хæдзарады, адæмон-аивадон промыслæты æмæ туризмы къабазмæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй райдайгæ амалхъомтæн сæрмагонд гранттæ дæттыны программæ æххæстгонд цæуы фæстаг æртæ азы дæргъы. Æмæ азæй-азмæ фылдæр кæны, конкурсмæ йæ проекттæ чи æрбадæтты, уыцы æрыгон специалистты нымæц. Уый та хорзæрдæм сахаддзæн республикæйы экономикæйыл.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.