ЛИТЕРАТУРОН  БАСТДЗИНÆДТÆ – ÆНГОМДÆР

   Советон дугæй абонмæ литературæйы цы традицитæ баззад, уыдон дарддæр рæсугъдæй хæссынц ныры фæлтæр. Куыст дарддæр цæуы Кавказы республикæты æхсæн сфæлдыстадон бастдзинæдтæ фидар кæныныл. Журнал «Мах дуг» ивгъуыд азы 11-æм номыр сæрмагондæй рауагъта кæсгон фысджыты сфæлдыстад иронмæ тæлмацгондæй. Ахæм номыр ирон фысджыты уацмыстимæ рауагътой Кæсæджы дæр.

   Цæмæй литературон бастдзинæдтæ ноджы фидардæр кæной, уый тыххæй æрæджы журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Уаниты – Хетæгкаты Оксанæ ацыд Цæцæнмæ æмæ фембæлд сæ рауагъдады директор Сулейман Мусаевимæ, журнал «Вайнах»-ы раздæры сæйраг редактор, Кавказы фысджыты Клубы президент  Муса Ахмадовимæ, стæй иннæ сфæлдыстадон кусджытимæ. Фембæлды нысан уыд куысты уавæртæ базонын, кæрæдзийæ исты фæлтæрддзинад райсын, æмгуыстадыл баныхас кæнын. Фысымтæ тынг бацин кодтой ахæм хъæппæрисыл.

   Оксанæ радзырдта «Мах дуг»-ы æнтыстытæ æмæ лыггæнинаг фарстаты, стæй æмгуыстады фæлгæты цы аразынц æмæ сæм цы фæндтæ ис, уыдæтты тыххæй.

   Фысымтæ стыр разæнгардæй сæмбæлдысты дыууæ республикæйы ‘хсæн литературон бастдзинæдтæ сфидар кæныныл. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдонæн сæ уавæр у ноджы зындæр. Афæдзы мидæг сæ журналтæ «Вайнах», «Орга» æмæ æндæртæ фæрæзты аххосæй хъуамæ цæуой афæдз æрмæстдæр цыппар хатты, фæлæ уый дæр сæ къухы не ‘фты. Ацы аз æппæт журналтæ дæр нырма рацыдысты иунæг хатт. Оксанæ куыд зæгъы, афтæмæй мах уавæрмæ уыдон тынг батæхуды кодтой.

  «Цæцæны сфæлдыстадон кусджыты дисы бафтыдтой нæ уавæртæ æмæ нæм тынг батæхуды кодтой, литературæ æмæ æвзаджы рæзтыл афтæ кæй кусæм, нæ хицауад нын афтæ кæй æххуыс кæны, уый тыххæй. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ æнæхъæн Кавказы æрвылмæйон журнал æрмæстдæр кæй у «Мах дуг». Иннæ республикæтæн нæй ахæм фадæттæ. Мах уымæй стæм сæрыстыр. Уый нæ, фæлæ ма нын фæуæрæхдæр сты йæ арæнтæ, республикæйæ æддейæ, суанг фæсарæнты дæр æй рафыстой бирæ адæм. Ам мæ бузныг зæгъын фæнды нæ республикæйы разамындæн, афтæ ныл кæй ауды, уый тыххæй æмæ, уæлдай бузныг дæн нæ кусджытæй, æнгом æрбалæугæйæ хъазуатон куыст кæй кæнынц æмæ журнал рæстæгыл адæммæ кæй хæццæ кæны»,- загъта Хетæгкаты Оксанæ.

   Журнал «Мах дуг»-ы разамынды зæрды ис литературон бастдзинæдтæ аразын дарддæр Кæсæгимæ, стæй Дагестанимæ,  Абхазиимæ, Хъæрæсе-Черкесиимæ… Цæцæны та ныри-дæгæн цæттæ кæнынц хуыздæр авторты уацмыстæ «Мах дуг»-ы рауадзынмæ.

   Ацы фембæлды рæстæг ма æрцыд ахсджиаг цау: Муса Ахмадов Хетæгкаты Оксанæйы схорзæхджын кодта Клубы сæрмагонд майданæй йæ хъæппæрисджын куыст æмæ, республикæты ‘хсæн бастдзинæдтæ кæй фидар кæны, уый тыххæй. Оксанæ ма нысангонд æрцыд Кавказаг фысджыты Клубы цæгатирыстойнаг хайады сæргълæууæгæй.

ТУРИЗМЫ  РÆЗТÆН – ÆППÆТ  ФАДÆТТÆ

   Республикæйы разамынд аразы æппæт мадзæлттæ, цæмæй советон дуджы куыд уыд, афтæ та Ирыстоны туризмы къабаз стыхджын уа.

   Цæмæй нæм туристтæ фылдæр цæуа, уый тыххæй бирæ арæзт æрцыд, фæлæ йæ цард куыд равдыста, афтæмæй уый фаг нæу. Цæмæй хæххон хъæутæм, курорттæм æнæзивæгæй цæуой, уый тыххæй ма дзы бирæ саразын хъæуы. Исты саразын та æнæ грантты æххуысæй тынг зын у. Уымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны Хицауад расидт грантон конкурс,  хæхты туристтæн балæггад кæнынæн хуыздæр фадæттæ чи сараза, уыдонæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма уал æй бавдисын хъæуы гæххæттыл, йæ проект.

   Ростуризмы грантты конкурсмæ сæ проекттæ нæхи республикæйæ бавдыстой æвддæс организаци æмæ хицæн адæймаджы. Уыдонæй хуыздæр проекттыл нымад æрцыдысты æмæ гранттæ рамбылдтой цыппарæй.

   Уыдонæй æртæ милуан сомы райста зæхкусæн-фермерон хæдзарад «Гульчев». Йæ разамонæг Батырты Джамалы зæрды ис Дыгургомы сæрдыгон чысыл хæдзæрттæ саразын æппæт фадæттимæ.

   Дыккаг грант, æртæ милуан сомы, райста акционерон æхсæнад «Алания-Технострой». Компанийы минæвар Лолаты Аслан куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæ зæрды ис Куырттаты комы сæрдыгон лагерь палаткæтæ, рог хæдзæрттæ, машинæты æрлæууæнтимæ саразын. 

   Æртыккаг грант дæр у æртæ милуан сомы. Йæ хицау амалхъом, архитектор Тотраты Зауырбег фæнд кæны бæрзонд комыл рæсугъд фæлгæсæн фæз æппæт фадæттимæ саразын. Уырдыгæй фенæн уыдзæн æнæхъæн республикæ. Ахæм фæзмæ ма зæрдиагæй цæудзысты туризмы уæлдай альпинизм чи уарзы, ахæмтæ.

   Цыппæрæм грант 2,5 милуан сомы райста амалхъом Сергей Селезнев. Йæ проекты нысан у Дыгургомы, национ парк «Аланийы» фысымуат æмæ кемпинг (сæрдыгон лагерь аслам рог хæдзæрттæ, палаткæтæ æмæ машинæты æрлæууæнтимæ) саразын. 

   Грантисджытæ рæхджы бафысдзысты бадзырдтæ, уый фæстæ æхсæз мæймæ сæ проекттæ царды хъуамæ рауадзой. Цыдæриддæр гæххæттытæ хъæуы, уыдон цæттæ цæуынц.

   Туризмы комитеты разамонæг Хъодзаты Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй цæттæ цæуынц туризмимæ баст бирæ æндæр лыггæнинаг фарстатæ дæр: фæндаггон сервизы объектты арæзтад; Цыкола – Мæцутæ – Комыарты фæндаджы реконструкци; гиды дæсныйадыл фылдæр фæсивæды сахуыр кæнын; минералон суæрттæ æмæ историон-культурон бынæттæ реконструкци скæнын æмæ, сæйрагдæр, туристон-информацион центры куыст æмбæлгæ уагыл аразын. Уымæн æмæ, туризмы тыххæй æппæт информаци дæр ис ацы центрæй райсæн.     

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.