СФÆЛДЫСТАДОН  БАСТДЗИНÆДТÆ

Республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæс-тæны  хуындмæ  гæсгæ  радон хатт Цæгат Ирыстонмæ уазæгуаты æрцыд Уæрæсейы Фысджыты цæдисы сæрдар Николай Иванов. Уый, фыццаджыдæр, фембæлд республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ æмæ хицауады иннæ разамонджытимæ.

Уазæг æмæ фысымты ‘хсæн сæйрагдæр ныхас цыд ирон æвзаджы уавæр, ирон литературæйы рæзты фарстатыл. Иванов куыд банысан кодта, афтæмæй Ирыстоны арæх вæййы, уый та нысан кæны, нæ литературæйы хъысмæт ын уæлдайаг кæй нæу.

«Цæмæй ирон уацмысты дунейы базоной, уый тыххæй сæйрагдæр у тæлмац кæнын. Уый тыххæй та бындур æрæвæрын хъæуы  дæлрæнхъон тæлмацæн. Уымæй фенцондæр уыдзæн тæлмацы куыст æмæ национ литературæ схиздзæн ног æмвæзадмæ. Уымæй дарддæр, республикæйы саразын хъæуы Поэзийы театр, кæцы поэтикон ныхас ног форматыл рахæсдзæн адæмы размæ», – загъта йæ раны-хасы Иванов.

Фембæлды ма ныхас цыд Къостайы райгуырæн бон сбæрæг кæныны мадзæлттыл, уый фæлгæтты 2022 азы  литературон фестиваль «Ирон фæндыр» саразыны ахадын-дзинадыл.

Республикæйы разамонæг Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй цæттæ у цавæрфæнды проекттæн дæр баххуыс кæнынмæ, кæд ирон æвзаг æмæ литературæйы рæзты, адæмы хæрзæбонæн арæзт уыдзысты, уæд.

Фембæлды рæстæджы Уæрæсейы Фысджыты цæдисы æвдисæндартæ райстой Гасанты Валери, Бететы Фатимæ, Гегкиты Сослан, Лолита Белашова æмæ Хохойты Фидар.

Уый фæстæ Николай Иванов архайдта, национ библиоте-кæйы цы «тымбыл фынг» арæзт æрцыд, «Кавказский лите-ратурный клуб», зæгъгæ, уым. Фембæлдмæ æрбацыдысты фысджытæ Цæцæн, Мæхъæл, Кæсæг æмæ Дагъыстанæй. Ныхас цыд иумæйаг сфæлдыстадон проекттыл, тæлмацы куыстыл,  кæрæдзи уацмыстæ мыхуыр кæныныл æмæ бирæ æндæр ахсджиаг фарстатыл. Фысджытæ ма зæрдæбын арфæ ракодтой Цæцæны Фысджыты цæдисы сæрдар Канта Ибрагимовæн йæ гуырæн боны фæдыл. Николай Иванов куыд загъта, афтæмæй йын тынг æхсызгон у, Кавказы фысджытæн ахæм фембæлдтытæ кæй вæййы, кæрæдзи фæлтæрддзинадыл кæй ахуыр кæнынц æмæ иумæ ахсджиаг уынаффæтæ кæй рахæссынц, уый.

 

ТУРИЗМЫ  РÆЗТÆНРеспубликæмæ фыццаг хатт кусæг балцы æрцыд не ‘мзæххон, Ростуризмы Федералон агентады разамонæг Дыгъуызты Зæринæ. Балцы нысан уыд Цæгат Ирыстоны федералон проект «Туризм и индустрия гостеприимства»-мæ бахæссын. Хицауады уæнгтимæ йæ фембæлды рæстæджы ныхас цыд туризмы индустрийы фарстатыл. Республикæйы разамонæг Сергей Меняйло йæ раныхасы сæйрагдæр æрлæууыд «Мамысон»-ы арæзтадыл. Куыд загъта, афтæмæй сæ сæйрагдæр нысан у Ростуризмимæ æмгуыстад кæнын, стæй хосгæнæн санаториты куыст туризмимæ бабæттын.

«Туризмы рæзтæн нæм ис æппæт уавæртæ дæр. Арæзт цæуы ног аэропорт ног маршруттимæ, хорз кусы транспорты инфраструктурæ, ис нæм бирæ рæсугъд æрдзон æмæ историон бынæттæ. Æнæкъуылымпыйæ кусы туризмы агентад. Ныфс нæ ис, ацы къабаз дыууæ азмæ ноджы размæ кæй рацæудзæн», – йæ ныхасы фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Федералон чиновник Дыгъуызты Зæринæйы хъуыдымæ гæсгæ, æппæт уыдон фаг не сты туризмы рæзтæн. «Уазæг райсын æмæ йын бæрзонд æмвæзадыл балæггад кæнынæн фылдæр архайын хъæуы. Зæгъæм, республикæйы нæй, хæрзхъæд лæггад кæм кæнынц, ахæм фысымуæттæ, нæй дзы квалификациджын экскурсоводтæ, гидтæ, маркетинг. Ныр Цæгат Ирыстоны баиу кæндзыстæм федералон проект «Туризм и индустрия гостеприимства»-мæ. Уый фæлгæтты 2024 азмæ инвестортæ райсдзысты льготон кредиттæ фысымуæттæ саразынæн æмæ туризмимæ баст æндæр  лæггæдтæн бындур сæвæрынмæ. Нæ нысан ма у туризмы тыххæй ног закъон бацæттæ кæнын», – загъта Дыгъуызты Зæринæ.

Уазæг æмæ ма фысымтæ дзырдтой бирæ ахсджиаг хъуыддæгтыл, туризмы фидæны пълæнттыл.

 

НЫРЫККОН АИВАД

Дзæуджыхъæуы цæуы нырыккон аивады æппæтадæмон фестиваль «Аланика». Архайынц дзы нывгæнджытæ Стыр-британи, Турк, Египет, Азербайджан æмæ Мæскуыйæ. Куыс-тытæ баст сты Цæгат Ирыстоны истори æмæ культурæи-мæ. Проект у æрвылазон. Республикæйы йæ фыццаг хатт сарæзтой 2007 азы. Фестиваль аххæсдзæн 5-æм октябрмæ. Кæронбæттæны уыдзæн куыстыты равдыст.

Проекты саразæг у Пушкины номыл музейы регионалон хайад.

Æппæтадæмон фестиваль «Аланика»-йы архайы 28 нывгæнæджы Уæрæсе, Герман, Азербайджан æмæ Египетæй. Куыстытæ баст сты Цæгат Ирыстоны историон, культурон æмæ æрдзон бынтимæ.

Фестиваль «Аланика» ацы аз цæуы 14-æм хатт. Афæдзæй-афæдзмæ йæ арæнтæ уæрæхдæр кæнынц. Йæ руа-джы та фæзынынц ног курдиæтты нæмттæ æмæ ирд куыс-тытæ.

 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.